«Алани» цæттæ у чемпионатмæ

0
540

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» йæхи цæттæ кæны 2020-2021 азты чемпионатмæ.

Нæ командæйы разамонджыты уырны, ацы аз чи райдайдзæн, уыцы чемпионаты «Алани» Уæрæсейы 1-аг къорды командæтимæ кæй ерыс кæндзæн, уый.

Цæмæй уыцы фæндон сæххæст уа, уый тыххæй «Алани»-йы разамонджытæ сæххæст кодтой Уæрæсейы футболон иугонды æххæсткомы домæнтæ. Ныр ма каст цæуы, 15 июлы уыцы æххæстком цавæр фæнд рахæсдзæн, уымæ.

Нæ командæ 1-аг къорды чемпионаты хъазынмæ цæттæ кæй у, уый бирæты уырны, æмæ уымæн ис бындур.

Æрæджы нæ командæ дыууæ къуырийы дæргъы йæхи цæттæ кодта Железноводскы. Уым нæ лæппутæ Гогниты Спартачы разамындæй тынг зæрдиагæй куыстой сæ цæттæдзинад æмбæлгæ æмвæзадмæ сисыныл.

Кæй зæгьын æй хъæуы, хæцгæ низы азарæй дæргъвæтин рæстæг футболисттæн сæхи æмбæлгæ уавæрты цæттæ кæнынæн амал нæ уыд. Уый сæ тынг бахъыгдардта, æмæ сæ ныр сæхиуыл кусын бахъуыд уæлдай зæрдиагдæрæй.

Железноводскы ахуырты рæстæг «Алани» акодта дыууæ æмбаладон-контролон хъазты. Нæ футболистты ныхмæлæуджытæ уыдысты «Биолог-Новокубанск» æмæ Стъараполы «Динамо». «Алани» дыууæ фембæлды дæр уыди зынгæ сæрæндæр йæ ныхмæлæуджытæй æмæ сыл фæуæлахиз. «Биолог-Новокубанск»-ы «Алани» рамбылдта 2:0 хыгъдæй. Голтæ бакъуырдтой Хъоцыты Хетæг æмæ Гуырцъыты Батрадз. Ацы хъазты сæхи тынг сæрæнæй равдыстой: Хæдарцаты Батрадз, Бутта Магомедов, Ислам Машуков, Гуырцъыты Батрадз æмæ Хъоцыты Хетæг.

Стъараполы    «Динамо»-имæ хъазыдысты æндæр футболисттæ, фæлæ уыдон дæр сæхи равдыстой хъомысджынæй. «Алани» фæуæлахиз 4:1 хыгъдæй. Нæ командæйæ фесгуыхтысты Багаты Алан (уый бакъуырдта фыццаг гол) æмæ Артур Малоян (уый та бакъуырдта æртæ голы).

Железноводскы цæттæгæнæн æмбырды фæстæ нæ футболисттæ фондз боны фесты Дзæуджыхъæуы æмæ та 10 июлы абалц кодтой ног цæттæгæнæн æмбырдтæм Сочимæ. Ацы æмбырдтæ цæудзысты  10-25 июлы. Ахуыртæй уæлдай ма уыцы рæстæг Сочийы арæзт æрцæудзæн футболон турнир, æмæ нæ командæ фæнд кæны уым архайын дæр.

Уæдмæ æнæмæнг хъуамæ сбæрæг уа, «Алани» йæ ног чемпионат кæцы къорды райдайдзæн, уый дæр.

Уырны нæ, ацы хатт нæ уарзон командæ 1-аг къорды (РПЛ-ы) командæты номхыгъдмæ хаст кæй æрцæудзæн, уый.

 

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here