Лӕгӕй лӕг зӕгъын хъӕуы

0
357

Нӕ бӕстӕйы авиацийы рӕзты стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ ис Ирыстонӕн. Нӕ республикӕ Райгуырӕн бӕстӕйӕн радта Советон Цӕдисы ссӕдз Хъӕбатыры, Уӕрӕсейы иу Хъӕбатыр, ССР Цӕдисы сгуыхт ӕфсӕддон тӕхджытӕ-фӕлварджытӕ — фондз, ССР Цӕдисы сгуыхт тӕхджытӕ — дыууӕ, Уӕрӕсейы иу сгуыхт тӕхӕг ӕмӕ 20 авиацион инӕлары. Уыцы инӕлӕрттӕй иу у Ирыстоны уарзон хъӕбул Къаболаты Солтан.

Авиацийы инӕлар-майор Къаболаты Солтан райгуырд 1935 азы 10 августы ӕрыдоны районы Хъӕдгӕроны. Йӕ фыд Налыхъ ӕмӕ мад Надя уыдысты зӕхкусджытӕ. Куыстой колхозы. Фӕллойуарзаг ӕмӕ уӕздан лӕг ӕмӕ усӕн стыр кад уыдис хъӕубӕсты. Ахуырад сӕм кӕд нӕ уыдис, уӕддӕр сӕ дунескӕнӕг Хуыцау схайджын кодта ӕрдзон зондӕй, уыдысты куырыхон, ирон ӕгъдӕуттыл хӕст бинонтӕ. Сӕ фондз фырты ӕмӕ иунӕг чызджы хъомыл кодтой сӕхи сыгъдӕг удты фӕллойӕ. Сӕ зондмӕ сын хастой, сӕ хистӕртӕй цы ирон уӕздандзинад, ӕфсарм, фӕзминаг ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕндӕр хорз миниуджытӕ райстой, уыдон. Цард сӕм йӕ мидбылты худт.

Фӕлӕ уалынмӕ нӕ бӕстӕйы ныгуылӕн хайӕ ӕрбайхъуыст ӕвирхъау хабар: Германы ӕфсӕдтӕ гадзрахатӕй ӕрбабырстой Советон Цӕдисмӕ. Уыцы сӕрдыгон хуыцаубон, 1941 азы 22 июн, ӕнустӕм баззадис адӕмы хъуыдӕджы, баззад зӕрдыллӕууӕн бонӕй. Фӕстӕдӕр дунейы ӕппӕты стырдӕр, ӕгъатырдӕр, карздӕр ӕмӕ егъаудӕр тугкалӕн хӕст кӕй схуыдтой, уырдӕм атындзыдтой Ирыстоны сагсур фӕсивӕд ӕмӕ сӕрӕн лӕппулӕгтӕ дӕр. Уыдонимӕ уыдис хъӕдгӕройнаг Къаболаты Налыхъ дӕр. Хъыгагӕн, хӕстамонд ӕй нӕ фӕци: 1942 азы хъӕбатырӕй фӕмард.

Ӕхсӕз сывӕллоны мад идӕдзӕй аззад. Цы гӕнӕн ма йын уыд ӕндӕр: йӕ дыстӕ арф батылдта ӕмӕ ныййарӕджы хӕстӕ ӕххӕст кодта, куыд ӕмбӕлд, афтӕ. Уый нӕ, фӕлӕ ма нӕлгоймаджы куыстытӕ дӕр кастысты йӕхимӕ уыцы уӕззау хӕстон ӕмӕ хӕсты фӕстӕйы цалдӕр ӕххормаг азы. Надя тырныдта йӕ хъӕбулты раст фӕндагыл аразынмӕ, ахуыры фӕндагыл. Уымӕ ӕмхиц уыдысты йӕ кӕстӕртӕ, уӕлдайдӕр йӕ фидӕны инӕлар, ӕххуысхъом ын чи фӕци, уыцы лӕджы бындзӕфхад Солтан. Уалдзыгон хортауӕнты, сӕрдыгон рувӕнты, фӕззыгон хорӕфснайӕнты ӕмӕ суанг зымӕгваг суг ӕрцӕттӕ кӕныны куыстыты дӕр уыд йӕ мад Надяйы фарсмӕ, рог ын кодта йӕ къух.

