Ног ахуырадон центр «Эрудит»

0
262

Ацы аз сентябр бӕркадджын разынд. Цалдӕр бонмӕ дыууӕ ног скъолайы байгом кодтой сӕ дуӕрттӕ Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕттӕн. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ноджыдӕр ма ӕртӕ ног скъоламӕ Ирыстоны алы районты. Абон та ахуырадон центр «Эрудит» кадджын уавӕры байгом Джыккайты Шамилы уынджы. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова, Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды сӕргълӕууӕг Икъаты Русланбег, Дзӕуджыхъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕг Фӕрниаты Тамерлан, ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ БашаринА ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ.

Ахуыргӕнджытӕн, скъоладзаутӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн арфӕ ракодта нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг:

— Нӕ зынаргъ сабитӕ, ныййарджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, зӕрдиаг арфӕ уын кӕнын ацы рӕсугъд бӕрӕгбоны фӕдыл. Абон нӕ республикӕйы ахуырадӕн у стыр бӕрӕгбон, йӕ дуӕрттӕ байгом кӕндзӕн, нырыккон домӕнтӕн дзуапп чи дӕтты, ахӕм ног скъола. Ӕхсызгон у, скъолайы курдиатджын ахуыргӕнджыты коллектив кӕй кусы, уый. Дӕсны ӕмӕ фӕлтӕрдджын ахуыргӕнджыты руаджы сывӕллӕттӕм фӕзындзӕн ног зонындзинӕдтӕм тырнынад, райрӕздзӕн сӕ миддунейы ӕмӕ удварны хъӕздыгдзинад, фидар цӕстдард уыдзӕн се ‘нӕниз цардыуаджы хъуыддагмӕ. Арфӕ кӕнын уе ‘ппӕтӕн дӕр. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, бирӕ азты дӕргъы уе скъолайы цы рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг традицитӕ сӕвзӕрд, уыдон куыд бахъахъхъӕнат ӕмӕ сӕ фылдӕр куыд кӕнат! — загъта Битарты Вячеслав.

Раздӕр «Эрудит»-ы уыд ӕрмӕстдӕр райдайӕн скъола, ацы аз дӕр дзы уыдзӕн 4 къласы. Фӕлӕ дарддӕр афӕдзӕй-афӕдзмӕ 9-ӕм къласмӕ схиздзысты.

Ӕртӕуӕладзыгон бӕстыхайы ӕрбынат кодтой ахуыргӕнӕн кълӕстӕ, ӕрмадзтӕ лӕппутӕн ӕмӕ чызджытӕн, наукон лабораторитӕ, спортивон зал, библиотекӕ, ӕмбырдтӕ аразӕн зал, хӕрӕндон.

Ис дзы райдзаст кълӕстӕ интерактивон фӕйнӕджытимӕ, алы къласы фарсмӕ дӕр ис, ахуырдзаутӕ сӕ фӕллад кӕм суадзой, ахӕм хъазӕн агъуыстытӕ. Сывӕллӕттӕн дзы ӕппӕт фадӕттӕ дӕр ис ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ сӕ фӕллад суадзынӕн.

— Ахуырадон центр «Эрудит»-ы ахуыр кӕндзӕн 550 скъоладзауы, фӕлӕ уал дзы ныртӕккӕ ахуыр кӕны 220 ахуырдзауы. Уыдон сты нӕхи райдайӕн скъолайы ахуырдзаутӕ. Дарддӕр нӕм ахуыр кӕндзысты 4-ӕй 9-ӕм къласы онг. Скъола ифтонггонд у ӕппӕт хъӕугӕ ӕрмӕгӕй, ис нӕм спортивон фӕзтӕ, профилон кабинеттӕ, шахмӕттӕ, дизайн ӕмӕ афтӕ дарддӕр, — загъта скъолайы директор Фидараты Эммӕ.

Республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав скъолайӕн скодта зӕрдылдарӕн лӕвар. Скъоладзаутӕ сӕ уазджытӕн бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ. Фарны къах бавӕрут уӕ ног скъоламӕ!

ХЪОЙБАЙТЫ Галинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here