Æнæниз цардыуаг

0
325

Ведомствæты ‘хсæн æмархайды фæрцы 2019 азæй Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы «Æхсæнадон æнæниздзинад фидар кæнын»-ы регионалон проект. У национ проект «Демографи»-йы хæйттæй иу. Йæ нысан — æнæниз цардыуаг чи равзæрста, уыцы адæмы бæрц фæфылдæр кæнын, уый руаджы куыстхъом кары уæвæг адæмы алыхуызон низтæй бахъахъхъæнын.

Хъуамæ нæм, æнæниз цардыуаг чи равзара, уыдонæн фæзына æппæт фадæттæ дæр. Суанг æнæниз хойрагæй райдай æмæ сæ тамакойы фæздæгæй бахъахъхъæныны онг. Национ проект «Демографи»-йыл хъуамæ уыцы мадзæлттæ хорзæрдæм фæбæрæг уой, куыстхъом кары адæмы ‘хсæн амæлыны цаутæ зынгæ фæкъаддæр уой, фылдæр кæна ноггуырдты нымæц. Фарон проекты нысантыл схардз кодтой  2 милуан сомы.

Цæмæй цæрджытæ хъуыддагмæ се ‘ргом аздахой, уыцы нысанимæ конд видеороликтæ æвдыстой телеканалтæ «Алани» æмæ «Осетия — Ирыстон»-ы, Дзæуджыхъæу æмæ районты дзæбæхгæнæн кусæндæтты, социалон хызты. Æнæниздзинад хъахъхъæнæг ведомствæ йæ сæрмагонд сайты равæрдта 104 алыхуызон æрмæджы, социалон хызты авналæнтæй спайда кæнгæйæ, цæттæгонд æрцыд цæстуынгæ æрмæджытæ 11 хуызы, уыдон адæмы æргом здахынц æнæниз цардыуаджы хорздзинæдтæм. Зæрдæ æмæ дадзинты низтæ  адæймагæн тæссаг уавæртæ куы сæвзæрын кæнынц, уæд сын цавæр æвæстиатон æххуыс бæкæнæн ис, ууыл дзурæг плакаттæ фæзынд транспорты æрлæууæн бынæтты.

Ахæм æмбарынгæнæн архайд цæуы газетты фæрцы дæр, ахъаз сты,  куыстуæтты, организациты специалисттæ цы лекцитæ бакæсынц, уыдон дæр. Мидисджын рауайынц тамако æмæ нозты азарæй фервæзынимæ, йоды кадавардзинадимæ, æндæр низтимæ баст лекцитæ. «Æнæниздзинады центр»-ы специалисттæ бабæрæг кодтой, Æрхонкæйы станицæйы, Дачнæйы, Елхоты, Хуымæллæджы цы хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ ис, уыдон, зæрдæбын ныхас сын-иу рауад фæллойгæнджытимæ. Ахæм æмбарынгæнæн ныхасы фæрцы-иу бирæтæ фылдæр æргом аздæхтой се ‘нæниздзинады уавæрмæ, сæ зонындзинæдтæ зынгæ фæфылдæр сты.

Федералон проекты фæлгæты 2020 азы кæронмæ Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад хъавы, ныртæккæ бæстæйы  цы «Æнæниздзинады центртæ» ис, уыдонæн сæ архайд фæпарахатдæр кæнынмæ. Суыдзысты æхсæнадон æнæниздзинады центртæ, уымæй фæхуыздæр уыдзæн ведомствæты ‘хсæн æмархайд ацы ахсджиаг хъуыддаджы. Цы мадзæлттæ конд æрцыд, уыдоны фæрцы 2019 азы фæкъаддæр сты 16-54-аздзыд сылгоймæгты амæлыны цаутæ. Хъыгагæн, 16-54-аздзыд нæлгоймæгты амæлыны цаутæ нырма сты бирæ.

Куыстхъом кары адæймæгты амæлыны цауты аххосæгты раззаг бынат ахсынц туджы зилдухы низтæ. Министрад уавæр фæхуыздæр кæныны охыл мадзæлттæ аразы, низтæ афойнадыл раиртасынæн хъавынц ангиограф балхæнын æмæ йæ Республикон клиникон рынчындоны сæвæрын. Фæтынгдæр кодтой адæмæн инфаркт миокардæйы, инсульты фыццаг фæзындтытæ бацамоныны архайд. Ацы ран хорз фæахъаз уыдзæн диспансеризаци.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад бацæттæ æмæ сфидар кодта » 2020-2024 азтæн РЦИ-Аланийы цæрджыты æхсæнадон æнæниздзинад сфидар кæныны» программæ. Хъуамæ, сæ муниципалон хицæндзинæдтæ нымайгæйæ, районтæ бацæттæ кæной  æхсæнадон æнæниздзинад хъахъхъæныны программæтæ. Уыимæ, хъуамæ нымад æрцæуой районы цæрджыты низыхæттытæ, амæлыны цауты аххосæгтæ, социалон-экономикон бæрæггæнæнтæ. Æнæниз цардыуаджы æууæлтæ парахат кæнынæн, адæмæн сæ амонынæн бирæ цæмæйдæрты ис спайда кæнæн.

Уыдæттæ бæрæг сты, фæлæ фæстаг мæйты архайд фæкъуылымпы  ног хæцгæнизы аххосæй, республикæйы медицинон кусджытæ сæ тыхтæ сарæзтой коронавирус бауромынмæ, кæрон ын скæнынмæ. Уыцы вазыгджын уавæрты ног инфекцийы тыххæй зонинæгтæ, ма йæ ‘руадзыны тыххæй рауагътой  листовкæтæ, буклеттæ, брошюрæтæ, видеороликтæ æмæ æндæртæ. Æнæниз цардыуаг сфидар кæныныл куыст цæудзæн, республикæйы разамынд мадзæлттæ кæндзæн, цæмæй  сæххæст кæной, Уæрæсейы Президент Владимир Путин цы нысан сæвæрдта, уый. Паддзахады хъомыс, йæ сæйраг хæзна — йæ адæмы бахъахъхъæнын, 2024 азмæ фæцæрыны æмгъуыд 78 азмæ схæццæ кæнын.

 

ÆХСАРАТЫ Розæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here