Ахуырмӕ рӕвдз уыд фидӕны инӕлар. Уӕлдай рӕвдздӕр та — математикӕмӕ. Хынцинӕгтӕ ахынцын ын ӕхсынӕнтӕ акъӕрцц кӕныны хуызӕн уыдис. Хуымӕтӕджы нӕ фыссы Дзагуырты Галинӕ йӕ чиныг «Сыны Отечества»-йы Солтаны тыххӕй: «Канд къласы нӕ, фӕлӕ скъолайы дӕр уыд хуыздӕр математик… ахуыргӕнджытӕ дис кодтой, хынцинаг раст саразынӕн-иу цы ног мадзал ӕрхъуыды кодта, ууыл». Бинонты ‘хсӕн, скъолайы, фӕскомцӕдисы, колхозы Солтан райста хорз фӕллойадон фӕлтӕрддзинад, патриотон ӕмӕ удварнон хорз хъомылад, Фыдыбӕстӕ уарзын ӕмӕ Сырх ӕфсадӕн стыр аргъ кӕныны ӕнкъарӕнимӕ. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ирон фӕсивӕд рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цингӕнгӕйӕ цыдысты ӕфсӕддон службӕмӕ. Уӕлдай арӕхдӕр та афицер суӕвынмӕ тырныдтой. Советон дуджы се ‘ргом тынгдӕр здӕхтой, хӕдтӕхӕджы рохтыл ӕрхӕцгӕйӕ, ӕрвон тыгъдады маргъау «ленк» кӕнынмӕ. Уыдонимӕ уыдис Къаболаты Солтан дӕр. Фӕндыдис ӕй ӕртынӕм азты Советон Цӕдисы фыццаг Хъӕбатыртӕ Валерий Чкалов, Михаил Громов, Михаил Водопьянов, Александр Ляпидевский, Валентинӕ Гризодубова, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты намысджын тӕхджытӕ, Советон Цӕдисы ӕртӕ хатты Хъӕбатыртӕ Александр Покрышкин ӕмӕ Иван Кожедуб, нӕхи ӕхсарджын тӕхджытӕ, Советон Цӕдисы Хъӕбатыртӕ Остъаты Алексей, Дзусаты Ибрагим ӕмӕ Цоколаты Геннадийы хуызӕн тӕхӕг суӕвын.

1952 азы астӕуккаг скъолайы фӕстӕ райдыдта ӕххӕст кӕнын йӕ бӕллиц: ахуыр кӕнынмӕ бацыд Кременчугы тӕхджыты ӕфсӕддон-авиацион скъоламӕ. Уым райста тӕхыны хъуыддаджы фыццаг зонындзинӕдтӕ. Авиаскъолайы курсант Къаболаты Солтан ахуыр кодта иттӕг хорз, тырныдта алы хъуыддаджы дӕр иннӕты разӕй уӕвынмӕ. Уым ахуыр кӕнгӕйӕ, ӕрцыд тӕхӕг-куынӕггӕнӕг суӕвыны хъуыдымӕ. Уым стахт фыццаг хатт ахуырадон хӕдтӕхӕг Як-18-ыл арвы тыгъдадмӕ, фӕстӕдӕр та Як-11-ыл тахт.

1953 азы Солтаны аивтой Чугуевы ӕфсӕддон-авиацион училищӕмӕ. Ӕртӕ азы ахуыр кодта уым тӕхӕг-куынӕггӕнӕгыл, тахт МиГ-15 хӕдтӕхджытыл. Алкӕй бон нӕ уыдис уым ахуыр кӕнын. Курсанттӕй цалдӕр нӕ бафӕрӕзтой ахуырты ӕндыгъддзинадӕн. Солтаны ӕрцардта, уымӕй размӕ тӕхджыты скъолайы йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста, уый. Ӕмӕ кӕд училищӕйы ахуыр кӕнын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр хъӕдгӕройнаг курсант ныффӕрӕзта ахуыры, тӕхыны, физикон цӕттӕдзинад ӕмӕ ӕндӕр хабӕрттӕн.

