Июл у афæдзы æппæтæй æнтæфдæр мæй. 22 июнæй, сырдыгон хурхæтæны бонтæй фæстæмæ, хур аздæхы зымæгмæ, сæрд та — тæвдмæ. Хуры цыд фæцыбыр вæййы, боныхъæд та тæвдæй-тæвддæр фæкæны. Уый хауы нæ республикæмæ дæр.
Арæх июлы республикæйы хохрæбын районты уæлдæфы рæстæмбис температурæ вæййы 20-21 градусы, быдыры районты та — 24 градусы хъарм. Ростовы гидрометцентры рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы аз Цæгат Кавказы федералон зылды уæлдæфы температурæ уыдзæн нормæйæ уæлдæр. Æхсæвы уæлдæфы температурæ æрхæццæ уыдзæн хъармы 14-22 градусмæ, бонæй та уæлдæф схъарм уыдзæн 24-30 градусы (иуæй-иу бонты — 35-38 градусы) онг.
Бирæазон цæстдарды бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, уымæ гæсгæ, æппæты уазалдæр июл уыд 1985 азы (уæлдæфы температурæ уыд æрмæст 14 градусы хъарм), æппæтæй хъармдæр июл — 24 градусы — та уыд 2000 азы.
Июлы республикæйы хохрæбын районты мæймæ рауары 110-114 миллиметры, быдыры районты та — 40-45 миллиметры. Ацы аз дæр рауардзæн нормæмæ ‘ввахс кæнæ та къаддæр. Хатгай æрцæудзæн тæрккъæвдатæ æрв-нæрдимæ, хицæн бонты та уардзæн их уаддымгæимæ.
Светланæ СУХОВА,
инженер-синоптик














