Хорздзинадӕн аргъ нӕй

0
294

Сыгъдӕг зӕрдӕйы ахастӕй, фӕлмӕн уды хъармӕй цы фӕндтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ райгуырынц, уыдон, ӕнӕмӕнгӕй, адӕмӕн цин ӕмӕ хорздзинад хӕссынц, хорздзинад та адӕймагмӕ дывӕрӕй здӕхы. Радтаджы къух райсаг у.

Не ‘мзӕххонтӕ, Хъырымы цӕрӕг Бӕдоаты Зауырбеджы бинонтӕн Хуыцау балӕвар кодта хуры тыны хуызӕн чызг. Фӕлӕ бинонты цин бирӕ нӕ ахаста, сӕ чызг Зӕринӕмӕ разынд ӕгъатыр низ. Йе сдзӕбӕх кӕнынӕн сӕ хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын 155 милуан сомы. Чысыл сабийы кой айхъуыст канд Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейыл нӕ, фӕлӕ ӕппӕт зӕххы къорийыл дӕр.

Адӕмы фарн бирӕ у. Нырма ныййарджыты фӕлмӕн мидбылхудтӕй ӕмӕ хуры хъармӕй цы саби нӕ бафсӕст, уымӕн се ‘ххуысы хай ӕрвитынц дунейы алы кӕрӕттӕй. Фӕлӕ уый нырма, цас хъӕуы, уымӕн йе ‘мбис дӕр нӕу.

РЦИ-Аланийы Туризмы комитеты сӕрдар Къозаты Зауырбеджы куырдиатмӕ гӕсгӕ нӕ республикӕмӕ кусӕг балцы ссыд зындгонд блогер Аринӕ Шумакова. Уый хъуыстгонд у, Интернеты социалон хызӕй чи пайда кӕны, уыцы адӕмӕн. Аринӕ балцы вӕййы нӕ бӕстӕйы ӕмӕ дунейы алы регионты, йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ тӕлмӕнтӕ равдисы, цы цымыдисаг уацхъуыдтӕ ныффыссы, инстаграмы, йӕхицӕн цы сӕрмагонд фарс ис, уым.

Аринӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй иу регионмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕцӕуы. Фӕлӕ ирон адӕм йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты сӕ хӕлардзинад, удыконд ӕмӕ зӕрдӕйы ахастӕй, ӕмӕ Ирыстонмӕ ӕрбацыд цалдӕр хатты, цыппӕрӕм хатт та сӕрмагондӕй Бӕдоаты Зӕринӕйы тыххӕй. Бафӕндыд ӕй нӕ адӕмӕн балӕггад кӕнын, Ирыстоны рӕсугъд фӕд ныууадзын, исты хорз хъуыддаг ын саразын, истӕмӕй йын баххуыс кӕнын…

Аринӕ инстаграмы ныффыста Зӕринӕйы тыххӕй, ӕрсидт, цы дыууӕ милуан адӕмы йын кӕсынц йӕ фыстытӕ, уыдонмӕ, цӕмӕй, йӕ бон кӕмӕн куыд у, уымӕй баххуыс кӕна бинонтӕн. Йӕ къухы цыбыр рӕстӕгмӕ, бӕлвырддӕр та суткӕмӕ, бафтыд фондз милуан сомы ӕрӕмбырд кӕнын. Фӕлӕ ууыл дӕр не ‘рлӕууыд.

5 августы газет «Ныхас»-ы редакцийы сарӕзта пресс-конференци. Уырдӕм ӕрбахуыдта нӕ республикӕйы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕртты. Бафӕндыд ӕй, цӕмӕй Бӕдоаты Зӕринӕйы фылдӕр адӕм базоной ӕмӕ йын баххуыс кӕной. Уымӕй уӕлдай ма уыцы бон Дзӕуджыхъӕуы Олимпиаг парчы ацыд «Стыр хӕлар фембӕлд», Зӕринӕйӕн баххуыс кӕнын кӕй бафӕндыд, уыдонӕн.

Комитеты сӕрдар арфӕ ракодта уазӕгӕн ӕмӕ загъта:

— Аринӕ Ирыстоны фембӕлд хуымӕтӕджы, фӕлӕ диссаджы адӕмимӕ, хуынд ӕрцыд ирон чындзӕхсӕвмӕ, базыдта, ирон чъиритӕ куыд кӕнгӕ сты, уый ӕмӕ ӕндӕр сусӕгдзинӕдтӕ. Махӕн нӕ хӕс у уӕрӕсейаг ӕмӕ ӕндӕрбӕстӕйаг туристты ӕргом Ирыстонмӕ раздахын. Уый тыххӕй та хъуамӕ, ӕнӕмӕнгӕй, зоной, нӕ республикӕйы ӕдас кӕй уыдзысты, уый. Уыцы хъуыддаджы нын Аринӕ стыр ӕххуыс бакодта, Интернеты хызы йын цы сӕрмагонд фарс ис, уым.

Бӕдоаты Зауырбег арфӕ ракодта Аринӕйӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕ зӕрдиаг ӕххуысы тыххӕй.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинӕ

Къам систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here