Æрдз диссаг у!

0
595

Æнахуыр рæсугъд рукъаг райсом. Хъом хизыны рад мæнмæ æрхаудта, раджыгомау сыстадтæн æмæ мæхи арæвдз кодтон. Мæ ахызт кæртмæ æмæ сæуæхсиды фæзынд баиу сты æмæ мын мæ разæй фæкодтой дыууæ хъæуы стурты. Хъуамæ сæ фæсрагъмæ сæрвæтмæ хизынмæ аскъæрдтаин. Цалынмæ хуры тын хæхтыл нæма андзæвыди, уæдмæ — хорз. Тæвды хъом дзынгатæй тыхсын райдайынц æмæ зын аскъæрæн вæййынц…

Какæтты сæрмæ нæ бирæ нал хъуыд, афтæмæй иу рæсугъд бæрз бæласæй цъиу цыдæр дæргъвæтин рæсугъд хъæлæсæй базарыд. Йæ зард мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ  афæзмыдтон. Нæ зард æмхуызон рауад, æмæ та  цъиу  ногæй базарыд. Æрбадтæн бæласы бын, æмæ нын зард бацайдагъ; куы — æз, куы — уый, куы — иумæ, афтæмæй афæстиат дæн, хъомтæ дæр мæ æрбайрох сты. Цъиу мæм хæстæгдæр къалиумæ æртахт, комкоммæ мæм кæсы, йæхимидæг къалиуыл тымбыл зилы, тынг зæрдиагæй цъыбар-цъыбур кæны, æз æй сфæзмын, æмæ та уый дæр базары. Æвæццæгæн, дзурын куы зыдтаид, уæд изæрмæ фæныхас кодтаиккам.

Уалынмæ мæ фарсмæ нæ æрмахуыр урсдзых гал æрбалæууыд, æмæ мæм комкоммæ кæсы, куыд зарын дзибаимæ иумæ… Галы хизын тынг фæндыд, какæтты ‘хсæн кæрдæг нæ уыд. Хур дæр уайтагъд хохыл андзæвыд, хъомтæ дзынгатæй тыхстысты, æмæ мын се скъæрын фæзын, чи дзы хъæды ‘рдæм лыгъди, чи та — хъæуы ‘рдæм. Цъиуы ма зарын фæндыди, фæлæ фескъуыди нæ зарæг…

Хъомтæ ныххæлиу сты, æмæ ма сæ удисгæйæ схæццæ кодтон рагъмæ. Мæ цæст куы ахастон уыцы рæсугъд кæмттыл, уæд мæ фæллад æрбайсæфт. Хъомтæ зыдæй цъæх нæууыл хизын райдыдтой. Уыгæрдæнтæ та бынтон рæсугъд уыдысты. Галвæндагыл мæхи фæцæуæг кодтон комы ‘рдæм. Дзоныгътыл мæкъуылтæ  уыцы фæндагыл ластой рагъмæ. Урсдзых гал та дæлвæндагæй мæ цурмæ схызт æмæ йæхи мемæ фæцæуæг кодта, зыдта йæ, комы уазал суадон ис, æмæ дзы нæ дыууæйы дæр хъуыдис…

 

ПЛИТЫ Ленæ,

пенсиисæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here