1956 азы ӕнтыстджынӕй каст фӕци училищӕ, ӕмӕ ӕрыгон лейтенант ӕрвыст ӕрцыд Ленинграды облӕсты цӕрӕн бынат Левашовойы авиацион полкъмӕ, уыд тӕхӕг-куынӕггӕнӕг. Уыцы азты нӕ бӕстӕйы сӕргъы уыдис Никитӕ Хрущев, тӕлтӕг, ӕнӕрхъуыды разамонӕг. Уый авиацион ӕфсӕдтӕн, шахтертӕн ӕмӕ газетты кусӕг журналисттӕн цы фыддзинад сарӕзта, уымӕн абарӕн ницӕимӕ ис. Ӕрцыбыртӕ кодта ӕфсады авиацион хӕйтты, ӕркъуырдта шахтерты мӕйы мызд, журналистты гонорар.

Левашовы авиаполкъ нал уыд. Чи дзы службӕ кодта, уыдонӕй бирӕтӕ сагъӕссаг фесты. Куыд суинаг хӕстон тӕхӕг, афтӕ Солтаны аивтой Эстонимӕ. Уым горӕт Тапайы службӕ кодта куынӕггӕнӕг полчъы. Радтой йын хистӕр лейтенанты цин. Снысан ӕй кодтой тӕхджыты цӕджы командирӕй, фӕстӕдӕр та авиацион эскадрилийы штабы хицауӕй. Уым, Прибалтикӕйы ӕфсӕддон зылды, Солтан ӕрхӕцыд, зӕлӕй тагъддӕр чи тӕхы, ахӕм хӕдтӕхӕджы рохтыл. Йӕ арӕхстдзинады тыххӕй йын радтой тӕхӕджы 2-аг къласы, стӕй та 1-аг къласы ӕвдисӕндар. 1960 азы йын ӕмгъуыдӕй раздӕр радтой капитаны цин.

Уыцы азты цӕхгӕр фӕкарздӕр сты ССР Цӕдис ӕмӕ АИШ-ы ‘хсӕн ахастдзинӕдтӕ. «Уазал хӕст» уыдис йӕ тӕккӕ тынгыл. 1962 азы фӕззӕджы Карибы кризис дуне фӕцӕйӕппӕрста ядерон фыдбӕллӕхы. Тӕссаг уыд, ӕртыккаг дунеон хӕст куы райдайа, уымӕй. Уымӕй дыууӕ азы раздӕр америкаг шпион-тӕхӕг, Советон Цӕдисы уӕлдӕфон арӕн фехалгӕйӕ, нӕ бӕстӕмӕ куы ‘рбатахт, уӕд Советон Хицауады бахъуыд нӕ уӕлдӕфон тыгъдад хъахъхъӕнӕг ӕфсӕдты, уӕлдайдӕр авиаци, фӕхъомысджындӕр кӕнын. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады ӕфсӕдты системӕйы уыдис, Солтан цы полчъы службӕ кодта, уый дӕр. Ӕфсадмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты хӕстон хӕдтӕхджыты ног хуызтӕ. Уыдонимӕ уыд хӕдтӕхӕг Су-9 дӕр. Тахт 20 мин метры бӕрзӕндты. Йӕ тагъдад уыд зӕлы тагъдадӕй дыууӕ хатты фылдӕр (2500 километры сахатмӕ). Ӕрхауд уыцы ног хӕдтӕхджытӕй горӕт Тапайы куынӕггӕнӕг полкъмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уыдис бӕстӕйы ныгуылӕйнаг арӕнмӕ ӕввахс.

