Поэт, прозаик, драматург, публицист, нывгӕнӕг
Чеджемты Георы райгуырдыл сӕххӕст 80 азы
Адӕймаджы зӕрдӕ хицӕн стыр дуне кӕй у, йӕ уд ӕмӕ зонд та йӕ райгуырӕн уӕзӕджы ӕрдз, хистӕрты фарныл кӕй ӕнцой кӕны, уый йӕ царды ӕмӕ йӕ алывӕрсыг сфӕлдыстадон архайдӕй чи равдыста, уыцы дзырдаивады дӕснытӕй иу уыд курдиатджын поэт, прозаик, драматург, нывгӕнӕг, публицист, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг, Гӕдиаты Цомахъы номыл премийы лауреат Чеджемты Зӕкӕриайы фырт Геор.
Чеджемы-фырты чи зыдта, уыцы хӕлӕрттӕ йӕ бахъуыды кодтой уӕздан, фӕлмӕнзӕрдӕ, хиуылхӕст, ӕцӕг ирон лӕгӕй. Йӕ уды ӕппӕт мидыскондӕй дӕр Геор йӕхи сфӕлдыстадон куыстӕн нывондӕн кӕй хаста, афтӕ куы зӕгъон, уӕд рӕдыд нӕ уыдзӕн. Уымӕн дзы йӕ зӕрдӕйы арфӕй, ӕрттигъау, ӕрттывта йӕ бирӕвӕрсыг курдиат. Ӕмӕ йӕ йӕ дзыллӕйӕн йӕ царды фӕстаг бонтӕм йӕ уды кувӕндоны кувӕггагау арфӕйагӕй ӕмӕ рӕдауӕй лӕвар кодта.
Геор райгуырд 1940 азы Заманхъулы. Ацы хъӕубӕсты цӕрджытӕн аивадмӕ уарзт Хуыцауӕй лӕвӕрд у. Кафынмӕ, зарынмӕ сӕ разӕй никӕй ауадздзысты. Георӕн дӕр йӕ ныййарджытӕ фыд Зӕкӕриа, мад Верычкӕ уыдысты, хъӕубӕсты уӕзданӕй, хи фӕллойӕ цӕрын чи фӕрӕзта, ахӕм куыстуарзаг хистӕртӕ. Сӕ лӕппу Геормӕ нывгӕнӕджы курдиат фӕхӕццӕ йӕ фыдӕй. Уый хъӕубӕсты нымад уыд дӕсны цыртытӕгӕнӕгыл. Уӕдӕ йын дзырдаивады дунемӕ та фӕндаг бакодтой хъӕуы хистӕртӕ. Сӕ боны куыстыты фӕстӕ-иу ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ-иу, Къостайы загъдау, сӕ хорз кадджытӕн, сӕ хорз зарджытӕн кӕрон кӕм уыди. Чысыл Геор та сӕм хъусынӕй не ‘фсӕст.
Ахуыр кӕнынмӕ бацыд хъӕуы астӕуккаг скъоламӕ. Ам райдыдта ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын дӕр. Хистӕр кълӕсты ахуыр кӕнгӕйӕ, йе ‘мдзӕвгӕтӕ арӕхӕй-арӕхдӕр цӕуын райдыдтой районы газеты.
Йӕ зӕрдӕйы арфы, дзырдаивадӕй уӕлдай нывгӕнӕджы курдиаты зынг кӕй сыгъд, уымӕ гӕсгӕ Геор астӕуккаг скъола каст фӕуыны фӕстӕ дарддӕр ахуыр кӕнынмӕ бацыд Цӕгат Ирыстоны педагогон училищӕмӕ. Ам ын уыд ӕппӕт фадӕттӕ дӕр, цӕмӕй йӕ курдиат, куыд фыссӕг, поэт ӕмӕ нывгӕнӕг, афтӕ ӕхсида. Йе ‘мдзӕвгӕтӕ ӕмӕ радзырдтӕ арӕхӕй-арӕхдӕр цӕуын райдыдтой училищӕйы литературон къорды къухфыст журналы ӕмӕ газет «Рӕстдзинад»-ы. Училищӕ ӕнтыстджынӕй каст фӕуыны фӕстӕ Геор йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ акодта, куыд нывгӕнӕг, афтӕ ӕрыдоны районы газет «Коммунизммӕ фӕндаджы» редакцийы. Ам, канд йӕ нывтӕ нӕ мыхуыр кодта, фӕлӕ ма йын йе ‘мдзӕвгӕтӕ, сывӕллӕттӕн фыст радзырдтӕ адӕм ӕхсызгонӕй кастысты.
