Бархионты змæлд: дохтыртæн — æххуыс

0
315

Акци «МахИумæ»-йы бархионты штаб бакодта радон куыст. Ацы хатт Ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпус «АФО æвзонгад», «Кавказы бархион» æмæ «Дохтыртæ-бархионтæ» æрбацыдысты Горæтгæрон районы рынчындоны дохтыртæн баххуыс кæнынмæ.

Рæхджы коронавирусæй рынчынты дзæбæх кæнын кæм райдайдзысты, уыцы медицинон кусæндоны  терапевтон хайадмæ бархионтæ бахастой хъæугæ дзаумæттæ æмæ ифтонггæрзтæ.

Айразмæ ацы хайады бæстыхай бындуронæй сцалцæг кодтой: электрон тыхуадзæн телтæ, канализацион системæ æмæ донуадзæн хæтæлтæ дзы  баивтой. Æппæт агъуыстытæ дæр нывылгонд æрцыдысты.

— Сыхаг бæстыхайæ терапевтон хайады бæстыхаймæ сынтæджытæ, скъаппытæ, стъолтæ æмæ бандæттæ æрбахастам æмæ сæ, кæм  æмбæлы, уым сæвæрдтам, — зæгъы регионалон командæ «АФО æвзонгад»-ы уæнг Иван Ляляев.

Акци «Дохтыртæн æххуыс»-ы фæткмæ гæсгæ, бархионты штаб «МахИумæ»-йы уæнгтæ амæй  размæ дæр медицинон кусджытæн цалдæр хатты баххуыс кодтой. Зæгъæм, Æрыдоны районы центрон рынчындоны хайæдтæй иуы цæмæй хъарм хæринаг дæттой, уымæн Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артуры æххуысæй бархионтæ фадæттæ сарæзтой, фæсивæды инновацион сфæлдыстады центр FabLab Alania æмæ сывæллæтты «Кванториум-15» технопарчы инженертимæ  та цæсгомæн æмбæлгæ чысыл уартытæй Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны медицинон кусджыты сифтонг кодтой.

 

БÆДТИАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here