Сæрды ралæудимæ, стæй сæвзæргæ эпидемиологон уавæр хуыздæрæрдæм куыд ивы, афтæ къаддæргæнгæ цæуынц карантины мадзæлттæ, фæрогдæр хииппæрддзинады фæтк дæр. Æнтæф боныхъæд дæр адæмы амидин кæны, цæмæй арæхæй-арæхдæр цæуой æрдзы хъæбысмæ, æндæр фæлладуадзæн бынæттæм.
Туристон æмæ альпинистон фæндæгтæ нын маст нæ, фæлæ æдзухдæр æхсызгондзинад цæмæй хæссой, уый тыххæй Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управлени махæн фæдзæхсы хæхбæсты нæхи куыд хъуамæ дарæм æмæ хъахъхъæнæм, уыдæтты фæдыл бæлвырд амынддзинæдтæ:
— фыццаджыдæр, туристон кæнæ альпинистон къорд æнæмæнг хыгъд æрцæуа министрады агурæн-ирвæзынгæнæн къорды, уым бæрæггæнæнтæ райса æрдзон цæлхдурты, æмæ балцы рæстæг цавæр боныхъæд уыдзæн, уыдæтты тыххæй, стæй базона æввахсдæр цæрæн бынæттæ æмæ бæрæггæнæг-ирвæзынгæнæг къордтæ кæцырæтты сты, сæ адристæ æмæ телефонтæ. Къорды хæс у ирвæзынгæнæг къордтæн фехъусын кæнын, кæд раздæхдзысты, уый, æмæ йæ архайджыты сконды æмæ нысангонд маршруты тыххæй сæйраг бæрæггæнæнтæ;
— хæхбæстæм цæуæн нæй иунæгæй, уый у тынг тæссаг. Хатгай æвзæр рæстæджы хæхты аирвæзыны гæнæнтæ вæййынц дыууæйыл;
— хæххон маршрутыл ацæуыны агъоммæ æмбæлттимæ базонын хъæуы, бæлцæттæй йæ туджы æлхъывдад æвзæр кæй никæмæн у, стæй зæрдæйы низтæ кæй никæй хъыгдарынц, уыдæттæ. Гæнæн æмæ амалæй дæм æдзухдæр хъуамæ уа медицинон аптечкæ;
— кæд уæ тынг фæнды фыццаг хатт хæххон маршрутыл ацæуын, фæлæ гæнæн нæй фæлтæрдджын туристтимæ баиу уæвынæн, уæд бацагурут профессионалон гиды, уый бон бауыдзæн дæу диссаджы къахвæндæгтыл фæхонын æмæ дын фæдзурдзæн, уæ фæндагыл цæуылдæриддæр фембæлат, уыдонæн се ‘ппæты тыххæй;
— кæд уемæ ахонат сывæллæтты, уæлдайдæр æввахсдæр хиуæтты, уæд хъуыды кæнут, цы стыр бæрнондзинад сæвæрдтат канд уæхиуыл нæ, фæлæ ма сæ ныййарджыты размæ дæр, ууыл;
— цырен æртытæн, физонджытæ æмæ «хъæбæрæй» нуазынæн хæхбæстимæ иумæйагæй ницы ис. Фæуадзут ацы хъæлдзæгдзинад, куы раздæхат, уæдмæ;
— маршрутыл ацæуыны агъоммæ сбæрæг кæнут боныхъæды уавæр, иугæр боныхъæд февзæрдæр, уæд æрхизут дæлæмæ, уæлæмæ цæуын та нæ хъæуы. Кæд банкъардтат тæрккъæвда ныккалдта, уый, уæд тагъддæр цæут дæлвæзмæ, æмæ уæ зæрдыл дарут, иунæгæй лæууæг уымæл бæлас йæхимæ арвы цæф кæй здахы, уый;
— хæххон маршрутыл уæвгæйæ, уæ хъус дарут фæндаджы уавæрмæ æмæ кæсут уæ къæхты бынмæ, уæлдайдæр къæвдайы фæстæ;
— хæхбæсты цæуын хъæуы зындгонд къахвæндæгтыл, æнæнхъæлæджы цаутæ агурын нæ хъæуы, уæлдайдæр хъæддаг сырдтимæ фембæлдтытæ. Ма фæлварут, туристы къах кæм нæма æрлæууыд, уыцы бынæтты цæуыныл, цæмæй æнæзакъон цуанæттæ кæй сæвæрдтой, ахæм къæппæджы ма бахауат;