1964-1969 азты Геор ахуыр кодта Мӕскуыйы полиграфион институты. Райста дзы полиграфион нывгӕнӕджы дӕсныйад. Ӕмӕ кусын райдыдта сывӕллӕтты журнал «Ногдзау»-ы аивадон редакторӕй. Фӕстӕдӕр ссис чиныгуадзӕн «Ир»-ы аивадон редактор. Йӕ зӕрдӕйы уаг куыд цӕстуарзон, фӕлмӕн, рӕдау уыд, афтӕ йӕ конд нывтыл, йӕ сисы бынӕй цы уацмыстӕ рацыд, уыдон се ‘ппӕтыл дӕр зынд, сӕ автор нываивады ӕмӕ литературӕйы ихсыд формӕтӕ агурыны фӕндагыл кӕй нӕ цӕуы, уый. Цалынмӕ цӕуыл ӕмӕ кӕуыл фыссы, уыцы дзырдаивадон ӕмӕ нываивадон сурӕттӕ йӕ зӕрдӕйы арфы-иу нӕ бахсыста, уӕдмӕ сӕ-иу адӕмы рӕгъмӕ нӕ рахаста.
Геор уыд УФ-йы Фысджыты ӕмӕ Нывгӕнджыты цӕдисты уӕнг. Мыхуыры йын рацыд ӕстдӕс чиныгӕй фылдӕр: «Хазби кафын зоны», «Чичи ӕмӕ Бечи», «ӕрдӕгфыст писмо», «Цины хабар», «Скачите, олени», «Бӕбу мигъагур куыд ацыд», «Чичи зарджытӕ куыд фыста», «Тӕнӕгбазыр, авдхуызон», «Зӕххы зарӕг», «Зӕринӕг», «Дзегуындӕ», «Арвы бӕлӕстӕ», «Цола», «Фыдӕлты хӕзна». Йӕ зӕрдӕйы уагӕй куыд фӕлмӕн уыд, афтӕ йӕ уацмыстӕ дӕр сты фӕлмӕн ӕмӕ парахат, рухс ӕнкъарӕнтӕй дзаг. Цӕрӕгойты дуне, ӕрдз, адӕм, йӕ уацмысты архайджытӕ се ‘ппӕт дӕр сты сыгъдӕгзӕрдӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чиныгкӕсджыты зӕрдӕтӕ, йӕ уацмыстӕ кӕсгӕйӕ, байдзаг вӕййынц сыгъдӕг, ӕрвыгау, ирд тӕлмӕнтӕй.
Геор цы чингуытӕ ныффыста, уыдонӕн нывтӕ скодта йӕхӕдӕг. Цалдӕр хатты йӕ нывтӕй аивгонд чингуытӕ систы ӕппӕтцӕдисон равдыстыты уӕлахиздзаутӕ.
Йӕ чиныг «Арвы бӕлӕстӕ» мыхуыры куы рацыд, уӕд ын хуыздӕр банкъардтам йӕ хӕдхуыз поэтикон курдиат. Ам нын йӕхи равдыста поэт — философӕй, поэт — хъуыдыгӕнӕгӕй. Царды ӕмӕ ӕхсӕнады цаутыл уӕлӕнгӕйтты чи нӕ фыссы, фӕлӕ сыл хигъӕдон зарӕг чи снывӕнды, ахӕм поэтӕй. Мӕнӕ куыд зӕгъы йе ‘мдзӕвгӕ «О Ирыстон»-ы:
Кӕд ӕз дӕ хъыджы бонты зарон,
Мӕ сӕры арвы цъӕх хӕссон;
Кӕд ӕз дӕ цины бон ӕнкъард уон,
Уӕд ме сӕфт ралӕууыд, уый зон;
Ӕмӕ мӕлдзыджы сӕфтыл
Рагацау кӕуон…
Ирыстоныл бирӕ поэттӕ ныффыстой зӕрдӕагайгӕ ӕмдзӕвгӕтӕ, фӕлӕ дзы Геор йӕ райгуырӕн уӕзӕгыл йӕ зарӕг цы хуызы систа, афтӕ иу поэты бон дӕр нӕ баци, Ирыстоныл зӕрдӕагайгӕ, сӕрмагонд нысаниуӕгмӕ чи амоны, ахӕм хъуыдытӕ дзы равдыста. Кӕд Ирӕн йӕ цины бон ӕнкъард уа, йӕ хъыджы рӕстӕг та цин кӕна, уӕд йӕхи поэтыл нӕ, фӕлӕ адӕймагыл дӕр нал нымайы, фӕлӕ йӕхи хоны, уайсахат йе сӕфт кӕмӕн ӕрцыд, ахӕм мӕлдзыг.
