Ноджыдæр сыл бафтыд…

0
349

Коронавирусæй чи фæрынчын, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 51 адæймаджы.

Ахæм бæрæггæнæнтæ знон фехъусын кодта «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ.

«Коронавирус низæфтауæг кæмæ рабæрæг, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 51 адæймаджы. Афтæмæй сæ иумæйаг бæрц ныртæккæ у 2858 адæймаджы», — радзырдта управленийы пресс-службæйы минæвар.

Уымæй уæлдай, хииппæрддзинады фæткмæ гæсгæ чи архайы æмæ дохтырты цæстдарды бæрны чи ис, уыцы адæмы нымæц абоны онг у 1151. Дыууæ къуырийы дæргъы хииппæрддзинады фæтк чи æххæст кодта æмæ, низæфтауæг кæмæ нæ разынд, уыцы 6273 адæймаджы систой медицинон цæстдардæй.

Уымæй уæлдай, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг суткæйы дæргъы коронавирусæй рынчынтæй амард ноджыдæр ма 3 адæймаджы. Афтæмæй сæ иумæйаг нымæц ныртæккæ у 44.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here