Ацы азы 22-23 сентябры Дзæуджыхъæуы ацæудзæн фестивал «Цæгат Кавказы æрыгон поэттæн æргом микрофон».
Цæгат Кавказы федералон зылдæй 16—35-аздзыд поэттæн уыдзæн хи фыст уацмыстимæ фестивалы архайыны бар.
Æвзарæн хæйтты бæрæггæнæнтæм гæсгæ федералон зылды æппæт субъекттæй фестивалы архайынæн равзардзысты 50 адæймаджы. Фестивалы архайынмæ кандидатты сфæлдыстадон гæнæнтæн аргъ скæнынæн æрбахондзысты зындгонд цæгаткавказаг прозаикты, поэтты, критиктæ æмæ литературон журналты редакциты минæвæртты. Æппæт хæрдзтæ дæр бафиддзысты фестивалæн фадæттæ аразæг адæм.
Куырдиæттæ исынц ацы аз 31 августы онг. Фестивалмæ куырдиат барвитынæн адæймаджы хæс у федералон агентад «Росмолодежь»-ы сайты хи срегистраци кæнын.
Проект нымад у «Машук-2019» фестивалы ахуырадон форумы фæткмæ гæсгæ «Росмолодежь»-æй грантон конкурсы уæлахиздзаутæй иуыл. Фестивалы хæс у Цæгат Кавказы федералон зылды литературæйы рæзтæн ахъаз кæнын æмæ æрыгон курдиатджын поэтты раргом кæнын.
Бæлвырддæр хабæрттæ бакæсæн ис социалон хызæг Instagram-ы фарс @molpoeti-йы.
Нæ уацхæссæг














