Мыхуырӕй рацыд Дунеон ӕхсӕнадон змӕлд «Ирӕтты Уӕлдӕр совет»-ы Хистӕрты Советы сӕрдар Томайты Шамилы чиныг «Кад ӕмӕ намыс». Чиныгмӕ бацыдысты йе ‘мдзӕвгӕтӕ, цардӕй ист прозаикон нывтӕ ӕмӕ миниатюрӕтӕ, уацтӕ национ, интернационалон темӕтыл, нӕ удварн, нӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ ӕндӕр темӕтыл фыст ӕрмӕджытӕ.
Йӕ чиныджы разныхасы «Авторӕй», зӕгъгӕ, мӕнӕ цы фыссы Томайы-фырт: «Адӕмыхӕттытӕн стыр аргъ кӕнгӕйӕ, мӕхи амондджыныл нымайын, ирон мад ӕмӕ фыды хӕдзары кӕй схъомыл дӕн, уымӕй. Цӕргӕ-цӕрӕнбонты мӕ хъуыдыйӕ никуы хицӕн кӕны мӕ фыды фӕдзӕхст: «Ирон лӕджы цӕсгом макуы фӕчъизи кӕн». Алчидӕр хъуамӕ тырна, нӕ фыдӕлтӕй нӕм мингай азты сӕрты рӕсугъдӕй чи ‘рхӕццӕ, уыцы «Ирон ӕгъдау»-ы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Не ‘ппӕт номдзыд лӕгтӕ не суыдзыстӕм, фӕлӕ нӕ хъуамӕ алчидӕр тырна уымӕ, цӕмӕй йӕ Дунедарӕг схайджын кӕна ирон лӕджы фарнӕй.
Зын у «ирон лӕг» суӕвын. Сасирӕй луарӕгау сты не ‘гъдӕуттӕ. Фӕлӕ се ‘ххӕст кӕнынмӕ чи тырны, уыимӕ йӕ мадӕлон ӕвзаг чи нӕ сафы, уый ӕз амондджын адӕймагыл нымайын. Уӕлдай амондджыныл та нымайын, хи бинонты цард аразгӕйӕ, йӕ алыварс адӕмӕн дӕр удуӕлдай лӕггад чи кӕны».
Мӕнмӕ гӕсгӕ, йӕ фыды фӕдзӕхст сӕххӕст кодта Томайты Шамил, уымӕн ӕмӕ йӕ мах зонӕм сыгъдӕгзӕрдӕ, сыгъдӕгдзӕсгом, ӕгъдауджын, ӕфсармджын ирон лӕгӕй. Цӕмӕй ӕгъдауыл, мадӕлон ӕвзагыл дзурай, уый тыххӕй хъуамӕ, фыццаг, дӕхицӕй, дӕ бинонтӕй райдайай, ӕмӕ Шамилӕн йӕ кӕстӕртӕ йӕ юбилейтӕй иуы мадӕлон ӕвзагыл ӕмдзӕвгӕтӕ куыд аив кастысты, уымӕн мӕхӕдӕг уыдтӕн ӕвдисӕн.
Уӕдӕ, ӕгъдауы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд мын не ‘мкусӕг, «Рӕстдзинад»-ы къамисӕг Къӕбысты Харитон ахӕм хабар радзырдта: «Иу ӕмбырдӕй куы рацыдтӕн, уӕд ахӕм тыхджын къӕвда уыд ӕмӕ бӕстӕ лӕсӕнтӕ кодта. Уайтагъд ахуылыдз дӕн. Донласт хуылыдзӕй нал тӕрсы, зӕгъгӕ, мӕ бон базыдтон, ӕмӕ, уазалӕй гӕртт-гӕртгӕнгӕ, ӕрлӕууӕны ӕнхъӕлмӕ кастӕн бӕлццӕттӕласӕн хӕдтулгӕмӕ. Иу чидӕр мӕ разы ӕрбалӕууыд ӕмӕ мын йӕ зонтыкк мӕ сӕрмӕ сдардта. Уый уыд Томайты Шамилы министр фырт Хъазыбег. Уый дӕр уыцы ӕмбырдӕй рацыдис. Батыхстис мыл, йӕ телефоны кӕмӕдӕр дзуры. Куыд ӕй бамбӕрстон, афтӕмӕй, йӕ шофырмӕ дзырдта. Уый уайтагъд ӕрбахӕццӕ. Ногирмӕ, дам, ӕй йӕ хӕдзармӕ ныххӕццӕ кӕн. Ӕмӕ, дам, ды та, зӕгъгӕ, бакодта уый. Ӕз дӕр, дам, истытӕ кӕндзынӕн. Нӕ хӕдзары къӕсӕрмӕ мӕ баласта. Шамилы фырт куы нӕ уыдаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕрынчын уыдаин».
