Рувас

0
395

Ацы цӕрӕгой у тынг рагон. Афтӕ уымӕн зӕгъӕм, ӕмӕ йӕ ныв кӕмдӕрты баззад къӕдзӕхты фӕхстыл. Незаманты цӕрӕг адӕм ӕй алы ран дӕр ныв кодтой стыр къӕдзилимӕ. Уӕдӕ, хинӕйдзаг кӕй у, уый тыххӕй та бакӕсӕн ис алы рӕстӕджыты фыст литературон уацмысты дӕр.

Æцӕгдӕр, рувасы гӕды митӕн кӕрон дӕр нӕй. Куыд дӕ афӕливдзӕн, уый зонгӕ дӕр нӕ бакӕндзынӕ. Иурӕстӕджы цуаны ацыдтӕн ӕмӕ бафтыдтӕн рувасы фӕдыл. Куы мӕ бафиппайдта, уӕд хъӕд-хъӕд ссыд, ногуард миты мӕ фӕдмӕ ӕрбахызт, ӕмӕ мӕ фӕдыл цӕуын райдыдта. Уӕд ӕз рувасы хиндзинад нӕ базыдтон. Фӕлӕ дыккаг бон куы ацыдтӕн хъӕдмӕ, мӕ фӕдтӕм куы ӕркастӕн ӕмӕ дзы рувасы фӕдтӕ дӕр куы федтон, уӕд дисӕй куыд нӕ амардтӕн. Цы ӕнахуыр миниуджытӕ йӕм ис, уыдонӕй уӕлдай смудын тынг зоны, хъусӕй дӕр у рӕвдз. Рувас фылдӕр мыстытӕй цӕры. Арф миты бын куы вӕййынц, уӕддӕр сӕ уайтагъд базоны ӕмӕ сӕ ӕрцахсы. Зымӕгон хъӕды холлаг кадавар кӕй вӕййы, уый тыххӕй ӕрцӕры быдырмӕ ӕввахс ӕмӕ мыстытӕ фӕахсы хосы, хъӕмпы цъынаты.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй рувас у тугдзых цӕрӕгой. Хъӕды цуан фӕкӕны тӕрхъустыл, бахӕры сын се ‘нӕбон лӕппынты, кӕнӕ, ставд сырдтӕй чи амӕлы, уый. Цӕрӕн бынатӕн ӕдзухдӕр бацагуры, зӕхх фӕлмӕндӕр кӕм вӕййы, ахӕм ран, ӕмӕ дзы арф хуынкъ саразы. Фылдӕр хатт ахстон скӕны цӕугӕдӕтты фӕхстыл. Рувас уым ныззайы 3-7 лӕппыны. Раздӕр вӕййынц куырм, ӕмӕ сын уӕд фӕдары дзидзи, фӕстӕдӕр та сын хӕринагӕн фӕхӕссы мыстытӕ.

Рувас цасфӕнды куы фӕцӕра хӕдзарон уавӕрты, уӕддӕр ӕрмахуыр нӕ кӕны. Йӕ царм у хорз, ӕмӕ дзы хуыйынц хъарм зымӕгон уӕлӕдарӕс.

Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here