“Рæстдзинад” — 2020 азы дыккаг æмбисæн

0
253

Зындгонд куыд у, афтæмæй ныридæгæн ахицæн 2020 азы дыккаг æмбисæн газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны кампани. Нæ ирон газеты иузæрдион кæсджыты фылдæр хай рагагъоммæ батыхстысты æмæ афойнадыл рафыстой сæ уарзон «Рæстдзинад».

Уыимæ, алы аххосæгтæм гæсгæ алкæй къухы нæ бафтыд газет рафыссын. Уыдонæн сæ зæрдыл лæууын кæнæм, газет июлы дæр рафыссæн кæй ис, уый. 20 июлы онг посты бастдзинадмæ чи бацæуа æмæ газет чи рафысса, уыдон æй исын райдайдзысты 1 августы. Газет 5 мæйæн рафыссыны аргъ у 898 сомы æмæ 73 капеччы (адæмы льготон категоритæн — 737 сомы æмæ 31 капеччы).

Нæ зынаргъ газеткæсджытæ, уæ хорзæхæй, ногæй та æрбалæуут «Рæстдзинад»-ы фарсмæ æмæ йæ рафыссут!

Махæй цы аразгæ уа, ууыл дæр зæрдиагæй архайдзыстæм — кусдзыстæм, цæмæй газеты мыхуыргонд æрмæджытæ уой мидисджындæр, зæрдæмæдзæугæдæр, цæмæй газеткæсджыты фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæн уæрæхдæр фæндаг уа газеты фæрстæм.

Нæ зæрдæ дарæм, нæ бастдзинæдтæ æнгомдæр кæй уыдзысты, ууыл.

Редакци

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here