Уæгъдибар хъæбысхæстæй чемпионат

0
273

Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй цæудзæн  Дзæуджыхъæуы 9-11 октябры.

Уый тыххæй фехъусын кодта нæ бæстæйы Спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили.

Куыд бамбарын кодта, афтæмæй, чемпионатæн эпидемиологон цæлхдуртæ куы нæ уа, уæд æй Дзæуджыхъæуы скæндзысты. «Архайдзысты дзы бæстæйы тыхджындæр атлеттæ, нæ зæрдæ дардзыстæм, се ‘нæниздзинадæн дзы уæлдай тыхстдзинæдтæ кæй нæ сæвзæрдзæн, ууыл. Бузныг мæ фæнды зæгъын республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, ахæм ахаст кæй равдыста, уый тыххæй. Иннæ ахæм, Фадзайты Арсенæн, спорты ацы хуызы райрæзтыл кæй кусы, уый тыххæй», — загъта Михаил Мамиашвили.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here