О, фӕлӕ полчъы ног, гӕрзифтонгдӕр Су-9 хӕдтӕхӕг скъӕрынмӕ ничи арӕхст. Ӕвӕстиатӕй ахуыр кӕнынмӕ арвыстой тӕхджыты фыццаг къорд. Уыцы къорды уыдис 1-аг къласы ӕфсӕддон тӕхӕг Къаболаты Солтан дӕр. Уый уыд, ацы нырыккон хӕстон хӕдтӕхӕг 22 километры уӕларвмӕ чи стӕхын кодта, уыцы фыццӕгтӕй иу. Ног хӕдтӕхӕг иттӕг хорз сахуыр кӕныны фӕстӕ ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кодта ӕхсӕвӕй, бонӕй Фыдыбӕстӕйы уӕлдӕфон арӕнтӕ хъахъхъӕныны хӕстӕ цыфӕнды метеорологон ӕууӕлты дӕр.

Су-9 хӕдтӕхӕгыл ахуырадон атахтыты рӕстӕг Солтан алыхуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахауд уӕззау уавӕры. Фӕлӕ йӕ фӕлтӕрддзинад, зонындзинӕдтӕ, ныфсы фидардзинад, ӕхсар ӕмӕ тӕхӕджы арӕхстдзинады фӕрцы уӕлахиз кодта тӕссаг уавӕртыл, иу хатт та йӕ хӕдтӕхӕгӕй рагӕпп кӕнын бахъуыд. «Абоны “Су” хӕдтӕхджытӕ уӕды “Су”-тӕ не сты, — ӕрымысы Солтан. — Уӕд уыцы хӕдтӕхӕг хауд, кӕд ӕмӕ йӕ кӕм бафӕндыд, уым». Иуахӕмы 20 мин метры бӕрзӕнды, хӕдтӕхӕг фӕлваргӕйӕ, ахуыссыд мотор. Фӕлваргӕ та йӕ кодта бындуронӕй йӕ сцалцӕг кӕныны фӕстӕ. Моторы цыдӕр хъуагдзинад уыдис. Уавӕр кӕд тӕссаг уыдис, уӕддӕр Солтан нӕ фӕуыргъуыйау, архайдта ныфсджынӕй ӕмӕ фидарзӕрдӕйӕ, ӕмӕ 3,5 мин метры бӕрзӕнды скусын кодта мотор. Атахт ахицӕн ӕнӕфыдбылызӕй.

Хӕдтӕхӕджы мотор арвыстой заводмӕ, уым сбӕлвырд кодтой аххосаг ӕмӕ йӕ бӕлвырд техникон ӕмӕ конструктивон мадзӕлтты фӕрцы аиуварс кодтой.

«Фондз азы фӕстӕ та йыл ӕндӕр ӕвирхъау  цау ӕрцыд, — фыста фондз азы размӕ газет «Рӕстдзинад»-ы Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг Куыдзиаты Мурат, кӕддӕр Кременчугы ӕфсӕддон училищӕйы кӕимӕ ахуыр кодта ӕмӕ ӕфсымӕр кӕмӕй загъта, уый тыххӕй юбилейон очерк «Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстоны Хъӕбатыр фырт»-ы. — Райстой заводӕй ног хӕдтӕхӕг Су-9. Заводӕй-иу цы хӕдтӕхджытӕ райстой, уыдонӕн-иу раздӕр сбӕрӕг кӕнын хъуыд сӕ куыст уӕлдӕфы тӕхгӕйӕ. Уыцы хъуыддаг ӕххӕст кодтой ӕрмӕстдӕр дӕсны тӕхджытӕ. Солтан ыл атахт, ссӕдз километры бӕрзӕнды газы сектор куы алхъывта, тагъдад фӕфылдӕр кӕнон, зӕгъгӕ, уӕд мотор ӕрлӕууыд. Ахӕм тӕссаг уавӕры, цы ӕмбӕлы, уыцы хъуыддӕгтӕ куы бакодта Солтан, уӕд мотор скуыста ӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй йӕхи аэродромы ӕрбадын кодта хӕдтӕхӕг. Уым ӕм техниктӕ ӕркастысты ӕмӕ йӕ арвыстой заводмӕ. Конструктортӕ моторы ссардтой хъӕндзинӕдтӕ. Завод ног мотортӕ аразын райдыдта ӕмӕ сӕ иннӕты бӕсты ӕвӕрдтой. Солтаны дӕсныдзинады фӕрцы Су-9-ы бирӕ тӕхджытӕ мӕлӕтӕй аирвӕзтысты».