Зӕххыл адӕймагӕн цард чи радты, дунейы рухс ын чи фенын кӕны, уый у мад. Фыццагдӕр, уый баузӕлы хъӕбулыл, фыццагдӕр, саби уымӕй фехъусы мадӕлон ӕвзагыл авдӕны зарӕг, фыццагдӕр ын уый ракӕны аргъау, ныййарӕджы хъӕбысӕй акӕны фыццаг къахдзӕфтӕ зӕххыл. Ныййарӕджы зӕрдӕ, уӕларвон зӕдау, сыгъдӕг у, фӕлӕ йӕ хъару куыд бирӕ ӕмӕ ӕнӕбасӕтгӕ у, ууыл дис кӕны поэт ӕмӕ фыссы:
Мин-мин фыдӕбоны
Нӕ басастой
Ныййарӕджы.
Ӕвӕццӕгӕн ыл
Уымӕн сарӕзтой
Мин-мин зарӕджы.
Йӕ иннӕ ӕмдзӕвгӕйы дӕр Геор дарддӕр хӕццӕ кӕны ныййарӕджы темӕ. Ацы ӕмдзӕвгӕйы та йӕ зарӕг нывӕнды не ‘ппӕты рухсгӕнӕг «Хуры мады зарӕг». Ӕмӕ йӕ фӕхайджын кодта зӕххон ныййарӕджы мӕты миниуджытӕй, тӕригъӕдгӕнаг зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕй:
Хур ӕрныгуылди, ӕрфынӕй, —
Оххай, арвыл бафӕллад.
Мад ӕй бамбӕрзта сырх тынӕй,
Стӕй йӕ дӕлфӕдтӕм ӕрбадт.
Арвӕй хур ныгуылынмӕ куы фӕхъавы, уӕд йӕ фӕстӕ цы сырххуыз фӕд уадзы, уый поэт ӕвдисы, куыд хуры сырх ӕмбӕрзӕн, афтӕ. Ӕмӕ дарддӕр зӕгъы:
Хуры бур дзыккутӕ базыл
Мад рӕвдаугӕ-хъавгӕ фасы:
«Хорз фынтӕ — дӕ хай!
Алолай!
Ацы ӕмдзӕвгӕйы поэт хурӕн дӕтты сабийы ӕппӕт миниуджытӕ. Ӕмӕ йыл йӕ мад узӕлгӕ дарддӕр зары:
Абонсарӕй арвыл зилыс, —
Адӕмӕн дӕ хъарм ӕрвитыс
Ды мӕ замманай
Хуры хай
Дарддӕр поэт нымайы хуры ӕппӕт ӕууӕлтӕ: абонсарӕй арвыл зилӕг, адӕмӕн хъарм ӕрвитӕг. Ӕмӕ йӕ мад хоны «замманай хуры хай», Арвӕй Зӕхмӕ хъарм тынуафӕг, рухсӕй алкӕй рӕвдауӕг. Ӕмӕ йын арфӕ кӕны: «Рухсӕй мын цӕрай, Ало-лай! Кӕронбӕттӕн автор аргъ кӕны Хур-мады фыдӕбонӕн ӕмӕ йын, арфӕгӕнӕгау, зӕгъы:
Мад ӕй бамбӕрзта сырх тынӕй,
Мад, сыгъзӕрин фестай, Мад!
Поэт — Чеджемты Геормӕ мады темӕ арӕх ӕмбӕлы. Ӕмдзӕвгӕ «Мады арфӕтӕ», зӕгъгӕ, уымӕй поэт ары йӕ мад Верычкӕйы ном ӕмӕ фыссы:
Ацыди нӕ Мад,
Ацыди тынг дард,
Ӕмӕ цӕры махыл мӕтгӕнгӕйӕ,
Йӕ уидӕгтӕ мысгӕйӕ.
