Бӕхджынтӕ тырнынц Олимпиаг хъӕзтытӕм

0
246

Бӕхыл бадыны спорты ӕртывӕр хуызӕй Белорусы сӕйраг горӕт Минскы ӕрӕджы цыдысты Олимпиаг хъӕзтытӕм лицензи райсыны дунеон ерыстӕ.

Ацы бӕрнон дунеон турниры ерыс кодтой фондз ирыстойнаг барӕджы, ӕмӕ сӕ архайд рауад бӕркадджын.

Нӕлгоймӕгты ӕхсӕн Олимпиаг лицензион турниры архайдтой Андрей Митин йӕ бӕх «Картель»-имӕ ӕмӕ Александр Марков йӕ бӕх «Лидер»-имӕ. Иттӕг хорз рауад Александр Марковы архайд. Уый бацахста фыццаг бынат ӕмӕ бакуыста, лицензи райсынӕн чи хъӕуы, уыцы бӕрӕггӕнӕны ӕмбис.

Хорз цыдысты Андрей Митины хъуыддӕгтӕ дӕр. Ӕрӕджы йын, нӕ зындгонд барӕг Тугъанаты Владимир цы бӕх балӕвар кодта «Картель», ууыл бадгӕйӕ, ерысты фыццаг дыууӕ хуызы фӕстӕ цыди 2-3 бынаты. Фӕлӕ цӕлхдурты сӕрты гӕпп кӕнгӕйӕ, бӕх иучысыл фӕкъуылымпы, ӕмӕ Андрей «Картель»-имӕ кӕд цыппӕрӕм бынат бацахстой, уӕддӕр сӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ фаг уыдысты лицензийы ӕмбис хай райсынӕн.

Ӕрыгон бӕхтыл бадгӕйӕ, сӕхи хорз равдыстой нӕ иннӕ спортсментӕ дӕр. Гатеты Аланӕ йӕ бӕх «Квазар»-имӕ бацахста фыццаг бынат.

Йӕ фӕстӕ дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕттӕм рацыд Тменаты Дианӕ. Ерысты архайдта дыууӕ бӕхыл «Понти-Пилат» ӕмӕ «Рефракци»-йыл.

Нӕ фӕндзӕм барӕг Хъуысаты Алан йӕ бӕх «»Арабеска»-имӕ хӕстӕг уыд призон бынат бацахсынмӕ, фӕлӕ ацы хатт ӕрлӕууыд 5-ӕм бынатыл.

Нӕ спортсменты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой Уӕрӕсейы ӕмӕ РЦИ-Аланийы иугонд командӕйы сӕйраг тренер Хъыбызты Фердинанд ӕмӕ тренер Сергей Гребнев.

Нӕ бӕхджын спортсментӕ ныр Мӕскуыйы сӕхи цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы чемпионатмӕ. Уый та Мӕскуыйы цӕудзӕн 9-13 сентябры.

Хъыбызты Фердинанд куыд зӕгъы, афтӕмӕй,  нӕ спортсментӕ Минскы сӕхи хорзӕй равдыстой: «Александр Марков ӕӕ Андрей Митин лицензи цӕмӕй райсой, уый тыххӕй ма сӕ бахъӕудзӕн иу ахӕм турниры ерыс кӕнын. Уыцы турнир кӕм ӕмӕ кӕд уыдзӕн, уый сбӕлвырд уыдзӕн фӕстӕдӕр. Мах бузныг зӕгъӕм нӕ республикӕйы физкультурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Аланӕн, Минскмӕ ацӕуынмӕ нӕм кӕй фӕкастысты, ныр та нын Уӕрӕсейы чемпионаты архайынӕн дӕр фадӕттӕ кӕй ссардтой, уый тыххӕй».

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here