Ахадгæ мадзæлттæй архайынц

0
535

Коронавирусæй рынчынтæн æвæстиатæй медицинон æххуыс цæуы æрвылбон дæр ахадгæ хуызы. Цæмæй хæцгæниз дарддæр ма хæлиу кæна, уый тыххæй арæзт æрцыдысты санитарон-эпидемиологон мадзæлттæ дæр.

Республикон сæйраг рынчындæттæй фæстæмæ  Ирыстоны æппæт районты поликлиникæтæн сæ куыст ацы рæстæг уæлдай бæрнондæр æмæ ахсджиагдæр у. Сæ цæст дарынц, коронавирусæй рынчынтæй хæдзары, амбулаторон уавæрты чи дзæбæх кæны, уыдонмæ.

Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйæн æххуыс кæнын райдыдтой бархионтæ «Адæмон фронтæй». Уый тыххæй фехъусын кодта сæйраг дохтыр Гæлæуты Иринæ. Куыд радзырдта, афтæмæй сæ куыст  ног  фæткы бындурыл арæзт цæуы.

— Мах дæр, куыд иннæ поликлиникæтæ, афтæ архайæм хæцгæ низы ныхмæ. Æххæст кæнæм æппæт домæнтæ дæр, нæ республикæйы Сæргълæууæг нын куыд бафæдзæхста, афтæ. Коронавирусæй рынчынтæн медицинон æххуысы архайд сæрмагонд схемæмæ гæсгæ сарæзтам, — радзырдта сæйраг дохтыр.

Фыццаг къорды ис, ОРВИ, пневмонийæ чи нæу рынчын, ахæм адæймæгтæ. Уыдоны дзæбæх кæныны мадзал у бирæ æнцондæр. Дыккаг къордмæ хаст цæуынц, 60 азы онг пневмонийæ æмæ æндæр низтимæ рынчынтæ. Æртыккаг къорды та сты пневмонийæ рынчынтæ, 60 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм адæймæгтæ.

— Нæ хæс у, амбулаторон уавæрты чи дзæбæх кæны йæхи, уыдонæн афоныл хостæ дæттын æмæ уколтæ кæнын. Кусæм æхсæвæй-бонæй. Дохтыр ацæуы рынчынмæ æмæ йын йæ уавæрмæ гæсгæ сбæрæг кæны йæ низыхатт. Рынчын хъуамæ æнæмæнг скæна компьютерон томографи. Тагъд æххуысы машинæ аласы рынчынты рæуджыты уавæр сбæрæг кæнынмæ. Амынд цæуынц лабораторон мадзæлттæ, стæй, вирусы ныхмæ æмæ пневмонийæ дзæбæх кæныны препараттæ. Хостæ æрвылбон дæр хæццæ кæнæм рынчынтæм.

Ивгъуыд къуыри хъæугæ хостæй сифтонг кодтам 201 рынчыны, ацы дыууæ боны та — 67 рынчыны. Æппæт рынчынты уавæрмæ сæ цæст дарынц терапевттæ. Дохтыртæ кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ æрбаздæхтам бархионты дæр. Уыдоны руаджы æппæт рынчынтæм дæр афойнадыл хостæ хæццæ кæнынц.

Мæскуыйæ нæм æрцыдысты дохтыртæ æмæ æрзылдысты рынчындæттыл. Æркастысты, цы уавæрты æмæ куыд дзæбæх кæнæм коронавирусæй рынчынты. Æмбæлдысты ирыстойнаг дохтыртимæ, амыдтой нын сæ фæлтæрддзинад. Уыцы амынддзинæдтæ махæн стыр ахъаз сты хæцгæ низы ныхмæ тохы æмæ рынчынты фæстæмæ нывыл цардмæ раздахыны куысты, æмæ сын зæгъын бузныг, — дзырдта Гæлæуты Иринæ.

 

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here