Загътон ӕрбаздӕхдзӕн иу бон, —
Нӕ кӕрты зонгӕ цыд ӕрбакӕндзӕн…
Мадӕн хъӕбул кӕддӕриддӕр саби у, кӕддӕриддӕр ыл мӕт ӕмӕ сагъӕс фӕкӕны, мӕрдты бӕстӕй дӕр ыл йӕ мӕтгӕнаг зӕрдӕйӕ кӕй фӕауды, уый фенӕн ис ацы ӕмдзӕвгӕйы. Куы йӕ кӕсай, уӕд адӕймаг банкъары Геор чиныгкӕсӕгимӕ ам дӕр ӕмныхасгӕнӕг кӕй у:
Фӕлӕ уый бӕрц никуы ныффӕстиат.
Ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕсӕм
Мӕй, афӕдз, ӕртӕ азы, авд азы…
Нӕй, нӕ цуры фӕстӕмӕ
Йӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕм.
Ацы ӕмдзӕвгӕйы фӕстаг рӕнхъы «дард ацӕуӕг мад» цы ныфсӕвӕрӕнтӕ фӕкӕны, уый баст у афӕдзы афонты рӕсугъддӕр уалдзӕгимӕ. Уалдзӕджы кӕрдӕджы халы, дидинджыты фӕлгонцы, хуры хъармы поэт уыны мады сурӕт, ӕнкъары йын йӕ уды хъарм, исы сӕ салӕмттӕ — мады арфӕтӕ.
Ирыстоны ахӕм сфӕлдыстадон кусӕг нӕй, Къостайы номыл йӕ дзырдаивады хуын чи нӕ бацӕттӕ кодта. Георы поэтикон сфӕлдыстад, уыцы хъуыдыйӕн у ноджыдӕр ма иу ахъаззаджы ӕвдисӕн. Мӕнӕ куыд зӕгъы, цытджын поэты номӕй чиныгкӕсӕгмӕ кӕм дзуры, уыцы ӕмдзӕвгӕ «Къостайы катай»-ы:
Ӕз сӕрибар дӕн сӕрибар! —
Амонд цин ӕмӕ зӕххӕй,
Ӕз мӕхи бар дӕн мӕхи бар —
Иузӕрдиуӕттӕ мын нӕй.
Царды фӕлтӕрддзинад куыд равдыста, афтӕ амондджын вӕййы, ӕцӕгӕй сӕрибар чи у, уыцы адӕймаг. Нӕ номдзыд поэт Къостайы дӕр уыд иу сагъӕс ӕрмӕстдӕр — йӕ адӕмыл мӕт ӕмӕ сагъӕс. Йӕ зӕрдӕ сыл куыд риссы, уый дарддӕр уынӕм ӕмдзӕвгӕйы:
Арвыл стъалытӕ нымайын, —
Уый цӕй диссаджы куыст у!
Арӕх Терчы былмӕ уайын, —
Зӕрдӕ сагъӕстӕй рыст у.
Ирыстоны стырдӕр цӕугӕдон Терк у поэты лымӕн, уымӕн фӕзӕгъы йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сагъӕстӕ. Ӕмӕ номдзыд поэты уыдонӕй ссӕрибар кӕны ацы цӕугӕдон. Кӕронбӕттӕны та дзы не ‘мдугон ӕмхъуыдыгӕнӕг поэт Геор куры цӕмӕй йын йӕхи «аласа» ӕмӕ йӕ цъӕх уылӕнтӕн радта:
Георы хӕдбындур философон, ӕнӕбафӕзмгӕ поэтикон ӕрмдзӕф нӕм ирдӕй зыны йӕ иннӕ ӕмдзӕвгӕты: «Мад ӕмӕ фырты ныхас иу райдзаст райсом», «Горӕтаг зымӕгон ныв», «Бӕстӕзонӕн музейы», «Заманхъулмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ», «Урс бӕлӕсты сагъӕс», «Уалдзӕджы зӕрдӕ», «Фӕззыгон ӕнкъард фын», «Цард ӕмӕ уадындз». Йӕ фыдӕлты ивгъуыд трагикон цаутӕ, нӕ адӕмы ныфсхастдзинад, знаджы ныхмӕ тохмӕ дӕр заргӕйӕ кӕй цӕуынц, уыцы хъуыдытӕ нын поэт равдыста ӕмдзӕвгӕ «Задӕлесчы Нанайы хъарӕджы».
