Къостайы ӕвзаг — ирон ныхасы бӕрзонддӕр рындз

0
605

Ӕвзаг у адӕмы иумӕйаг хӕзна, адӕмы культурӕ ӕмӕ цивилизаци размӕхӕссӕг фӕрӕз. Ныхасы культурӕ та у уыцы иумӕйаг культурӕйы бындурондӕр хай. Уынгӕг лингвистикон нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ бӕрӕг кӕны ӕвзаджы хъӕздыгдзинӕдтӕй хайджын уӕвын, йӕ нормӕтӕ йын зонын, алыхуызон мадзӕлттӕй пайда кӕнынмӕ арӕхсын бӕлвырд фадӕтты.

Фысджытӕ, ахуыргӕндтӕ, ӕхсӕнады кусджытӕ ӕдзухдӕр тох кӕнынц ӕвзаджы сыгъдӕгдзинадыл ӕмӕ, уыцы ‘взагыл цы адӕм дзурынц, уыдоны ныхасы культурӕйыл.

Литературон ӕвзаджы нормӕтӕ бахъахъхъӕнын у иумӕйаг национ хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ у адӕмы иудзинады, бастдзинады хотых. Литературон ӕвзагӕй пайда кӕнынц скъолаты, уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты, паддзахадон кусӕндӕтты, театры, радиойы, телеуынынады. У бынӕттон ныхасыздӕхтытӕй ӕмӕ диалекттӕй уӕлдӕр, хъӕздыгдӕр у йӕ дзырдуат, вазыгджындӕр йӕ традицитӕм гӕсгӕ.

Литературон ӕвзаг хӕдбарӕй нӕ равзӕры. Уый саразын, цардмӕ йӕ рауадзын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Йӕ бындуры равзӕрды сӕйраг архайӕг кӕд ӕхсӕнады культурондӕр хай вӕййы, уӕддӕр баст у нацийы ахсджиагдӕр, адӕмӕн уарзондӕр хъӕбулы цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ.

Зӕгъӕм, стыр уырыссаг литературон ӕвзаджы хъысмӕт баст у А.С. Пушкины номимӕ. Уый раздӕры диалекттӕй ӕмӕ ныхасыздӕхтытӕй арӕзт хуымӕтӕг ӕвзаг йӕ диссаджы уацмысты афтӕ рацарӕзта, афтӕ аивӕй йӕ равдыста, ӕмӕ адӕмы зӕрдӕты арф фӕд ныууагъта. Адӕм ӕй зӕрдиагӕй райстой ӕмӕ йӕ абон дӕр цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнынц.

Ирон литературӕ, литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг та у ирон адӕмы уарзон хъӕбул Хетӕгкаты Леуаны фырт Къоста. Уый йе ‘нӕмӕлгӕ уацмыстӕ цы ‘взагыл ныффыста, ӕмӕ сӕ ӕппӕт ирон дзыллӕтӕ цы ‘взагыл кӕсынц, уый у литературон, классикон ӕвзаг. Уыимӕ баст у, куыд нӕ иумӕйаг культурӕ, афтӕ не ‘взаджы, нӕ ныхасы культурӕ дӕр.

Фӕлӕ диссаг у, литературон ӕвзаг иуӕй-иу ӕнӕрхъуыды, ныллӕг мидкультурӕйыл хӕст адӕймӕгты тыххӕй абон быцӕйуаг кӕй сси, уый. Чи, «дам», загъта, Къоста литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг у! Къоста, «дам», туаллаг уыди ӕмӕ дзургӕ дӕр туаллагау кодта.

О, бецау «ахуыргонд»! Къоста туаллаг уыди, дзургӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, туаллаг ныхасыздӕхтӕй кодта, фӕлӕ йе ‘нӕмӕлгӕ уацмыстӕ та ирон классикон ӕвзагыл фыста, ӕмӕ сӕ ӕппӕт ирон адӕм дӕр уыцы ‘взагыл кӕсынц. Уыцы ‘взаг та Къоста йӕхӕдӕг сарӕзта, уый мидӕг ис йӕ сой, йӕ хъаймагъ.

