Паддзахадон арӕн байгом уыдзӕн 15 сентябры

0
276

Хуссар Ирыстон фӕнд кӕны Уӕрӕсейы Федерациимӕ паддзахадон арӕн 15 сентябрӕй фӕстӕмӕ ногӕй байгом кӕнын.

Уый тыххӕй, коронавирусы инфекци парахатдӕр кӕнынӕн гӕрӕнтӕ ӕвӕрыны фарстыты фӕдыл республикон штабы ӕмбырды фӕстӕ фехъусын кодта республикӕйы Президент Бибылты Анатоли.

Уыимӕ, Президенты ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сисдзысты, паддзахадон арӕны сӕрты бӕлццӕтты цӕуынӕн цы административон ӕмӕ санитарон гӕрӕнтӕ уыд, уыдон.

«Уавӕр афтӕ у, ӕмӕ фӕндаг 15 сентябры байгом кӕнӕн ис. Уыцы ӕмгъуыдмӕ скъолатӕ ӕппӕт хъарутӕй скусдзысты, иннӕ хӕдзарадон архайдмӕ дӕр къӕпхӕнгай бавналӕн уыдзӕн. Уыимӕ, паддзахадон арӕны сӕрты бӕлццӕттӕ ӕмӕ товарты зилдух ногӕй кӕй стынг уыдзӕн, уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынадыминистрад ӕххӕст кӕна сӕвзӕргӕ уавӕрмӕ бӕстон цӕстдарды мадзӕлттӕ. Уымӕй уӕлдай, министрад хъуамӕ цӕттӕ уа, амынд ӕууӕлты, чи зоны, республикӕйы фӕзына коронавирусӕй рынчынтӕ», — фӕнысан кодта Бибылы-фырт.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй коронавирусы пандемийы райдайӕнӕй нырмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн паддзахадон арӕныл бӕлццӕттӕн ахизӕн ӕмӕ товартӕ аласӕн ис ӕрмӕстдӕр сӕрмагонд уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.

(Информацион агентад «Рес»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here