Уый бӕрц трагикон нывтӕ дзы ис, ӕмӕ сын суанг сӕ азӕлд хӕхтӕ дӕр нӕ уромынц, суанг уыдонӕн дӕр нӕ райхалы йӕ зӕрдӕйы ӕлхынцъ:
Хӕхтӕ! ӕз уӕм нал райхалдзынӕн
мӕ зӕрдӕйы ӕлхынцъ! —
Сымах ӕрбауагътат нӕ сатӕг
кӕмттӕм залиаг калмы.
Уый фӕстӕ йӕ Задӕлесчы Нанайӕн йӕ дзырд у хъӕдтӕм. Кӕронбӕттӕны зӕгъы, кӕй йын баззад, «Зӕронд уӕрццау, хӕхты астӕу зӕрӕстон хуымы кӕуыны хъуыддаг”.
Мӕнӕ куыд зӕгъы йӕ хӕлары поэтикон сфӕлдыстады тыххӕй зындгонд фыссӕг, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, рауагъдад “Ир”-ы раздӕры редактор Цомартаты Изӕтбег: «… Геормӕ рахатыдтон иу бӕллиццаг миниуӕг. Бирӕ нӕ фыста, стӕй нын нӕ дуӕрттӕ йӕ ныхӕй нӕ саста, йӕ уацмыстыл-иу бирӕ азты фӕкуыста, стӕй-иу нын сӕ ӕфсӕрмхуызӕй ӕрбахаста. Афтӕмӕй мӕм кӕддӕр-никӕд йе ‘мдзӕвгӕтӕ ӕрбахаудтой. Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сӕ хицӕн чиныгӕй рауагътон. Иу фыссӕг иннӕ фыссӕджы уацмыстӕй хорз зӕгъа, уый арӕх нӕ уыдтон, ӕмӕ мӕ дисы бафтыдта, фысджытӕ ӕмӕ дзы поэттӕ ӕнӕиухъуагӕй куыд ӕппӕлыдысты, уый. Чи йын йӕ аив ӕвзагӕй ӕппӕлыди, чи та йӕ ног поэтикон фӕлгонцӕй, фӕлӕ йыл, хъыгагӕн, иу уацхъуыд дӕр нӕ бакастӕн…»
Дарддӕр Изӕтбег Георы тыххӕй йӕ уацы зӕгъы, курдиатджын поэт ӕмӕ фыссӕгӕн йе сфӕлдыстадмӕ хуызӕнӕн критикон, литературӕзонынадон цӕстӕнгасӕй каст кӕй нӕма ӕрцыд, уый. Абон дӕр фыссӕджы сфӕлдыстад ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ иртасӕгмӕ.
Ивгъуыд ӕнусы 80 азты Ирон театры сценӕйы ӕвӕрд ӕрцыд Чеджемты Георы комеди «Цола». Йӕ режиссер-ӕвӕрӕг РЦИ-Аланийы аивӕдты сгуыхт архайӕг Бекъойты Розӕ. Сӕйраг фӕлгонц — Цолайы сурӕт аразӕг дзы уыд Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист Цӕргӕсты Дзамболат. Уымӕй уӕлдай ма дзы зӕрдӕагайгӕ сурӕттӕ сарӕзтой адӕмӕн уарзон артисттӕ Уыртаты Верӕ, Икъаты Бертӕ, Галазты Земфирӕ, Хъантемыраты Терезӕ,Медойты Светланӕ, Брытъиаты Риммӕ, Хъулаты Верӕ, Бирӕгъты Къоста, Гӕгойты Шота, Беккуызарты Аслан ӕмӕ иннӕтӕ.
Ссӕдз азӕй фылдӕр ацы спектакл фӕцыд нӕ театры сценӕйы. Йӕ архайджыты хъӕлдзӕг равг, йӕ сӕйраг рол саразӕг Цӕргӕсты Дзамболаты цыргъ ӕмӕ кӕрдаг зонд уыдысты ацы спектаклӕн йӕ цырв. Йӕ алы равдысты рӕстӕг дӕр, куыд Цӕгаты, афтӕ Хуссар Ирыстоны театрты залы адӕмӕй къухбакӕнӕн нӕ уыд. Ӕрӕджы та ногӕй ӕвӕрд ӕрцыд ацы спектакл Ирон театры. Ныр та дзы сӕйраг— Цолайы сурӕт аразӕг уыд Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист Дзанайты Эльбрус. Театры астӕуккаг ӕмӕ кӕстӕр фӕлтӕр дӕр сӕ хистӕртау, се сфӕлдыстадон хъарутыл нӕ бацауӕрстой, ӕмӕ та ирон театрдзаутӕн сарӕзтой спектаклы алы равдыстӕй дӕр ног цинхӕссӕг бӕрӕгбон.
