Цард ӕмӕ ӕрдзы рӕсугъд ахорӕнтӕ

0
379

Тохсырты Къостайыл сӕххӕст 80 азы

Адӕймаг цӕрӕгойтӕм, алфамбылай ӕрдзмӕ хорз цӕстӕй куы кӕса, уӕд, дам, уый йӕ удыхъӕды фӕзминаг миниуӕгыл дзурӕг у. Кӕд уыцы ныхӕстӕ раст сты, уӕд мӕ радзырды хъайтармӕ дӕр ис уыцы хорз миниуӕг.

Тохсырты Къоста ӕрдзмӕ, цӕрӕгойтӕм цы цӕстӕнгас дары, уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг, газет «Рӕстдзинад»-ы кусгӕйӕ. Йӕ ӕрвылмӕйон фарс раздӕр хуынди «ӕрдз — нӕ ныййарӕг, нӕ дарӕг», ныр та —  «Адӕймаг. Ӕрдз. Экологи». Нӕ «кӕстӕр ӕфсымӕрты», Ирыстоны хъӕдтӕ ӕмӕ дӕтты тыххӕй дзы бирӕ цымыдисаг хабӕрттӕ вӕййы бакӕсӕн. Курдиатджын журналист бирӕ азты лӕггад кӕны мадӕлон ӕвзагӕн. Йӕ фыстытӕй цӕрӕнбонты архайы адӕмӕн ӕхсызгондзинад хӕссыныл. Ӕрдз ын радта раст зонд ӕмӕ миддунейы хъӕздыгдзинад. Хӕсты сывӕллӕттӕ кӕй хонынц, уыцы фӕлтӕрмӕ хауы Къоста. Кӕд зындзинӕдтӕ федта, уӕддӕр рӕсугъд фӕндагыл рацыд. Хорз бинонтӕ скодта, йӕ дзӕбӕх кӕстӕрты ахуыр ӕмӕ фӕллойы фӕндагыл сӕвӕрдта. Цы  ма хъӕуы ӕндӕр адӕймаджы?

Тохсырты Къоста райгуырд Црауы Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты размӕ. Тохы быдырмӕ ацыд ӕнахъом сабийӕн йӕ фыд Тӕтӕрхъан. Ацыд ӕмӕ йӕ цард радта Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнгӕйӕ. Воронежы облӕсты ӕфсымӕрон ингӕн йе ‘нусон бынат сси 39-аздзыд ирон лӕгӕн. Ӕртӕ хистӕр хойы кӕстӕр ӕфсымӕрыл дыууӕ азы цыд, йӕ фыды сурӕт хъуыды дӕр нӕ кӕны. Цы гӕнӕн уыд сидзӕргӕс сылгоймагӕн? Йӕ хъарутӕ ӕрбамбырд кодта Реуазон,  мӕ хъӕбултӕ мацы хъуаг ӕййафой, зӕгъгӕ.

— Нӕ мад Дзӕна нын мады ӕмӕ фыды бӕсты дӕр уыд. Зын рӕстӕджытӕ уыд хӕсты фӕстӕ. Хистӕрты фарсмӕ алы куыст дӕр кодтам, нартхор, картоф, халсартӕ рывтам, тыллӕг ӕмбырд кодтам. Уӕдӕ хӕдзары куыстытӕм дӕр ӕнӕзивӕг уыдыстӕм, фос дардтам, дыргъцӕхӕрадон нӕм уыдис. Уӕды фӕсивӕд тырныдтой ахуырмӕ. Абон дӕр ӕхсызгонӕй ӕрымысын мӕ ахуыргӕнджыты Бутаты Ксеняйы, Дудиаты Надеждӕйы ӕмӕ иннӕты, — зӕгъы Къоста.

Астӕуккаг скъола каст куы фӕцис, уӕд  зӕрдӕргъӕвд лӕппу сси арӕзтадон техникумы студент. Райгуырд ӕм ӕмдзӕвгӕтӕ фыссыны курдиат, ӕмӕ йын уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Толпарты Сослан ӕххуыс кодта  йӕхиуыл баууӕндынӕн.  Къоста бамбӕрста, йӕ бынат ӕндӕр ран кӕй ис, уый, йӕ ахуыр ныууагъта ӕмӕ йӕ гӕххӕттытӕ балӕвӕрдта Педагогон институты филологон факультетмӕ.

— Цӕттӕ кодтам къулы газет «Бонвӕрнон». Йӕ редактор уыд Чеджемты ӕхсар, ӕмдзӕрӕны дӕр иу уаты цардыстӕм. Литературӕ тынг уарзтон, уацмыстӕ кӕсынӕй не ‘фсӕстӕн. Ме ‘мдзӕвгӕтӕ мыхуыры цыдысты районы газеты, «Рӕстдзинад»-ы. Мӕ фыццаг уацхъуыд «Картоф — паддзахадӕн»-ы ныхас цыд Црауы совхозы фӕллойгӕнӕг адӕмы сгуыхтдзинӕдтыл.  Уый фӕстӕ фыссын райдыдтон арӕхдӕр. Иу хатт нӕм хъӕумӕ ӕрцыд «Рӕстдзинад»-ы редакцийы кусӕг Хъесаты Дафа ӕмӕ нӕ  зонгӕ  кодта уацхӕссӕджы куыстимӕ, — зӕгъы Къоста.

