Медицинон кусджыты ахуыртæ

0
292

Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы ахуыргæнæндоны клиникон рынчындоны ацыдысты  коронавирусæй сæйæг адæмы райсыны, медицинон уагæй сæ уарыны æмæ сæ дарддæр дзæбæх кæнынмæ æрвитыны фæдыл кæронбæттæн ахуыртæ.

Санитарон дæрддзæг æххæст кæнгæйæ,  ахуырты архайджытæ уæлдай фылдæр æргом аздæхтой низы ныхмæ индивидуалон æмæ коллективон хъахъхъæнынады мадзæлттæм.

Индивидуалон хъахъхъæнынады фæрæзтæй пайдагæнæг медицинон кусджытæ куысты фæтк куыд æххæст кæнынц, уый æрвылбон бæлвырд кæндзысты.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here