Уыцы пьесӕйӕ уӕлдай ма Геор аивадуарзджытӕн балӕвар кодта пьесӕтӕ «Цолайы чындзӕхсӕв» ӕмӕ «Чери». Ацы уацмыстӕ дӕр сӕхи сӕрмагонд бынат ӕрцахстой ирон литературӕйы.
Чеджемты Геор йӕ адӕмӕн, куыд фыссӕг, поэт, драматург, канд афтӕ стыр ӕмӕ ахадгӕ хӕрзты нӕ бацыд, фӕлӕ ма йӕм иртасӕджы хигъӕдон курдиат кӕй уыд, уый базондзыстут ӕрӕджы йын рауагъдад «Ир»-ы цы чиныг «Фыдӕлты хӕзна» рацыд, уый куы бакӕсат, уӕд. Хаст ӕм ӕрцыдысты, автор Нарты кадджыты, таурӕгъты, аргъӕутты, нӕ фыдӕлты цардыл дзурӕг ӕрмӕджытӕ иртасгӕйӕ, цы хатдзӕгтӕм ӕрцыд, ӕмӕ сӕ бындурыл цы ӕвӕджиауы цымыдисаг ӕрмӕджытӕ ныффыста, уыдон. Ацы чиныгмӕ тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастыты ӕвзагиртасджытӕ, историктӕ, литературӕиртасджытӕ, фысджытӕ, ахуыргӕнджытӕ, библиотекӕты кусджытӕ, аспиранттӕ, студенттӕ. Йӕ саразӕг ӕмӕ редактор, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Дзуццаты Зӕлинӕ бакодта стыр арфӕйаг куыст Георы номы ӕмӕ ирон адӕмы раз, цӕмӕй ацы чиныг аивадон ӕгъдауӕй ӕмӕ мидисӕй хӕрзцӕттӕйӕ ӕмӕ биноныгӕй рухс фена, ууыл. Кӕд не ‘хсӕн нал ис Геор, уӕддӕр ын йӕ ном ацы ӕмӕ йӕ иннӕ чингуыты фӕрцы дӕр цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, мысӕм ӕй, уый аккаг у. Йе сфӕлдыстадон хъуыдыйӕ, йӕ миддунейы, йӕ зӕрдӕйы, арвӕрдынау, цы курдиӕттӕ баиу сты, уый ӕвдисӕг хуынтӕ — йӕ чингуытӕ уыдзысты ирон адӕмӕн цӕрӕнбонты дӕр ӕхсызгонӕй кӕсинаг, йӕ ном та уыдзӕн мыггагмӕ мысинаг райгуырӕн уӕзӕгӕн, адӕмӕн куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уыцы зонды хосӕн.
Чеджемты Георы сфӕлдыстадон фӕндагыл мӕ ныхас фӕуыдзынӕн, йӕ амӕлӕты фӕстӕ цы ӕмдзӕвгӕ ныффыстон, уымӕй:
О сау зӕхмӕ цы нӕртон гуырд фӕцӕуы,
Уый уарзта Ир, ныййарӕг мадау, бирӕ,
Ирон дзырдӕн цырагъдарӕй фӕлӕууыд,
Алӕмӕт уыд йӕ рухс курдиат, йӕ лирӕ!
Йӕхицӕн уый уӕлдай хӕрзтӕ нӕ домдта,
Фӕлитойтыл, дымысдӕртыл нӕ зарыд,
Афӕдз цухӕй-иу чингуытӕ нӕ уагъта,
Уымӕн уыд табуйагдӕр йӕ зарӕг,
Уӕдӕ уыд диссаг, кӕстӕрты куыд уарзта,
Рӕстаг царды хъӕр амыдта сын хорзӕй,
Заманхъулӕн йӕ уд йӕ армы хаста,
Сӕрыстыр уыд йӕ хорз фыдӕлты номӕй,
Ӕрӕнцайдзӕн ныр Арыхъхъы къуыбыртыл,
Сӕууон дымгӕ йын фарны гимн зардзӕн,
Рохуаты сӕг не ‘рбаддзӕн йӕ дзырдыл,
Йӕ рухс ном ын фӕстаг ирон дӕр ардзӕн…
Гасанты Валери