Студенты ӕнӕмӕт азтӕ рӕвдз атахтысты. Ӕрыгон ахуыргӕнӕгыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты Къостайыхъӕуы, уый фӕстӕ уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕгӕй бакуыста Майрӕмадаг ӕмӕ Суададжы скъолаты. Курдиатджын лӕппуйы сфӕлдыстадимӕ зонгӕ уыдысты районы газет «Сӕуӕхсид»-ы. Арӕхстджынӕй фыста ӕрдзы рӕсугъддзинадыл, Райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинадыл, хистӕрты кад ӕмӕ фарныл. Алагиры партийы райкомы секретар ӕгъуызарты Ким ӕмӕ газеты сӕйраг редактор Хъӕрджынты Темырболат ӕй сразӕнгард кодтой газеты хъӕууон хӕдзарады хайады  кусынмӕ.

— Быдырон станты, фермӕты, тракторон бригӕдты-иу арӕх уыдыстӕм. Уӕд колхозтӕ ӕмӕ совхозтӕ сӕ къӕхтыл фидар лӕууыдысты, бирӕ адӕм дзы фӕллой кодта, — ӕхсызгонӕй дзуры Къоста. — Фӕстӕдӕр, царды уавӕртӕм гӕсгӕ раивтон завод «Электроцинкмӕ». Бакуыстон дзы аст азы, уыдтӕн автотранспортон цехы ӕфсисады кусӕг. Фӕлӕ уӕддӕр ме стыр бӕллиц уыд ирон газеты кусын, мадӕлон ӕвзагӕн лӕггад кӕнын.

Бирӕ уӕздан, куырыхон ӕмӕ зондджын лӕгтӕ куыста газеты, ӕмӕ Къоста дӕр уыдоны ӕмрӕнхъ ӕрлӕууыд. Фӕлтӕрддзинад ӕм уыдис районы газеты куыстӕй. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ йӕ уарзондӕр темӕ сси ӕрдзхъахъхъӕнынад. Йӕ цӕстытыл-иу арӕх ауад, йӕ сабибонты ӕрдз куыд ӕнӕфхӕрд уыди, уый.

— Мӕ куысты мын ӕнгом бастдзинӕдтӕ уыди зындгонд ахуыргӕндтимӕ, Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт геолог Цогойты Викторимӕ, географион наукӕты доктор Беруаты Барисимӕ. Уыдон  зӕрдиагӕй тох кодтой экологийы сыгъдӕгдзинадыл. Алывӕрсыг ӕххуыс зонын национ парк «Алани»-йы директоры хӕдивӕг Сабеты Аламбегӕй, техникон наукӕты кандидат Цгъойты Таймураз ӕмӕ профессор ӕлборты Иванӕй, — зӕгъы Къоста.

Абон нӕ буц хистӕр, нӕ уӕздан  ӕмкусӕгыл сӕххӕст 80 азы. Ӕнӕнцой, цардбӕллон адӕймагӕн йӕ нысантӕ, йӕ фӕндтӕ кӕуылты сты! Мыггаджы нымад лӕг, алкӕмӕн дӕр у стыр ныфс…

Бирӕ азты иузӕрдион фӕллойы тыххӕй йын саккаг кодтой паддзахадон хӕрзиуджытӕ, Кады грамотӕтӕ Хицауадӕй, Парламентӕй, хицӕн министрадтӕй. Тохсыры-фырт у РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг, Уӕрӕсейы Журналистты цӕдисы уӕнг, Гӕздӕнты ӕфсымӕрты номыл премийы лауреат, журналистты ‘хсӕн ӕрвылазон конкурсты уӕлахиздзау. Фӕлӕ йе стырдӕр хӕрзиуӕгыл, хӕзнаты-хӕзнайыл нымайы йӕ бинонты ӕнгомдзинад, йӕ кӕстӕрты амонд. Йӕ цардӕмбал Толпарты Татьянӕимӕ цӕрынц кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ, схъомыл кодтой  фӕзминаг дыууӕ фырты. Абон  Алан ӕмӕ Вадим, сӕ кӕстӕртӕ дарддӕр хӕссынц сӕ хистӕрты фарн. Бинонты ‘хсӕн ӕвӕрд ӕгъдау уыдонӕн сӕ царды алы фӕзилӕны дӕр зондамонӕг у.

Къостайӕн йе стыр бӕллиц у, цӕмӕй Ирыстоны кӕстӕртӕ амондджынӕй цӕрой, Райгуырӕн бӕстӕ, мадӕлон ӕвзаг уарзой ӕмӕ йыл дзурой. Цӕмӕй йӕ уарзон «Рӕстдзинад»-ы редакцимӕ ӕрыгон курдиатджын фӕсивӕд кусынмӕ ӕрбацӕуой ӕмӕ дзы хистӕрты фарн дарддӕр хӕссой!

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here