Уыцы ӕгъдау хӕдзары фарнӕй нӕ цӕуы, уӕдӕ кӕцӕй цӕуы?
Уӕдӕ, Томайты Шамилӕн барджынӕй йӕ бон дзурын у ирон ӕвзаг, ирон ӕгъдау ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтыл. Ӕмӕ ахӕм хистӕрмӕ хъуамӕ хъусой ӕмӕ дзы исой зонд нӕ кӕстӕртӕ дӕр.
Чиныг «Кад ӕмӕ намыс»-ы Томайты Шамил йе ‘мдзӕвгӕтӕн скодта иумӕйаг сӕргонд «Нарты фӕдонтӕ». Ацы ран сӕрӕвӕрӕн у ӕмдзӕвгӕ «Ирыстонӕн». Уымӕй автор, ӕвӕццӕгӕн, уый зӕгъынмӕ хъавы, ӕмӕ хорздзинадӕй цыдӕриддӕр кӕны, уый Ирыстонӕн лӕггад кӕнгӕйӕ:
«Зӕххыл куыд нӕ у зын фӕцӕрын…
Кӕм ис зӕрдӕйы фаг бӕркад?
Фӕлӕ, мӕ Ир, дӕуыл узӕлын,
Фӕнды мӕ фаг дӕуӕн лӕггад».
Ирон ирон цӕмӕй у, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, ӕмдзӕвгӕ «Кӕд дӕхи ирон фӕхоныс»…-ы, мӕнӕ цы фыссы чиныджы автор:
«Кӕд хӕлардзинад нӕ тауыс,
Хорз фӕд а зӕххыл нӕ уадзыс, —
Ма хон уӕд дӕхи ирон».
Ӕмӕ йӕ кӕронӕй балхынцъ кодта:
«Кӕд зындзинӕдтӕн фӕбыхсыс,
Кӕд дӕ дзыллӕйыл фӕтыхсыс,
Уӕд дӕхи ысхон ирон!»
Ӕвзаджы темӕйыл фыст сты йе ‘мдзӕвгӕтӕ:
«Мадӕлон ӕвзаг», «Ирон ӕвзаг».
Ӕмдзӕвгӕтӕй фӕстӕмӕ ма чиныджы ис ноджы цалдӕр хайы: «ӕмгары хорзӕх», «Адӕм кӕрӕдзийӕ хӕс дарынц», «Мӕ Дагестан», «Томайты Шамилы тыххӕй дзурынц», «Базырджын азтӕ».
Томайты Шамил йӕ дӕсныйадмӕ гӕсгӕ у аразӕг, адӕймаг та хъуамӕ халгӕ нӕ, фӕлӕ аразгӕ кӕна, канд цӕрӕн хӕдзӕрттӕ, фӕндӕгтӕ, хидтӕ ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ нӕ, фӕлӕ удварны мӕсыг дӕр. Бирӕ бантыст Томайы-фыртӕн арӕзтады. Аразын ӕнцон нӕу, фӕлӕ ноджы зындӕр та у удварны мӕсыг самайын, ӕмӕ абон Шамил дӕр ис уыцы мӕсыгамайджытимӕ, ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕ зӕгъы уым дӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ.
Абайты Эдуард