Къаболаты Солтан тӕхынмӕ куыд дӕсны ӕмӕ рӕвдз уыд, афтӕ арӕхстджын куыст кодта, йӕ дӕлбар чи уыд, уыцы рӕнхъонтимӕ, сержанттимӕ ӕмӕ техниктимӕ. Разӕнгард сӕ кодта сӕ хӕстӕ ӕфсӕддон Уставмӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, Фыдыбӕстӕ, Советон Цӕдис уарзынмӕ ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг йӕ бахъахъхъӕнынмӕ.

1966 азы майор Къаболаты Солтан ӕрвыст ӕрцыд Мӕскуымӕ Ленины номыл ӕфсӕддон-политикон академийы ахуыр кӕнынмӕ. Ахуыр кодта тынг хорз. Уыд курсы хистӕр. Академи каст фӕци 1970 азы иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ. Радтой йын дӕлбулкъоны цин ӕмӕ йӕ арвыстой йӕхи полкъмӕ. Райдыдта службӕ кӕнын полчъы командиры хӕдивӕгӕй, политикон хайады хицауӕй. Йӕ тӕхын дӕр нӕ ныууагъта, уымӕ гӕсгӕ йын уыд уӕлдай стырдӕр кад тӕхджыты цӕсты. Ахӕм политикон кусджытӕ стӕм уыдысты авиацион ӕфсӕддон дӕлхайӕдты.

1974 азы дӕлбулкъон Къаболаты Солтаны раивтой уӕлдӕр бынатмӕ Таллинмӕ, снысан ӕй кодтой ӕрвон тыгъдад хъахъхъӕнӕг дивизийы политикон хайады хицауы хӕдивӕгӕй. Афӕдзы фӕстӕ авиацийы булкъон Къаболаты Солтан балӕууыд горӕт Южно-Сахалинскы. Снысан ӕй кодтой бӕстӕйы скӕсӕйнаг уӕлдӕфон арӕнтӕ хъахъхъӕнӕг 24-ӕм дивизийы политхайады хицауӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, службӕйы ног бынаты цӕрыны фадӕттӕ ӕмӕ уавӕртӕ цауддӕр уыдысты, фӕлӕ Солтан ӕнцон цӕрӕн бынӕттӕ нӕ агуырдта. Йӕ зонындзинӕдтӕ, йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ хъару кӕм хъуыдысты Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕныны хъуыддаджы, уым сӕ лӕвӕрдта ӕнӕвгъауӕй.

1979 азы 24-ӕм дивизи, вазыгджын ӕрдзон ӕмӕ политикон уавӕрты хӕстон ахуырты райста иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕн. Ӕмӕ уым Солтаны ахадгӕ бавӕрӕн кӕй уыд, уымӕн ӕвдисӕн бӕрзонд хӕрзиуӕг — «ССР Цӕдисы Гӕрзифтонг Тыхты Райгуырӕн бӕстӕйӕн службӕ кӕныны тыххӕй» III къӕпхӕны орден.

