Æнусты дæргъы æхсæрдзæны зард, уæрдоны хъинц æмæ фæрæты къупп йедтæмæ Хъобангомæй никуы ницы райхъуыст. Хохаг тызмæг æрдз адæмы бахсыста, иу бинонтæй цардысты, циндзинад æмæ зындзинад сæ иу кодта. Фыдæлтæ нал сты, фæлæ сæ ном, сæ царды хабæрттæ хъуамæ мах зонæм æмæ сæ нæ кæстæртæн дæр ныууадзæм.
Нæ дарддæры ныхас уыдзæн Джызæлдоны ГЭС-ы арæзтады тыххæй, цы фыдæбæттæ фæкодтой адæм, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг куыд бахъахъхъæдтой электрон станцæ…
Пурты æхсæрдзæныл ГЭС саразыны хъæппæрис æппæты разæй фæзынд Дæргъæвсы цæрæг Баймæтаты Цыппумæ. Хуымæтæг, æнахуыргонд хохаг лæг уыцы хъуыддагмæ рагæй бæллыдис, зыдта хæххон дæтты ахаст, йæхи чысыл æрмадзы сарæзта проекттæ, хицауадæй куырдта, цæмæй ГЭС Джызæлдоныл саразой. Къæхтысæры рæбыны арæзтадон куыстытæ куы райдыдтой, уæд уырыссаг инженертæ Цыппуйы амындтæм тынг хъуыстой.
1922 азы 22 декабры Мæскуыйы Стыр театры уыдис Советты Æппæтцæдисон æстæм съезд, уырдæм æрæмбырд сты æппæт Советон Цæдисæй делегаттæ. Сценæйы æмбæрзæн куы байгом ис, уæд адæм федтой — стыр картæйыл сыгъдысты электрон цырæгътæ æмæ æвдыстой, ГОЭЛРО-йы пъланмæ гæсгæ Советон Цæдисы цал электрон станцæйы арæзт æрцæудзæн фыццаг фондзазоны, уый. Делегатты базонгæ кодтой ГОЭЛРО-йы программæимæ. Хъуамæ арæзт æрцыдаиккой, картæйыл цы дæс станцæйы цæхæр калдтой, уыдон, стæй ма ноджы цалдæр хæххон чысыл электростанцæйы. Съезды раныхас кодта В.И. Ленин æмæ бафиппайдта, æвзонг паддзахады райрæзты электрификаци бæрнон бынат кæй ахсы, уый.
1923-1924 азты Ирыстонмæ ссыд экспертон къамистæ, бынæттон разамындимæ-иу æрзылдысты хæхбæстыл. Иумæ бауынаффæ кодтой Горæтгæрон районы Хъобанмæ хæстæг Джызæлдоныл ГЭС саразыныл.
1925 азы арæзт æрцыдис Джызæлдоны станцæйы проект. Станцæйы тых, проект аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ уыдаид 22500 квтч, йæ саразыны аргъ та — 11, 2 милуан сомы бæрц.
1927 азы 13 сентябры Советон Уæрæсейы электрификацийы паддзахадон пълан (ГОЭЛРО)-мæ гæсгæ аразын райдыдтой электрон-тыхдæттæн станцæ Къæхтысæры рæбыны.
Хистæртæ куыд дзурынц, афтæмæй Джызæлдоны ГЭС-ы аразджытæ тынг бирæ уыдысты: канд хæстæг хъæутæй нæ, фæлæ æгас Кавказæй, Уæрæсейы алы рæттæй, суанг ма Украинæйæ дæр. Се ‘хсæн уыд хъуыстгонд инженертæ æмæ ахуыргæндтæ дæр. Техникæ нæ фаг кодта, фылдæр адæм уæхскуæзæй куыстой. Къæдзæхтæ, дуртæ пырх кодтой дзæбугæй, киркæйæ. Æрмæст фæндаджы арæзтады 1928 азы куыста 470 адæймаджы бæрц. Фæлæ станцæмæ кусынмæ се ‘ппæты нæ истой, æрмæстдæр ас æмæ хъару кæмæ уыдис, уыдоны. Бирæ уыдысты ГЭС аразджытæ, алчидæр сæ у хицæн ныхасы аккаг. Уыдонимæ, Украинæйæ цы сылгоймæгты сæрмагонд бригад ссыд, уый дæр.
ГЭС-ы арæзтады сылгоймаг цы хъуамæ куса, бадис кæндзыстут сымах. Фæлæ украинаг рæсугъд чызджытæ разæнгард уыдысты Æппæтцæдисон фæскомцæдисон сидтæй. Куыст дæр сын ссардтой: бетонзмæнтджытæн дон хъарм кодтой, змис луæрстой, кусджытæн хæринаг кодтой, куыстой гæрзтæхсæны. Изæрыгæтты та-иу хъазтизæртæ сарæзтой, дардмæ хъуыстысты зæрдæмæхъаргæ украинаг зарджытæ. Уыцы сæрæн чызджытæй бирæтæ сæ амонд Ирыстоны ссардтой. Фæсивæд кæм уа, уым уарзондзинадæн дæр æнæуæвгæ нæй.
