Ӕлбегаты Руслан — скъолайы сӕргълӕууӕг

0
338

Нӕ номдзыд спортсмен, уӕззау атлетикӕйӕ Олимпиаг хъӕзтыты призер, дунейы дыууӕ хатты чемпион, Уӕрӕсейы фондз хатты чемпион, Европӕйы чемпионатты дыууӕ хатты уӕлахиздзау Ӕлбегаты Руслан ӕрӕджы нысангонд ӕрцыд нӕ республикӕйы Уӕззау атлетикӕйы сӕрмагонд скъолайы сӕргълӕууӕгӕй.
Спортуарзджытӕ Ӕлбеджы-фырты зонынц, куыд дунейы ӕппӕты тыхджындӕр спортсментӕй иуы. Руслан кӕдфӕнды дӕр уыди хиуылхӕцгӕ, уӕздан, ӕгъдауылхӕст адӕймаг. Хӕрзӕрыгонӕй дӕр уыди уӕззау зондыл хӕст.
Ӕвӕццӕгӕн ын спорты дӕр ахӕм бӕрзӕндтӕм схизын уый тыххӕй бантыст. Уӕззау атлетикӕйы цӕмӕй ахӕм стыр уӕлахизтӕ равдисай, уый тыххӕй хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын, хъӕуы фӕразон уӕвын, ӕмӕ уыцы миниуджытӕй хайджын у Руслан.
Кӕд нырма йӕ уарзон спорты хуызыл йӕ къух нӕма систа, уӕддӕр нырӕй фӕстӕмӕ дзуапп дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн скъолайы куыстӕн. Уырдӕм та, Дзӕуджыхъӕуӕй уӕлдай, хауынц нӕ республикӕйы районты цалдӕр хайады. Ӕдӕппӕт нӕ республикӕйы уӕззау атлетикӕйы сӕйраг скъолайы ис 600 хъомылгӕнинаджы. Ахӕм парахат ахуырадон куыст цӕмӕй алцӕмӕй дӕр ӕнӕкъуылымпы уа, уый тыххӕй хъӕуы ӕнӕрынцойӕ кусын ӕмӕ, уыцы куыстмӕ Руслан цӕттӕ кӕй у, уый нӕ бауырныдта, йемӕ нын цы ныхас рауад, уый фӕстӕ.
Куы йӕ бафарстам, йӕ куысты сӕйрагдӕрыл цы нымайы, зӕгъгӕ, уӕд нын загъта: «Ӕз мӕхӕдӕг хорз хъуыды кӕнын, сывӕллонӕй фыццаг хатт уӕззау атлетикӕйы залмӕ куы бацыдтӕн, уӕд мыл мӕ тренер Дзбойты Петр куыд сӕмбӕлди, уый. Афтӕ мыл бацин кодта, цыма мӕм рагӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Цалдӕр фӕлварӕны мын радта, ӕмӕ сӕ ӕнцонӕй акодтон. Тренировкӕтӕм афтӕ зӕрдиагӕй райдыдтон згъорын, раст цыма мӕм уым, фылдӕр кӕй уарзын, уыцы адӕймӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты.
Петр мӕ канд уӕззау атлетикӕйы сусӕгдзинӕдтыл нӕ ахуыр кодта. Уыйбӕрц зонындзинӕдтӕ нын лӕвӕрдта, ӕмӕ мӕ абон дӕр нӕ рох кӕнынц. Мӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ кӕстӕртимӕ чи кусы, уыцы тренертӕм дӕр афтӕ тырной сӕ хъомылгӕнинӕгтӕ. Махӕн кӕд тренировкӕтӕ кӕнынӕн ӕппӕт уавӕртӕ нӕ уыд, уӕддӕр нӕхиуыл нӕ ауӕрстам, нӕ нӕ фӕндыд нӕ тренерты зӕрдӕхудты бацӕуын. Ныр уавӕртӕ фылдӕр рӕтты фӕхуыздӕр сты, фӕлӕ ма нӕ ууыл дӕр бакусын хъӕудзӕн. Ацы хъуыддаджы нӕ зӕрдӕ дарӕм, ӕххуысгӕнджытӕ нын кӕй уыдзӕн, ууыл.
Ӕрыгон спортсмен йӕ арӕхстдзинад хуыздӕр кӕнынмӕ разӕнгард кӕныны тыххӕй хъуамӕ архайа ерысты. Ӕз мӕхӕдӕг уыцы кары куы уыдтӕн, уӕд нын-иу нӕ тренертӕ арӕх арӕзтой алыхуызон ерыстӕ. Уым мах архайдтам нӕ арӕхстдзинад равдисыныл, ӕмӕ-иу кӕд алы хатт уӕлахиз нӕ фестӕм, уӕддӕр нын уый уыди тынг пайда, дарддӕр нӕ рӕдыдтытыл кусынӕн. Тренировкӕтӕй уӕлдай, спортсмен рӕзы иу ерысӕй иннӕмӕ, ӕмӕ мӕн фӕнды, нӕ хъомылгӕнинӕгтӕн цас хъӕуы, уыйбӕрц ерыстӕ аразын. Хъыгагӕн, а-фӕстаг рӕстӕг ахӕм ерыстӕ аразынӕн фаг фадӕттӕ нал уыд. Хӕрзӕрыгӕттӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд-иу нӕ алы карӕн дӕр алыхуызон ерыстӕ аразынӕн тынг ӕххуыс кодта нӕ республикӕйы уӕззау атлетикӕйы федерацийы сӕрдар Борӕдзаты Алан. Хъыгагӕн, Алан цардӕй ӕгӕр раджы ахицӕн ӕмӕ уый иуцасдӕр фӕкъуылымпы кодта кӕстӕртӕн ерыстӕ аразыны хъуыддаг. Ууыл нӕ ныр ахъуыды кӕнын бахъӕудзӕн. Лӕмбынӕгдӕр нӕ фӕнды нӕ цӕст дарын, не скъолайӕн районты цы хайӕдтӕ ис, уыдоны куыстмӕ дӕр. Тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ хъомылгӕнинӕгтӕй рауайа фӕзминаг лӕгтӕ, куыд спорты, афтӕ ӕхсӕнадон царды дӕр. Уӕдӕ куыд нӕ хъуамӕ тырнӕм се ‘хсӕнӕй дунеон чемпионатты ӕмӕ суанг, Олимпиаг хъӕзтыты чи фесгуыха, ахӕм курдиатджын ӕмӕ сӕрӕн лӕппутӕ цӕмӕй рацӕуа, уымӕ?! Уыцы нысӕнттӕм тырндзыстӕм нӕ тренертимӕ ӕмӕ не ‘ххуысгӕнджытимӕ».
Ӕлбегаты Русланы зонӕм, йӕ ныхасӕн хицау чи у, ахӕм лӕгӕй ӕмӕ нӕ уырны, йӕхимӕ цы хӕстӕ райста, уыдоныл зӕрдиагӕй кӕй кусдзӕн, уый!
Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here