Уыцы аз Къаболаты булкъоны раивтой горӕт Владивостокмӕ, снысан ӕй кодтой ӕрвон тыгъдад хъахъхъӕнӕг корпусы политхайады хицауӕй. 1981 азы та уӕлдӕр командӕкӕнынады бардзырдӕй нысангонд ӕрцыд Дардскӕсӕйнаг ӕфсӕддон зылды ӕрвон тыгъдад хъахъхъӕнӕг ӕфсӕдты политикон хайады хицауӕй. Ацы хатт йӕ службӕйы бынат уыдис горӕт Хабаровскы. 1982 азы февралы Къаболаты Налыхъы фырт Солтанӕн радтой ӕфсӕддон цин «авиацийы инӕлар-майор».

1986 азы авиацийы инӕлар-майор Къаболаты Солтаны раивтой Минскмӕ стыр паддзахадон ахадындзинады службӕмӕ, снысан ӕй кодтой ӕрвон тыгъдад хъахъхъӕнӕг 2-аг сӕрмагонд ӕфсады ӕфсӕддон Советы уӕнгӕй. Уыцы ӕфсад ӕххӕст кодта Белоруссийы, Прибалтикӕйы, Калининграды облӕсты ӕмӕ Ныгуылӕн Украинӕйы иу хайы уӕлдӕфон тыгъдад хъахъхъӕныны бӕрнон хӕстӕ.

Нӕ бӕстӕ ивгъуыд ӕнусы дӕр хӕларӕй цард Сириимӕ. Ӕмӕ 1989 азы Хӕстӕг Скӕсӕны уавӕр куы фӕвазыгджындӕр, уӕд авиацийы инӕлар-майор Къаболаты Солтан ӕрвыст ӕрцыд фӕсарӕйнаг командировкӕйы. Уыд Сирийы Араббаг Республикӕйы Сӕйраг ӕфсӕддон уынаффӕгӕнӕджы хӕдивӕг.

1991 азы ССР Цӕдис бӕстӕйы уӕлдӕр разамынды гадзрахатдзинады аххосӕй хӕлын куы райдыдта, Советон ӕфсад мӕгуыргуры уавӕрмӕ хауын куы райдыдта, уӕд Солтан рапорт балӕвӕрдта запасмӕ рацӕуыны тыххӕй ӕмӕ 1992 азы рацыд ӕфсадӕй.

Солтан иттӕг хорз кӕй службӕ кодта, уый тыххӕй йӕ схорзӕхджын кодтой дыууӕ ӕппӕты кадджындӕр ӕфсӕддон орденӕй: «ССР Цӕдисы Гӕрзифтонг Тыхты Райгуырӕн бӕстӕйӕн службӕ кӕныны тыххӕй» III-аг ӕмӕ II-аг къӕпхӕнты ордентӕй. I-аг къӕпхӕны орден ын радтыны тыххӕй дӕр йӕ гӕххӕттытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты Мӕскуымӕ, фӕлӕ йын ӕй уӕлдӕр хицауадӕй кӕйдӕр цӕст нӕ бауарзта, ӕмӕ йын уыцы хӕрзиуӕджы бӕсты радтой Сырх Стъалыйы орден. Ам зӕгъын ӕмбӕлы уый, ӕмӕ Райгуырӕн бӕстӕйӕн ССР Цӕдисы Гӕрзифтонг Тыхты службӕ кӕныны тыххӕй дыууӕ къӕпхӕны ордентӕ Солтан йеддӕмӕ ничи райста, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты фӕстӕ ирон фӕсивӕдӕй ӕфсӕддон службӕ чи кодта, уыцы афицертӕй ӕмӕ инӕлӕрттӕй.

Советон ӕфсады 40 азы баслужбӕ кӕныны фӕстӕ 57-аздзыд инӕлар ӕрыздӕхт йӕ райгуырӕн къуыммӕ, йӕ бинонты Минскы ныууадзгӕйӕ. Куыд ӕппӕт бӕстӕйы, афтӕ Ирыстоны дӕр рӕстӕг уыдис змӕст. Уӕлдай змӕстдӕр та уыдис Хуссар Ирыстоны. Солтан кусын райдыдта ӕппӕты вазыгджындӕр къабӕзты, йӕ зонд, йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕм хъуыдысты, уыдоны. 1992 азы Ирыстоны фыццаг Президент Галазты ӕхсарбеджы фӕндонӕй Солтан балӕууыд Хуссар Иры ӕмӕ командӕ кодта Фидауынгӕнӕг тыхтӕн. Дыууӕ азы фӕстӕ та кусын райдыдта РЦИ-Аланийы ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министры хӕдивӕгӕй, фӕстӕдӕр та уыд Национ хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕг.