Къостайы размӕ дӕр ирон адӕммӕ фысджытӕ кӕй уыд ӕмӕ ирон ӕвзагыл уацмыстӕ кӕй фыстой, уый бӕлвырд у. Зӕгъӕм, Мамсыраты Темырболат — фыццаг ирон поэт. Фӕлӕ ахӕмтӕ иугӕйттӕ уыдысты.

Къоста та йӕ аив ныхасӕй нырризын кодта ирон адӕмы зӕрдӕтӕ, бауырнын сӕ кодта, литературӕ ӕхсӕнадон царды ахсджиаг кӕй у, ууыл. Къостайӕ фӕстӕмӕ ирон литературӕ ирон адӕмы зондахасты ныффидар, куыд стыр национ ӕнтыст, афтӕ. Поэты цард, йе сфӕлдыстад тынг ахъаз фесты нӕ адӕмы культурӕ ӕмӕ ‘взаджы культурӕйы рӕзтӕн.

Ирон интеллигенцийы раззагдӕрты бауырныдта, ирон ӕвзагыл дӕр кӕй ис ӕнӕмӕлгӕ уацмыстӕ ныффыссӕн ӕмӕ бындурон литературӕ саразӕн.

Ирыстоны курдиатджын фӕсивӕдӕй Къостайы сфӕлдыстад бирӕтӕн уыди рухс фӕндаг литературӕйы бӕрзӕндтӕм.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ литературӕйы бынтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, ирон адӕмы иумӕйаг культурӕ, ӕвзаджы культурӕ та бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр.

Къостайы «Ирон фӕндыр»-ы аивдзинад, йӕ хъӕздыг ӕвзаджы сыгъдӕгдзинад, йӕ уацмысты адӕмондзинад фӕзминаг сты ирон ныхасы культурӕйы историйӕн.

Идейон ӕмӕ аивадон ӕгъдауӕй ӕппӕты стырдӕр бӕрзӕндтӕм чи схызти, уыцы уацмыстӕ сӕ бӕрцмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъуыдыйы арфмӕ гӕсгӕ ныффидар сты адӕмы зӕрдӕты. … «Додой», «Сидзӕргӕс», «Ӕнӕ хай»… Куыд фӕзӕгъынц, ӕндӕр куы ницы ныффыстаид, уӕддӕр дзыллӕтӕн баззадаид фӕзминагӕй.

Зӕгъут-ма ныр, куыд ис ахӕм ӕвзагӕн фесӕфӕн, кӕд цыфӕнды рагон у, уӕддӕр!

Уӕдӕ цӕуыл фӕдис кӕнӕм абон, «не ‘взаг сӕфы», зӕгъгӕ? Кӕмӕн хъаст кӕнӕм, кӕмӕн? Цымӕ хуыздӕр нӕ уаид, нӕ хистӕртӕ нын ӕвзаджы ‘рдыгӕй цы хӕзнатӕ ныууагътой, уыдон бахъахъхъӕнын?

Цард размӕ цӕуы. Цардимӕ рӕзы ӕмӕ ивы ӕвзаг дӕр. Ивынц йӕ нормӕтӕ дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, къӕрцхъус уӕвын хъӕуы уыцы ивддзинӕдтӕм. Уӕд ӕвзаг цардхъомыс уыдзӕн, зӕрдӕ дзы рухс кӕндзӕн.

Не ‘взаг хъӕздыг, аив ӕмӕ тасаг кӕй у, уый та ахуыргӕндтӕ раджы сбӕрӕг кодтой. Цавӕр удӕнкъарӕн, цавӕр арф хъуыды нӕй равдисӕн не ‘взагыл?!

Абайты Васо афтӕ фыста уый тыххӕй: «Ирон ӕвзаг у, хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ, тӕккӕ ӕлвӕстдӕр ӕмӕ уӕздандӕр фӕзилӕнтӕ равдисынмӕ чи арӕхсы, ахӕм коммӕгӕс хотых».