— хæхтæм цæугæйæ, фыццаг маршрут пълан кæнут, хæххон бæрзæндтæ къаддæр кæм уа, ахæм хæхбæстæ фенын. Равзарут æй уæ фæлтæрддзинад æмæ уæ уæлæдарæсмæ гæсгæ, æмæ ма архайут æппæтдæр уыцы иу хатт феныныл. Æввахсдæр бонты гæнæн фæуыдзæн уæ архайд фæтыхджындæр кæнынæн æмæ уæд базонгæ уыдзыстут, фæстæдæрмæ кæй æргъæвтат, уыцы диссæгтимæ;
— ма уæ бафæндæд, суанг сæрды кæронмæ дæр чи фæлæууы, ахæм митджын бæрзæндты бырын, уæ хуыз сисын, стæй митджын хидтыл цæуын;
— æнæ искæй æххуысæй хизæн нæй дурты рæдзæгъдтæ æмæ къæдзæхтæм. Уый æдас нæу, тæссаг у фæбырынæй;
— æхсæвиуат кæнæн нæй хæхты бæрзæндты, æнæнхъæлæджы цауы рæстæг уырдыгæй зын вæййы дæлæмæ æрхизын.
Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управлени туристон къордтæ æмæ хицæн туристтæн фæдзæхсы, цæмæй сæ маршруттæ хыгъды æвæрой Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады территорион дæлхайæдты.
Ирвæзынгæнджытæ уын ратдзысты æппæт хъæугæ æмæ бæлвырд амынддзинæдтæ маршрутты тæссаг дæр бынæтты тыххæй, радзурдзысты, цы маршруттыл цæудзыстут, уыцы районы цавæр гидро æмæ метеоуавæртæ вæййы, бацамондзысты уын маршрутыл æдасæй куыд ацæуæн ис, сбæрæг кæндзысты бастдзинады фæрæзтæ, маршрутон документтæ, хойраджы продукттæ, медикаменттæ æмæ æндæртæ.
Рох кæнын нæ хъæуы уый дæр, æмæ маршрутыл цæуæг къорд æнæнхъæлæджы уавæрты куы бахауа, уæд туристон организациты (къорды разамонджыты) хæс у хъыгдардбаййафджыты аирвæзын кæныны тыххæй сæхи хъарутæй хъæугæ мадзæлттæ саразын æмæ æввахсдæр агурæн-ирвæзынгæнæг къордмæ фехъусын кæнын. Уымæй уæлдай, къорд маршрутæй рацæуыны фæстæ, фæлæ мадзал фæуыны æмгъуыдæй фæстæдæр куыд нæ уа, афтæ къорды разамонæг ацы цауы тыххæй хъуамæ фехъусын кæна, къорд хыгъды æвæрд кæм æрцыд, уыцы бынатмæ.
Туристтæ хыгъды æвæрд цæуынц Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны агурæн-ирвæзынгæнæг къорды базæйы. Бæлвырд хабæрттæ базонæн ис ахæм телефонæй: 8 (8672) 40-54-47. Уымæй уæлдай, туристон æмæ альпинистон маршрутты тыххæй æппæт хабæрттæ базонæн ис ахæм телефонтæй дæр: «101» æмæ «112».
Кæд сымах бахаудыстут æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ уæ сыгъдхуыссынгæнджыты, кæнæ ирвæзынгæнджыты æххуыс хъæуы, уæд æвæстиаты службæтимæ баныхас кæныны тыххæй чырæг телефонæй фæдзурæн ис иугонд номырæй «112», «101», стационарæй та — «01».
Юлия СТАРЧЕНКО














