Сывӕллӕттимӕ бакуыстой

0
401

Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады хайады кусджытӕ скодтой фӕндагон ӕдасдзинады урок ӕрыдоны фыццӕгӕм скъолайы ахуырдзаутӕн. Сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кодтой ӕдас фӕткы сӕйрагдӕр уагӕвӕрдтӕ.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектор скъоладзаутӕн радзырдта, сывӕллӕттӕ фӕндагыл цавӕр рӕдыдтытӕ ӕруадзынц, ӕмӕ сӕ тӕссаг уавӕртӕй  куыд бахизын хъӕуы, уый тыххӕй. Ӕрыгон фистӕгӕй цӕуджытӕ ахызтысты фӕндаджы сӕрты, бамбӕрстой ӕдасдзинады  ахадындзинад.

Сывӕллӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, фӕндаджы сӕрты хизгӕйӕ хъӕрӕй музыкӕмӕ хъусын куыд тӕссаг у, уый. Сӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ сын сӕ хызынтӕ сфӕлгонц кодтой рухсдӕттӕг нысантӕй, фӕиппӕрд сӕ кодтой фӕндаджы цур хъазынӕй.

Ӕнахъомты барты тыххӕй инспектор сывӕллӕттимӕ аныхас кодта фыдгӕнджыты къухы ма бахауыны тыххӕй, скъоладзаутӕн бамбарын кодта, хӕдзары, уынджы, скъолайы ӕдасдзинады фӕтк, стӕй ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ хи куыд дарын хъӕуы, уый. Сывӕллӕттӕ тынг лӕмбынӕг хъуыстой пъӕлицӕйы кусджытӕм, радтой сӕм бирӕ фарстытӕ. Уый фӕстӕ, кӕрӕдзи фарсмӕ ӕрлӕугӕйӕ, ӕрыгон фистӕгӕй цӕуджытӕ хистӕрты ӕргом аздӕхтой, фӕндагыл цӕуыны ӕмӕ фӕндагон-транспортон фыдбӕллӕхтӕ ма ‘руадзыны хъуыддагмӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here