Ссӕдз азы размӕ авиацийы инӕлар-майор Къаболаты Солтаны Ирыстоны хӕсты, фӕллойы ӕмӕ Гӕрзифтонг тыхты ветерантӕ сӕвзӕрстой республикӕйы Ветеранты советы сӕрдарӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ арӕхстджын разамынд дӕтты ацы ӕхсӕнадон организацийӕн, ӕвӕллайгӕйӕ архайы ветеранты царды уавӕртӕ фенцондӕр кӕныныл. Солтаны хъӕппӕрисӕй цӕхгӕр фӕхуыздӕр республикӕйы Хицауады цӕстӕнгас ветерантӕм, уӕлдайдӕр та хӕсты ветерантӕм. Уыдонӕй бирӕтӕ банкъардтой сӕхиуыл Ветеранты советы ӕмӕ Хицауады аудындзинад, бирӕтӕ дзы райстой лӕвар фатертӕ, рог машинӕтӕ, ӕхцайы фӕрӕзтӕ. Рохуаты нӕ баззайынц Уӕлахизы алы бӕрӕгбонмӕ дӕр, иу дзырдӕй, рӕвдыдхъуаг не сты нӕ буц хистӕртӕ — хӕсты ӕмӕ фӕллойы ветерантӕ.

Солтаны разамындӕй абон РЦИ-Аланийы Ветеранты совет у ӕппӕты кадджындӕр организацитӕй иу канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Уӕрӕсейы хуыздӕр организациты ‘хсӕн дӕр. Хорз ма йӕ хъуыды кӕнын, 2008-ӕм азы Солтан цы стыр куыст бакодта, цӕмӕй нӕ республикӕйы сӕйраг горӕт Дзӕуджыхъӕуӕн Хӕстон намысы горӕты ном лӕвӕрд ӕрцӕуа, уый. Уыцы ныхас фыццагдӕр уымӕй рацыд.

РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сӕрдары куыстӕй уӕлдай ма Солтан архайы бирӕ ӕхсӕнадон хъуыддӕгты. У оргкомитет «Уӕлахиз»-ы сӕрдары хӕдивӕг, республикӕйы министрадты коллегитӕй цалдӕры уӕнг, Уӕрӕсейы Федерацийы Гӕрзифтонг тыхты запасы афицерты иугонды Национ ассоциаци «Мегапир»-ы Директорты советы уӕнг. Ӕвӕллайгӕйӕ архайы чингуытӕ «Сыны Осетии в Великой Отечественной», «Солдаты Победы» ӕмӕ ӕндӕр патриотон литературӕ рауадзыны хъуыддаджы.

Уыдис РЦИ-Аланийы Парламенты депутат дӕр.

Авиацийы инӕлар-майор Къаболаты Солтанӕн йӕ ӕнӕзӕрдӕхудт службӕйы ӕмӕ хорз куысты тыххӕй бирӕ хӕрзиуджытӕ саккаг кодта Хицауад. «ССР Цӕдисы Гӕрзифтонг Тыхты Райгуырӕн бӕстӕйӕн службӕ кӕныны тыххӕй» III-аг ӕмӕ II-аг къӕпхӕны ордентӕй уӕлдай ма бӕрӕгбонты йӕ риуӕй цӕхӕртӕ фӕкалынц Сырх Стъалыйы орден, Кады орден, хуссарирыстойнаг орден «Кады нысан», фондз азы размӕ йӕ РЦИ-Аланийы уӕды Сӕргълӕууӕг ӕгъуызарты Тамерлан цы «Намысы орден»-ӕй схорзӕхджын кодта, уый, ӕмӕ ссӕдз майданӕй фылдӕр, уыдонимӕ Покрышкины майдан ӕмӕ «Ирыстоны Намысӕн» дӕр. Ис ӕм Сириаг Араббаг Республикӕйы ӕмӕ Манголы паддзахадон хӕрзиуджытӕ дӕр. Солтаны ном ис Уӕрӕсейы хуыздӕр адӕймӕгты энциклопедийы фӕндзӕм чиныджы.

