Гæрæнтæ фæлæмæгъдæр кæныны мадзæлттæ

0
260

Ног коронавирус парахат кæнынæн цы гæрæнтæ æвæрд уыдис, уыдон Цæгат Ирыстоны 1 июнæй фæлæмæгъдæр уыдзысты. Уыцы-иу рæстæг бæрзонд цæттæдзинады фæтк æмæ маскæтæ дарыны хъуыддаг хъæудзæн æххæст кæнын. Цавæр лæмæгъдзинæдтæн уыдзæн бынат эпидемиологон уавæры, уый тыххæй ныхас рауад, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав  кæй амыдта, уыцы æмбырды.

Къахдзæфгай, сабыргай-сабыргай  гæрæнтæ сисыны тыххæй ныхасы ма архайдтой Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Тыбылты Алан, иннæ бæрнон адæймæгтæ. Битарты Вячеслав фæсидт æмбырды архайджытæм, цæмæй сæ хъуыдытæ зæгъой, коронавирус парахат кæнын ма ‘руадзынæн дарддæр цавæр мадзæлтты фæрцы архайын хъæудзæн, уый тыххæй. Хъуыддаг у ахсджиаг, уымæн æмæ 1 июнæй фæцис РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хииппæрддзинады фæткы тыххæй Указы архайд.

«Кæд эпидемиологон уавæр бар радта, уæд цавæрдæр лæмæгъдзинæдтæ фæзындзæн республикæйы царды, фæлæ уæддæр бæрзонд цæттæдзинады фæтк нырма уыдзæн йæ тыхы. Нæ сæйрагдæр хæс — цæрджыты æнæниздзинад бахъахъхъæнын, фæлæ экономикæ æмæ социалон нывылдзинадыл дæр хъуамæ æнæрынцойæ архайæм. Æваст чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн кусыны бар раттын нæ бон нæма у, уымæн æмæ низ ногæй фæтынгдæр уыдзæн. Бæстон нæ ахъуыды кæнын хъæуы, фыццагдæр исынмæ кæцы гæрæнтæм бавналдзыстæм, ууыл», — бафиппайдта Битарты Вячеслав.

Куыд бацамыдта, афтæмæй гæрæнтæ фæлæмæгъдæр кæнын хъуамæ æнцой кæна маскæтæ дарыны фæтк æмæ «Роспотребнадзор»-ы æппæт домæнтыл. Тыбылты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Роспотребнадзор» лæмæгъдæр фæткмæ рахизынæн бацæттæ кодта сæрмагонд мадзæлттæ. Уый тыххæй та хъуамæ схизæм регионы эпидемиологон уавæр æвдисæг барæнтæм Нымад цæуы низ парахат кæныны коэффициент, рынчындæтты низджынтæн дихгонд сынтæджытæ куыд дзаг сты, цæрджытыл низ раиртасыны хъуыддаг куыд æххæссы, уый.

Æмбырды куыд райхъуыст, афтæмæй Цæгат Ирыстоны инфекци парахат кæныны коэффициенты бæрц (1-æй къаддæр), «Роспотребнадзор»-ы хатдзæгтæм гæсгæ, бар дæтты гæрæнтæ сисыны фыццаградон хъуыддæгтæн. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Цгъойты Светланæ та рæгъмæ рахаста, къабазæн ацы уавæрты куыд архайгæ у, уый пълан. Хъуамæ низджынты бæрц къаддæргæнгæ  цæуа, республикæйы санитарон-эпидемиологон уавæр ма фæкарздæр уа — уыдон сты сæйрагдæр барæнтæ.

Æмбырды ма фæбæрæг кодтой æндæр ахсджиаг фарстытæ дæр.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here