Уый, ӕцӕгӕйдӕр, афтӕ кӕй у, ууыл баууӕндӕм Къостайы «Ирон фӕндыр» кӕсгӕйӕ дӕр. Уым поэт цы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ равдыста, уыдон дунейы стыр адӕмты ‘взӕгтӕм нӕ комынц тӕлмац кӕнын дӕр. Уый мидӕг ис Къостайы тых, йӕ хӕдбындурдзинад.

Йӕ уацмысты уый дзуры адӕмы ‘взагӕй. Йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ, йе ‘вӕрӕнтӕй йын уӕрӕхӕй пайда кӕнгӕйӕ, систа ирон ӕвзаг тынг бӕрзонд.

Къоста уыди, адӕмы ӕхсызгон чи хъуыди, ахӕм уацмыстӕ чи фыста ӕмӕ дзы фӕллойгӕнӕг дзыллӕты хъару ӕмӕ диссаджы курдиат чи ‘вдыста, царды бирӕ фӕзилӕнтӕ хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй зӕгъын чи фӕрӕзта, дзырды стыр дӕсны чи уыди, уыцы фысджытӕй. Ӕмӕ уыд фыццаг!

Ӕвзагӕн, ӕвзаджы культурӕйӕн та йӕ хъысмӕт афтӕ у, ӕмӕ, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ алы адӕймаг дӕр йӕ царды уагыл ӕнкъары ӕндӕр культурӕ ӕмӕ ӕндӕр нациты тӕваг. Ӕвзаджы культурӕ дӕр ӕнгом баст у куыд бынӕттон, афтӕ иумӕйаг дунеон фӕзындтимӕ, ӕмӕ йыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕнӕ хорзӕрдӕм фӕзыны, кӕнӕ — ӕвзӕрӕрдӕм.

Этнографтӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй ахӕм (социалон) ивддзинӕдты рӕстӕг алы адӕмыхатт дӕр тырны йӕ национ интерестӕ бахъахъхъӕнынмӕ, фӕхуыздӕр сӕ кӕнынмӕ. Ахӕм уавӕры сты абон ирон адӕм дӕр. Уымӕн сси уӕлдай мӕтаг ирон литературон ӕвзаджы хъысмӕт, ирон ныхасы культурӕ. Кӕрӕдзийӕ сӕ фӕхицӕнгӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ ныхасы культурӕ не ‘взаджы нырыккон литературон домӕнтыл ӕнцой кӕны, уыдонмӕ гӕсгӕ аразы дзурӕг кӕнӕ фыссӕг йӕ ныхасы аивдзинад.

Фӕлӕ ‘взаджы домӕнтӕ хорз зонын фаг нӕу, уыдонӕй адӕймаг хъуамӕ раст пайда кӕнын зона. Уый та ӕрмӕст скъола ӕмӕ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕй аразгӕ нӕу, фӕлӕ адӕймагӕн йӕхицӕй дӕр. Йӕхӕдӕг хъуамӕ тырна йӕ мадӕлон ӕвзаг зонынмӕ, йӕ культурӕ йын бахъахъхъӕнынмӕ, аив литературон ӕвзагыл дзурынмӕ.

Ныхасы культурӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕрӕх, бирӕнысанон ӕмбарынад у. Фӕлӕ йӕ сӕйрагдӕр хӕстӕй иу у фидаргонд литературон ӕвзаджы нормӕтӕ бахъахъхъӕнын. Ирон ӕвзагиртасӕг Гуыриаты Тамерлан куыд зӕгъы, афтӕмӕй та ма «у адӕймагӕн йӕ мидкультурӕ ӕвдисӕг дӕр, йӕ мадӕлон ӕвзагмӕ, адӕмы ӕнусон хӕзнамӕ цы зӕрдӕ дары, уый ӕвдисӕг».

Уӕдӕ цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй уыцы хӕзна нӕ къухӕй ма ахауа, уый тыххӕй? Фыццаджыдӕр, сыгъдӕг литературон ӕвзаг, ирон адӕмӕн цы у, уый дзырддаг мауал кӕнӕм. Алчидӕр, уӕлдайдӕр, ахуыргонд адӕмӕй, архайӕд йе ‘взаджы сыгъдӕгдзинадыл, цы комӕй, цы хъӕуӕй рацыд, уым куыд дзурынц, афтӕ нӕ, фӕлӕ классикон (литературон) ӕвзагыл дзурыныл.

