Йæ хæдзар — æрдæгарæзтæй…

0
347

Нæ фыд  Хохты Уырысхан 34-аздзыдæй 1941 азы июны райдайæны уыди «переподготовкæты». 22 июны райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Куыд бирæты, афтæ Уырысханы дæр нал рауагътой, акодтой йæ хæстмæ. Мах нæ мад Саскийæн баззадыстæм фондз æнахъомæй (æз райгуырдтæн 9 мæйы фæстæ).

Бирæ баззад сидзæргæсæй нæ хъæу Ставд-Дурты: Калоты Настя — фондз сидзæры, Зæнджиаты Иринæ — 4 сидзæры, Таболты Лизæ — цыппар, Бæдтиаты Дзерассæ — цыппар… Фæлæ уæддæр мах мад бахауд  уæлдай зындæр уавæры. Нæ фыд йе ‘фсымæр Бимболæй рахицæн, æрбынат кодта йæ фарсмæ, æрцæттæ кодта хъæдæрмæг, тагъд-тагъд ацарæзта иу уат, пъол дæр ын скæнын нал бантыст. Саразынмæ хъавыд хорз хæдзар, фæлæ нал сыздæхт хæстæй. Йæ хъæдæрмæг ын немыц басыгътой.

Мах нæ мадæн баззадыстæм фондз сидзæрæй — дыууæ хойы — Елмысхан æмæ Дибæхан, æртæ æфсымæры — Ахболат, Уырызмæг æмæ æз. Уый адыл фесæфт нæ фыд Уырысхан. Райстам дзы иу писмо — кърандасæй фыст, кæцыйы фæдзæхста: «Хъантеон (мæ мад Хъантеты чызг уыд), мæ сывæллæттæ де уазæг, ма сæ ныууадз, мыййаг куы нал сыздæхон, уæд». Афтæмæй 27-аздзыдæй нæ мад баззад идæдзæй, уæдæй фæстæмæ ницыуал хабар сыхъуыст нæ фыдæй. Æрмæст фæстæдæр нæхи хъæуккаг Закаты Закар сыздæхт уæззау цæфтимæ æмæ уый радзырдта: «Уырысханимæ бахаудыстæм Киевы бынмæ уæззау хæсты, æз фæцæф дæн, æмæ Уырысхан йæ цинелыл мæн æртæ километры фæласта, радта мæ санитарон вагонмæ æмæ фæстæмæ азгъордта йе ‘мбæлттæм. Æз мæхицæн дзырд радтон, искуы мæ лæппутæй иуæн Уырысханы чызджытæй ракурдзынæн».

Æмæ æцæгдæр йæ ныхас сæххæст кодта — йæ лæппу Бидти ракуырдта мæ хо Дибæханы, райгуырди сын фондз сывæллоны, схастой сæ. Сæхæдæг ацыдысты се ‘цæг дунемæ.

Мæ фыды тыххæй ма иу хабар æнæнхъæлæджы фехъуыстон. 1961 азы хъæуы лæгтæ колхозы правленийы дуармæ ныхæстæ кодтой. Æз айхъуыстон мæ фыды ном: сæ иу радзырдта, зæгъгæ, хæстмæ нæ куы æрæмбырд кодтой, уæд æз загътон лæппутæн: алидзæм æмæ хъæды бамбæхсæм. Уæд мын дæлæ Хохты Уырысхан афтæ: «Мæ сывæллæттæн мын исчи искуы куы бауайдзæф кæна, уæд ахæм цард мæн нæ хъæуы. Дезертирæй æгаддæр ницы ис царды мидæг».

Афтæмæй нæ фыд фесæфт æнæбæрæгæй. Ставд-Дуртæй хæстмæ ацыдысты æртæ сæдæйы бæрцæй. Уыдонæн сæ фылдæр нал сыздæхтысты. Хохтæй ацыдысты авдæй, æмæ ма дзы  иу сыздæхт цæфтимæ — Геор.

Ставд-Дурты хъæуы кæрон ис цыртдзæвæн «Срæмыгъд» — дунейы мидæг ахæм æндæр никуы ис. Уым къæйыл  ис, чи нал сыздæхт хæстæй, уыдоны номхыгъд. Алы аз дæр 9 Майы æрæмбырд вæййынц нæ хъæуккæгтæ, æрхъуыды сын кæнынц сæ ном, сæвæрынц цыртдзæвæныл дидинджытæ, раарфæ кæнынц ветерантæн, радтынц сын лæвæрттæ, æрмæст мах, сидзæртæ, нæ фæзонæм — цин кæнæм, æви кæугæ. Мах кой ничи скæны, хъыгагæн.

Ацы уацхъуыды мæн фæнды радзурын Уырысханы сидзæрты тыххæй. Ныртæккæ дæр ма дис фæкæнæм, куыд аирвæзтыстæм, ууыл. Уыцы уазал зымæгты  уæлæдарæсæй — мæгуыр, къæхтыл — хæцъил дзабыртæ, кæнæ къалостæ. Скъоламæ цæугæйæ-иу телогрейкæ иу райсомæй скæны, иннæ эстафетæйы хуызæн, сихорæй-изæрмæ. Хæдзар — уазал. Нæ мад лæгуæрдоны хъæдæй суг ласта. Мах, нæ бон цы уыди, уымæй йын æххуыс кодтам.

Бирæ азты бакуыста скъолайы æфснайæгæй. Бирæ фæхаста йæ бедрайы скъолайæ лыстытæ (зымæджы  арт дæр нæхæдæг кодтам æмæ уыдон æндзæрстам). Хæдзар-иу  куы схъарм, уæд радгай чысыл зæронд стъолыл нæ уроктæ кодтам. Ахуыр хорз кодтам фондзæй дæр. Æз скъоламæ бацыдтæн 8-аздзыдæй «нулевойтæм», фæлæ кæсын æмæ фыссын зыдтон. Скъолайы-иу ныййарджыты æмбырд куы уыдис, уæд-иу се ‘хсæн ныхæстæ кодтой: «Цæй, дæлæ та нын Хохты скъоладзаутæй æппæлдзысты». Æмæ, æцæгдæр, æнтыстджынæй фестæм скъола, сахуыр кодтам. Нæ хо Елмысхан куыста колхозы бухгалтерæй, иннæ хо Дибæхан сси педагог. Нæ хистæр æфсымæр Ахболат сырх дипломимæ каст фæци мединститут, куыста хирургæй, терапевтæй, радтой йын медицинæйы кадджын кусæджы ном. Хъыгагæн, фарон сæрды фæхъуыд не ‘хсæнæй.

Мæ иннæ æфсымæр Уырызмæг дæр райста уæлдæр ахуырад, фæкуыста хъæууон хæдзарады къабазы бæрнон бынæтты. Схъомыл кодта дыууæ кæстæры, ныр у пенсиисæг… Æртæ æфсымæрæй дæс азы радтам æфсæддон службæйæн, нæ цæсгом сыгъдæг у паддзахады раз. Зын фæндæгтыл фæцыдыстæм, куыд бирæ мингæйттæ, афтæ мах дæр.

 

ХОХТЫ Виктор,

пенсиисæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here