Цæрæнуæттæ æмæ компенсацитæ

0
369

Фатертæ саразынæн æхца хайгай чи радта æмæ кæй асайдтой, уыцы адæмæн ацы аз инвесторты хардзæй арæзт æрцæудзæн æртæ хæдзары.

Æртын дыууæ фатеры кæм ис, уыцы фыццаг фарастуæладзыгон хæдзар ис Плийы-фырты уынджы, дыккаг — æртынфондзфатерон хæдзар та — Шегрены уынджы. Ныртæккæ ам æххæст кæнынц аивгæнæн куыстытæ, аст уæладзыджы кæм ис, уыцы æртыккаг сæдæхсайфатерон хæдзар та ис Хæдарцы-фырты æмæ Уалдзыгон уынгты тигъыл. Дзæуджыхъæуы 31-32-æм микрорайоны саразинаг бирæуæладзыгон хæдзары фатертæ райсынмæ чи хъавыд æмæ сайд кæуыл æрцыд,уыцы адæмæн та ратдзысты æхцайы компенсацитæ.  Компенсацитæ бафиддзысты цæрæнуаты квадратон метры ныры базарадон аргъмæ гæсгæ (1 квадратон метры аргъ — 35 мин сомы).

Коронавирус хæлиу кæнынæй бахизыны фæдыл Уæрæсейы Хицауад кæй сфидар кодта, уыцы мадзæлтты рæстæг (ома, ацы аз 18 майæ фæстæмæ) банк-агент «Банк  ДОМ.РФ» æмæ цæрæнуат хайгай аразæг адæмы  барты хъахъхъæнынады фонд  сайды бынаты баззайæг адæмæн дæттынц компенсацитæ райсыны тыххæй  куырдиæттæ дæрддзæгмæ  барвытыны фадат.

 

РЦИ-Аланийы Арæзтад

æмæ архитектурæйы

 министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here