Сыгъдæг Георгийы аргъуан ногæй йæ хуыз скалдзæн

0
243

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав радон хатт бабæрæг кодта Сыгъдæг Георгийы номхæссæг дзæуджыхъæуккаг аргъуан. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы аргъуан хаст æрцыд, Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бæрæгбонмæ цæттæ кæныны фæлгæты цалцæггонд æмæ рацарæзт цы удварны объекттæ æрцæудзысты, уыдоны номхыгъдмæ.

Аланыстоныл саргъуыды юбилеймæ аккаг хуызы бацæттæ кæныны фæдыл сæрмагонд Указ бафыста Президент Владимир Путин.

Аланийыл саргъуыды бæрæгбоны мадзæлттæн сæ сæйрагдæр хай цæудзæн Дзæуджыхъæуы æмæ комкоммæ — Сыгъдæг Георгийы аргъуаны. Уыцы æууæл хынцгæйæ, аргъуаны рацарæзтмæ ис сæрмагонд цæстдард. Цалцæджы проектмæ гæсгæ аразджытæ базилдзысты агъуысты бæстыхаймæ, стæй алфамбылай фæзуатмæ, нывгæнджытæ та мидæггаг къултыл скæндзысты уазнывтæ.

Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Леонидимæ республикæйы Сæргълæууæг æрзылд аргъуаны бæстыхæйттыл, федта, аразджытæ цы цæттæгæнæн куыстытæ кæнынц, уыдон. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй аргъуаны иуæй-иу къулты сæрст ногæй раивын хъæудзæн, иннæ бынæттæ та уæлæнгай расыгъдæг кæндзысты…

Куыд зонæм, афтæмæй Сыгъдæг Георгийы аргъуан арæзт цыд 1996-2003 азты хуымæтæг адæм æмæ меценатты фæрæзтæй. Аргъуан нырма, зæгъæн ис, æмæ «хæрз æрыгон» кæй у, уымæ гæсгæ йæ историон цыртдзæвæн рахонæн нæма ис. Уыцы æууæлмæ гæсгæ йæ рацарæзты куыстытæ федералон пъланмæ нæ бахастой. Фæлæ, аргъуан цалцæггæнинаг кæй у, уый дызæрдыггаг нæу. Ууыл сагъæс кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ меценаттæ æмæ амалхъом адæммæ фæсидтысты, цæмæй аргъуаны рацарæзты хъуыддагмæ се ‘ххуысы хай бахæссой.

Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй амалхъомадон æмæхсæнад хъуамæ хата йæ социалон бæрнондзинад æмæ республикæйæн æххуыс кæна ахсджиаг фарстытæ лыг кæныны хъуыддаджы.

— Республикæйы ахсджиаг куыст цæуы Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бæрæгбонмæ. Уыцы куыстыты фæлгæты сæрмагонд бынат ис Сыгъдæг Георгийы аргъуаны рацарæзтæн. Амæй размæ дæр æххуысы фæдыл фæсидтæн республикæйы амалхъомтæм. Фæлæ уæд цы фæрæзтæ æрæмбырд кодтам, уыдон фаг не сты. Уымæ гæсгæ амалхъомады къабазы минæвæрттæ æмæ республикæйы æппæт цæрджытæм сидын, цæмæй, кæмæн йæ фадат куыд амоны, афтæ се ‘ххуысы хай бахæссой нæ иумæйаг хъуыддагмæ. Æрмæстдæр афтæмæй нæ къухы бафтдзæн аргъуаны цалцæг аккаг хуызы сæххæст кæнын, — загъта Битарты Вячеслав.

Архиепископ Леонид та йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй, аргъуаны арæзтад кæд дзæвгар рæстæг цыд, уæддæр арæзтадон-аивгæнæн куыстыты иу хай кæронмæ конд не ‘рцыд. Уымæй уæлдай, арæзтады проекты уыд иуæй-иу хъуагдзинæдтæ, æмæ ныр уыдон дæр аиуварс кæнын хъæуы.

— Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы юбилеймæ цæттæ кæнгæйæ, æппæт фадæттæй дæр спайда кæнын хъæуы, цæмæй Сыгъдæг Георгийы кувæн бынат суа Цæгат Кавказы рæсугъддæр аргъуантæй иу. Кæрæдзийы фарсмæ куы æрбалæууæм, уæд Сыгъдæг Георгийы аргъуан ногæй йæ хуыз скалдзæн, — фæбæлвырд кодта йæ хъуыды Леонид. Архиепископ сæрмагондæй бузныг загъта Битарты Вячеславæн, удварны объектты уавæрмæ иудадзыг йæ цæст кæй дары, уый тыххæй.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here