Мыхуыры рацыд аивадон-литературон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Ирæф»-ы 2-æм номыр. Йæ редакцийы кусджытæ, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр зæрдиагæй бацархайдтой, журналкæсджытæн циндзинад чи æрхæсса, ахæм æрмæджытæ бацæттæ кæныныл. Се ‘ппæт дæр баст сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы бæрæгбонимæ.
Номыр байгом Скъодтаты Эльбрусы уацæй «Æрдзæ, адæймаг, тугъд æмæ Уæлахез…» Æргом дзы кæны йæ хъуыдытæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизæн адæмы нырыккон царды дæр цы стыр ахадындзинад ис, уый тыххæй. Уый фæстæ та дзы бакæсдзыстут зындгонд советон поэт Василий Лебедев-Кумачы æмдзæвгæ-зарæджы ныхæстæ «Священная война» дыгуронау æмæ уырыссагау, стæй Эльбрусæн йæхи фыст æмдзæвгæ «Уæлахези хонх» æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты зынгхустыты номарæн кадæг «Кудтита дæ…»-йæ скъуыддзаг.
Прозæ æмæ поэзийы хайы журнал мыхуыр кæны зындгонд фыссæг, поэт æмæ литературæиртасæг Хъазыбегты Хъазыбеджы роман «Стъалутæ нæ баминæг æнцæ»-йæ скъуыддзаг, стæй, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны æмæ нырыккон поэтты хæсты тыххæй фыст æмдзæвгæтæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи хæцыд, уыцы ирыстойнаг фырттæй иу уыд Хъараты Мæхæмæт. Йæ царды æмæ йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй цымыдисаг уацау «Хъараты Мæхæмæты схъуæхтдзийнадæ» ныффыста ЦИПУ-йы Президент, зындгонд ахуыргонд, фыссæг æмæ публицист Мæхæмæтты Ахуырбег.
Зындгонд драматург æмæ театралон аивады зæрингуырд Темыраты Давид йæ рæстæджы ныффыста драмæ «Уонæн ферохгæнæн нæййес». Æмæ дзы ссардта цыколайаг æвзонг хъæбатыр лæппутæ Гасанты Ханафийы æмæ Омарбийы рухс нæмттæ. Уацмыс ист æрцыд Давиды архивæй æмæ журналы тематикон номыры мыхуыргонд цæуы фыццаг хатт.
Журнал «Ирæф»-ы ма бакæсдзыстут, Ирыстоны фырттæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты лæгдзинад чи равдыста, уыцы удвидар хæстонты тыххæй ахуыргæндтæ Муриты Дадойы, Батырты Уырысбийы, фæллойы ветеран Габолаты Оляйы, журналист Амилаханты Хизиры, Золойты Аланы, Уадаты Сулейманы, поэттæ Хохойты Энверы æмæ Колыты Виталийы очерктæ.
Уыдонæй уæлдай ма журналы бакæсæн ис æндæр цымыдисаг æрмæджытæ.
АНВАРАТЫ Валери