А.П. Чехов хуымӕтӕджы нӕ загъта: «…интеллигентон адӕймагӕн литературон ӕвзагыл дзурын нӕ зонын, уый кӕсын ӕмӕ фыссын нӕ зонынӕй уӕлдай нӕу».

Рӕзгӕ фӕлтӕры ирондзинадыл ахуыр кӕнӕм, ӕмбарын сын кӕнӕм, мадӕлон ӕвзаг куы нӕ зоной, уӕд сӕ дунеӕмбарынад ӕххӕст кӕй нӕ уыдзӕн ӕмӕ сӕ уый сӕ дарддӕры цардвӕндаджы къуылымпы кӕй кӕндзӕн, уый.

Иуӕй-иутӕ сӕ «культурондзинад» равдисыны охыл сӕ ныхас ӕнӕхъуаджы ӕндӕр ӕвзӕгтӕй ӕрбайсгӕ дзырдтӕй байдзаг кӕнынц. Уый ӕнӕфенддзинад у. Ахӕмтыл йӕ рӕстӕджы ӕгъатырӕй фӕхудти ирон драматургийы бындурӕвӕрӕг Брытъиаты Елбыздыхъо йӕ комеди «Уӕрӕседзау»-ы.

Дӕ хъуыдытӕ кӕнӕ иронау зӕгъ, кӕнӕ уырыссагау, ӕмхӕццӕ сӕ цӕмӕн кӕныс? О, куыд иннӕ ‘взӕгты, афтӕ ирон ӕвзаджы дӕр бирӕ ис ӕрбайсгӕ дзырдтӕ, фӕлӕ сӕ ӕнӕхъуаджы пайда кӕнын ницӕмӕн хъӕуы. Иу ныхас иронау, дыууӕ та — уырыссагау. Цы ма уа уымӕй ӕнаивдӕр!

Не ‘ргом аздахын хъӕуы пропагандӕйы ӕппӕт мадзӕлттӕм: газетты, журналты, чингуыты, радиойы, телеуынынады, театры уавӕрмӕ.

Ӕвзаджы хъысмӕтыл сӕхи тыхсӕг куы скодтой, уӕд уал дикторӕй, журналистӕй, газетты кусджытӕй бирӕтӕ сӕхи ныхасы культурӕйыл цӕуылнӕ бакусынц? Цӕуылнӕ бафӕзмынц абоны артисттӕй бирӕтӕ, сӕ ныхас зӕрдӕмӕ арф кӕмӕн хъардта, ӕвзаджы аив, раст дзурыны ӕгъдӕуттӕ иттӕг хорз чи зыдта, нӕ сӕр бӕрзонд кӕмӕй хӕссӕм, уыцы сценикон ныхасы дӕсныты?

Уыдонӕй иу йӕ рӕстӕджы театр схуыдта, ӕппӕт адӕмы дӕр мадӕлон ӕвзагыл рӕсугъд дзурыныл чи ахуыр кӕны, ахӕм диссаджы скъола. Кӕм ис абон уыцы скъола? Цы хъусӕм нӕ театры сценӕйӕ, радиойӕ, телевизорӕй?

Уӕдӕ алкӕмӕ дӕр бахъарӕд, ӕвзаг кӕй у адӕмы иумӕйаг культурӕйы артдзӕст, сӕ зонд, се ‘гъдау, сӕ цард, ӕмӕ йӕ, цыкурайы фӕрдыгау, бахъахъхъӕнын кӕй хъӕуы. Уымӕй ноджы бӕрзонддӕр сисдзыстӕм цытджын Къостайы ном, ӕппӕт нацийы ном.

Пагӕты Заремӕ,

педагогон зонӕдты кандидат, доцент

(“Рӕстдзинад”-ы архивӕй)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here