Знон Федералон службӕйы тӕрхондоны Цӕгат Ирыстон-Аланийы управленийы разамонӕг Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы тӕрхонгӕнӕг сӕйраг пъырыстыф Къесаонты Игор фембӕлд республикӕйы журналисттимӕ.
Ведомствӕйы разамонӕг куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Федералон службӕйы тӕрхондоны пъырыстыфты Цӕгат Ирыстон-Аланийы управлени ацы азы фыццаг ӕмбисы йӕ размӕ ӕвӕрд хӕстӕ ахицӕн кодта ӕнтыстджынӕй.
Уӕрӕсейы Федерацийы ӕвӕндонӕй ӕххӕстгӕнӕг оргӕнты службӕйы афӕдзы фыццаг ӕмбисы ӕрцыд бирӕ ивддзинӕдтӕ, ӕмӕ сӕ уыдон ӕххӕст кӕныны ног паддзахадон службӕмӕ рахизынӕн бахъуыд бирӕ мадзӕлттӕ саразын. Зӕрдиагӕй сыл кӕй бацархайдтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ къухы бафтыдысты.
2020 азы фыццаг ӕмбисы сӕ сӕххӕст кӕнын хъуыд 519512 хъуыддаджы. Уыдоны тыххӕй ӕрдомдтой 992903 мин сомы. Хъалонтӕ, алы ӕмбырдгӕндтӕ ӕмӕ ӕндӕр фиддонты ӕрдомд.
Фӕндӕгтыл цӕуыны ӕгъдӕуттӕ халыны тыххӕй административон барадхӕлдтыты тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ арӕзт ӕрцыд, уыдон ӕххӕст кӕныны нымӕц уыд 294880. Ӕхца сын бадомдтой 33903 мин сомы. Ӕдӕппӕт консолидарон бюджетмӕ хаст ӕрцыд 331962 мин сомы, уыдонӕй фискалон фиддонтӕ уыдысты 296618 мин сомы аргъ.
Алименттӕ ӕрдомыны тыххӕй хӕсджын адӕймӕгтыл сарӕзтой 37 агурӕн хъуыддаджы. Ӕнахъом сывӕллӕттӕн алименттӕ фидынӕй рамбӕхс-бамбӕхс чи кодта, уыдоны ныхмӕ арӕзт ӕрцыд 73 хъуыддаджы административон барадхӕлды тыххӕй. Ӕнахъом сывӕллӕттӕ кӕнӕ ӕнӕкуыстхъом ныййарджытӕн фӕрӕзтӕ нӕ фидыны тыххӕй сарӕзтой 31 уголовон хъуыддаджы.
Куысты мызды хӕстӕ ӕрдомды тыххӕй управленийы ӕххӕст кӕнынмӕ уыд 952 ӕххӕстгӕнинаг хъуыддаджы. Тӕрхонгӕнӕг пъырыстыфтӕ цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕрдомдтой, уыдоны иумӕйаг нымӕц уыд 16218 мин сомы.
Артаджы-энергетикон комплексы организациты пайдайӕн тӕрхондоны пъырыстыфтӕ ӕрдомдтой 647154 мин сомы.
Управленийы куысты цы 283 агурӕн хъуыддаджы уыд, уыдонӕй 115-ӕн кӕронгонд ӕрцыд. 55 дзы хаудтой автотранспортон фӕрӕзтӕм, 78 та алименттӕ нӕ фидыны тыххӕй кӕй агуырдтой, ахӕмтӕ.
Тӕрхондоны пъырыстыфтӕ хъахъхъӕдтой РЦИ-Аланийы тӕрхондӕтты 16 агъуысты, фидауынгӕнӕг тӕрхонгӕнджыты 35 тӕрхонгӕнӕн хайады, уыдонӕй 24 хайады сты аст хицӕн агъуысты.
Сӕхицӕн хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрынӕн куырдиӕттӕ чи балӕвӕрдта, уыдоны нымӕц у 8368. Тӕрхонгӕнджытӕй ӕмӕ тӕрхоны архайджытӕй барадхӕлд уавӕрты бахауын пъырыстыфтӕ никӕй бауагътой.
Управленийы бӕрӕггӕнджытӕ сарӕзтой 31 уголовон хъуыддаджы. Ныййарджытӕй ӕнахъом сывӕллӕттӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ фидыны тӕрхон чи нӕ ӕххӕст кодта, уыдоны ныхмӕ ӕргомгонд ӕрцыд 614 административон бархӕлды. Тӕрхондонмӕ дзы арвыста 285 административон барадхӕлды хъуыддӕгтӕ.
Абоны уавӕрты электронон сервисы фӕрцы алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон базонын у йӕ хӕсты тыххӕй ӕппӕт информаци дӕр.
Кӕронбӕттӕны федералон службӕйы тӕрхондоны пъырыстыфты Цӕгат Ирыстон-Аланийы управленийы разамонӕг Къесаонты Игор бӕлвырд ӕмӕ бӕстон дзуаппытӕ радта журналистты фарстытӕн.
Касаты Батрадз














