Кировы район: социалон инфраструктурæйы ахсджиаг арæзтæдтæ æмæ æндæр фарстытæ

0
273

Социалон инфраструктурæйы объектты райрæзт æмæ ахадгæ куыст, адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнын — ацы æмæ иннæ ахсджиаг фарстытыл сæ кусæг фембæлды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æмæ Кировы районы разамонæг НÆКУЫСАТЫ Барис.

Фембæлды райдайæны Битары-фырт куыд фæнысан кодта, афтæмæй, эпидемиологон уавæр кæд иуцасдæр фæхуыздæр, уæддæр нырма æнæмæнг æххæстгæнгæ сты санитарон цæстдарды домæнтæ æмæ иннæ профилактикон мадзæлттæ. «Нырæй фæстæмæ дæр бæстон цæстдард хъуамæ уа сæвзæргæ уавæрмæ. Æмæ уыцы куысты ахсджиаг у хицауады бынæттон оргæнты архайд дæр», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Нæкуысаты Барисы ныхасмæ гæсгæ, Кировы районы дарддæр æххæстгонд цæуы хииппæрддзинады фæтк. Адæм бирæгæйттæй кæм вæййынц, уыцы бынæттæ иудадзыгдæр кæнынц дезинфекци, бæрзонд цæттæдзинады уавæры фæткмæ гæсгæ чи кусы, уыцы организациты дæр æххæстгонд цæуынц санитарон æдасдзинады домæнтæ. Пандемийы райдайæнæй нырмæ районы рабæрæг кодтой коронавирусæй рынчын 201 адæймаджы. Уыдонæй, хъыгагæн, 2 адæймаджы амард, иннæ 190 сдзæбæх сты. Ныртæккæ ма дохтырты бæрны ис 11 рынчыны (се ‘нæниздзинад сын фидардæр кæнынц амбулаторон къæпхæны æмвæзадыл).

Уыцы æмæ иннæ мадзæлттæ растыл банымайгæйæ, Битарты Вячеслав районы разамонæгмæ бахатыд, цæмæй ацы бонты уæлдай цæстдард уа, скъолаты рауагъдонтæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæн ныртæккæ кæм дæттынц, уыцы бынæтты санитарон уавæрмæ. Эпидемиологон æдасдзинады домæнтæ хъуамæ æнаиппæй æххæстгонд цæуой, цæмæй скъолаты рауагъдонтæ æмæ ахуыргæнджыты æнæниздзинад хъахъхъæд цæуа.

Амæй размæ Битарты Вячеславæн Кировы районы цæрджытимæ цы цалдæр фембæлды уыд, уыдоны рæстæг бынæттон адæм бирæ тыхстаг фарстытимæ бахатыдысты республикæйы разамонæгмæ. Уыцы куырдиæттæ сæххæст кæнын æмæ лыггæнинаг фарстытæ аиуварс кæныны фæдыл бæлвырд амынддзинæдтæ лæвæрд æрцыд республикон министрадтæ æмæ ведомствæты бæрнон кусджытæн. Уыцы амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ сæрмагонд æргом аздæхтой фембæлды архайджытæ.

Афтæ, бынæттон цæрджытæ цы фарстытæ сæвæрдтой, уыдонæй уыд Ставд-Дурты, Иран æмæ Кæрдзыны хъæуты культурæйы хæдзæртты арæзтад дæр. Нæкуысаты Барисы ныхасмæ гæсгæ, фыццаг дыууæ хъæуы культурæйы хæдзæртты арæзтад ныридæгæн хаст æрцыд национ проект «Культурæ»-йы 2021 азы мадзæлтты пъланмæ. Кæрдзыны хъæуы фидæны культурæйы артдзæстæн та ныртæккæ цæттæ кæнынц йæ проектон-хæрдзты документаци. Уымæй уæлдай, фидæн азы национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты Ставд-Дурты аразын райдайдзысты ног 200-бынатон скъола. Сæрмагонд æргом здæхт æрцæудзæн районы цалдæр скъолайы цалцæгмæ дæр.

Ныхасы рæстæг æркастæуыд, Кировы районы фыццаградон национ проекттæ æмæ æндæр паддзахадон программæты фæлгæты цы куыст цæуы, уымæ дæр.

Афтæ, æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны фæдыл нысанмæарæзт программæйы фæлгæты 2016-2019 азты субсидиты хуызы программæйы архайæг 22 æрыгон бинонтæн дихгонд æрцыд 19 милуан сомæй фылдæр. Уыцы азты «Ветеранты тыххæй» федералон закъоны бындурыл Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысанимæ дихгонд æрцыд 7 сæрмагонд сертификаты (сæ иумæйаг аргъ уыд 7,6 милуан сомы бæрц). «Сахъат адæмы социалон хъахъхъæнынады тыххæй» федералон закъоны бындурыл  та субсидитæ радтой 2 бинонтæн (1072 мин сомы бæрцæй). Сæ раздæры цæрæн бынæттæ æнæбары чи ныууагъта, уыцы адæмæн дихгонд æрцыд 105 цæрæнуатон сертификаты (сæ иумæйаг аргъ — 277 милуан сомæй фылдæр). Уыцы сертификаттæ адæмæн радтой программæ «УФ-йы граждæнтæн — аслам æмæ æппæтфадатджын цæрæнуæттæ»-йы фæлгæты.

Тагъд рæстæджы районы цы ахсджиаг социалон объекттæ фæзындзæн, уыдоныл дзургæйæ, Нæкуысаты Барис куыд загъта, афтæмæй Кæрдзыны хъæуы аразынц ног амбулатори, Даргъ-Къох æмæ Змейкæйы — спортивон фæзтæ, Ираны хъæуы — бынæттон рæвдауæндоны уæлæмхасæн бæстыхай æмæ афтæ дарддæр. 2020 азы цалцæггонд æрцæудзысты 6 æхсæнадон бынаты, стæй Даргъ-Къохы Культурæйы хæдзар æмæ Елхоты 1-æм скъолайы спортивон зал.

Æмткæй райсгæйæ, 2020 азы Кировы районы арæзт æрцæудзæн 52 алыхуызон ахсджиаг объекты.

Фембæлды кæронбæттæны Битарты Вячеслав муниципалитеты разамонæг Нæкуысаты Барисæн арфæ ракодта, сæвзæргæ эпидемиологон уавæрты архайгæйæ дæр, Кировы районы царды хорзæрдæм ивддзинæдтæ кæй ис, уый тыххæй.

 

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here