Уæдæ цы радта, авд азы кæй арæзтой, уыцы электрон станцæ Хъобаны æмæ Ирыстоны цæрджытæн? Фыццаджыдæр, ныррухс кодта хæдзæрттæ, дыккаджы, адæмæн фæзынд куысты бынæттæ, бирæтæн фадат фæцис ахуыры уæрæх фæндагмæ рацæуынæн, фæхуыздæр сты хъæууон царды уавæртæ, сарæзтой сын дуканитæ, афтек, хæрæндон, дзулфыцæн, абана, гæрзтæхсæн, астæуккаг скъола, фæсивæд зонгæ кодтой алы адæмыхæттыты культурæимæ, хъæумæ уагъд æрцыд радио, телыхъæдыл сауыгътой стыр репродуктор æмæ йæм адæм æхсызгонæй хъуыстой…
— Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта! — райхъуыст уæззау хабар репродукторæй, адæмы сабыр цард æрбайхæлд. Джызæлдоны станцæ адæмон хæдзарадæн афтæ ахсджиаг уыдис, æмæ кусджытæй цалдæры хæстмæ цæуынæй суæгъд кодтой.
40-æм азты Джызæлдоны станцæ электрон тыхæй æфсæста канд Орджоникидзе нæ, фæлæ ма бынæттон заводтæ æмæ Грознайы нефтгуырæнтæ дæр. Фашисттæ æппæт хъарутæй дæр архайдтой ГЭС-ы куыст бауромыныл, республикæйы промышленносты цардхъомдзинад фесафын, афтæмæй фронт æнæ хæцæн æрмæджытæй ныууадзын. Фæлæ сын нæ бантыст, уый та уымæн, æмæ станцæ уыд хохрæбын. Бынæттон цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ та, ГЭС знаггадæй бахъахъхъæдтой, йæ алыварс цы кувæндæттæ ис, уыдон.
— Хæст Кавказмæ куы сцæйхæццæ кодта, уæд тæссаг уыдис Джызæлдоны ГЭС-æн дæр. Сталины бардзырдмæ гæсгæ, нæ станцæйы дыууæ турбинæйы ласт æрцыдысты Астæуккаг Азимæ. Иунæг ма дзы ныууагътой кусгæйæ. Уый лæвæрдта электрон тых хæстæгдæр заводтæ æмæ фабриктæм. Куыстам æхсæвæй-бонæй. Хæдзармæ нæ цыдыстæм, нæ фæллад уагътам радыгай, фæйнæ дыууæ сахаты. Немыцаг хæдтæхджытæ ГЭС-ыл бомбæтæ æрæппæрстой. Дыууæ дзы станцæйы кæртмæ æрхаудтой, срæмыгътой, фæлæ бæстыхайæн ницы фыдбылыз æрхастой. Бомбæтæй иу та æрхаудта донмæ. Уый куы срæмыгътаид, уæд махæй, стæй станцæйæ ницыуал баззадаид. Уыцы бомбæ 1958 азы онг зæххы фæцис, стæй йæ скъахтой æмæ йæ фехæлдтой, — дзырдта-иу йæ мысинæгты Джызæлдоны ГЭС-ы арæзтады кусæг Дзуццаты Уæхæн.
Немыцаг æфсæдтæ Ирыстоны ныхкъуырд куы райстой, Сырх Æфсад сæ Кавказæй куы фæсырдта, уæд турбинæтæ фæстæмæ ласын райдыдтой Джызæлдоны электрон станцæмæ. Турбинæтæ æмæ генератор Хъобанмæ баласыны тыхæй ГЭС-ы кусджытæ релсытыл платформæ сарæзтой. Фæлæ уыдон афтæ уæззау уыдысты (æрмæст генераторы уæз уыд 36 тоннæйы), æмæ-иу релсытæ арæх ивын бахъуыд.
Дæс бонмæ кусджытæ генератор Джызæлдоны станцæмæ баластой.
Хæсты фæстæ Джызæлдоны ГЭС йæ раздæры тыхтæй ногæй скуыста. Уæдæй абонмæ, 86 азы, лæггад кæны адæмæн, Уæрæсейы æмæ Цæгат Кавказы доныл кусгæ электрон станцæты ‘хсæн нымад у æппæты рагондæрыл. Йæ ифтонггæрзтæй бирæтæ уагъд æрцыдысты æнусы размæ. Станцæ æнæкъуылымпыйæ, сахаты хуызæн кусы, хæрзхъæд электрон тыхæй æфсады республикæйы фæзуæттæн йæ 20 проценты. Цалынмæ 2020 азы Зæрæмæджы ГЭС не скуыста, уæдмæ нымад уыд æппæты тыхджындæрыл. 56,9 милуан килоВатт сахаты — рæстæмбисæй афæдзмæ уыйбæрц электрон тых радтынц доны турбинæтæ.
Джызæлдоны ГЭС ис Уæрæсейы егъау энергетикон компани «РусГидро»-йы дæлбар. «РусГидро»-йы архайдæй 2017 азы ногæй рацарæзтой станцæйы донæмбырдгæнæнтæ. Æппæт цалцæггæнæн куыстытæ та фæуыдзысты 2025 азмæ.
Ирыстоны кæстæр фæлтæртæй абон бирæтæ кусынц уыцы куыстуаты сæ фыдæлты бынæтты, æмæ сæ рох нæу, рухс цард Джызæлдоны ГЭС-ы фæрцы кæй федтам, уый.
ГУГКАТЫ Жаннæ