Ӕртиссӕдз азы размӕ Къаболаты Солтан йӕ цард баиу кодта сӕхи хъӕуккаг чызг Демыраты Тамарӕимӕ. Уӕдӕй абонмӕ цӕрынц кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ. Ӕфсӕддон службӕйы дӕр ӕмӕ ныр дӕр, Солтан царды ӕнтыстджын ӕмӕ ныфсджын кӕй уыдис ӕмӕ у, уым Тамарӕйы бавӕрӕн чысыл нӕу. Уый йӕ цардӕмбалӕн кӕддӕриддӕр уыд ныфсы мӕсыг, фидар лӕууыд йӕ фарсмӕ. Хъысмӕт ын-иу кӕдӕм аппӕрста йӕ сӕрыхицауы, уырдӕм цыд йемӕ. Афтӕмӕй балӕууыд Дард Хурыскӕсӕны, горӕттӕ Хуссар-Сахалинск, Владивосток ӕмӕ Хабаровск уыдысты йӕ рӕстӕгмӕйы цӕрӕнбынӕттӕ. Афтӕ Минск ӕмӕ Дамаск дӕр.

Солтан ӕмӕ Тамарӕ царды раст ӕмӕ рӕсугъд фӕндагыл сарӕзтой сӕ фырт Сергейы. Уый сын балӕвар кодта ӕртӕ кӕстӕры. Ис кӕстӕртӕ уыдонӕн дӕр. Сӕ иуыл сӕвӕрдтой Солтаны ном. Се ‘ппӕты хуртӕй дӕр бафсӕдӕнт сӕ кадджын хистӕртӕ Солтан ӕмӕ Тамарӕ!

Къаболаты Солтаны бафӕзминаг миниуджытӕй иу у, ӕмгаруарзаг кӕй у, уый, ӕфсымӕрдзинад ӕм бӕрзонд ӕвӕрд у. Уый тыххӕй фондз азы размӕ йӕ очеркы фыста Куыдзиаты Мурат: «Чугуевы ӕфсӕддон тӕхджыты училищӕ каст куы фӕци, уӕд ма йемӕ уыдысты Багаты Валодя, Бесолты Алыксандр, Хъӕрджынты Мурат, ӕхболӕтты Сергей ӕмӕ ацы рӕнхъыты автор. Никуы ферох кодта Солтан ацы лӕппуты ӕмӕ мӕн дӕр. Сӕ алы хабӕртты дӕр кӕддӕриддӕр сӕ уӕлхъус лӕууыд йӕ фадатмӕ гӕсгӕ. Къаболаты Солтан, Багаты Валодя ӕмӕ ӕз, Кременчугы тӕхджыты скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ, ӕфсымӕрдзинад загътам ӕмӕ йӕ ныр дыууӕйӕ хӕссӕм абоны онг дӕр». Валодя се ‘хсӕнӕй фӕхъуыд.

Ацы бонты РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сӕрдар, авиацийы инӕлар-майор Къаболаты Солтаныл сӕххӕст 85 азы. Уый фӕдыл ын газет «Рӕстдзинад»-ы коллективы номӕй кӕнын зӕрдиаг арфӕ. Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад, бинонты, кӕстӕрты амонд ӕмӕ адӕмы уарзондзинад. Дӕ сӕдӕ азы сӕрты абонау уӕнгрог ӕмӕ зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй куыд бахизай, ахӕм хорздзинад дӕ уӕд, Солтан!

Багаты Аврам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here