«Хæдзарæй ма цæут», — сидынц алырдыгæй адæммæ. Хæцгæ низимæ тохы уый æппæты ахсджиагдæр мадзал у, фæлæ зæхкусæгæн, куыд медицинæйы кусджытæн, афтæ, æнцад бадæн нæй.
«Зæхмæ куыд базилай, афтæ дæ барæвдаудзæн», — зæгъынц Кировы районы хъæууонхæдзарадон кооператив «Де-Густо»-йы фæллойгæнджытæ. Дысфæлдæхтæй, æппæт санитарон домæнтæ æххæст кæнгæйæ, афойнадыл бакодтой сæ уалдзыгон куыстытæ, цæмæй нæ фынгтыл уа хæрзад дыргътæ æмæ халсартæ.
Къæвдаджын æмæ уазал скодтой уалдзæджы мæйтæ, уымæ гæсгæ хæмпæлгæрдæг хæрдмæ ныццавта. Дыргъдæттæн зианхæссæг сты, уымæн æмæ зæххæн цъирынц йæ уымæлад æмæ пайдайаг буаргъæдтæ. «Де-Густо»-йы кусджытæ хæмпæлгæрдæгимæ рагагъоммæ тох кæнын райдайынц. Таладоны цы дыргъ бæлæстæ ис, уыдоны алыварс сыгъдæг æмæ фæлмæн кæнынц.
Æрвылаз ацы хъæугæ куыст кæнынц афойнадыл, агротехникæйы æппæт домæнтæм гæсгæ, æмæ зæрдæрухс вæййынц сæ хъæздыг тыллæгæй. Гыццыл бæлæсты бын къухæй барувынц, дыргъдонмæ та сæрмагонд техникæйы æххуысæй гербицидтæ бахæссынц. «Хæмпæлгæрдæгимæ тохы бирæ фыдæбон ис, лæмбынæг æмæ афойнадыл куыст домы», — зæгъынц Де-Густо»-йы специалисттæ. Фæткъуытæ æмæ алтъамитæ, чылауитæ æмæ гуырдзиаг балтæй тагъд рæстæг саходæн дæр уыдзæн.
Нæ уацхæссæг














