Бабӕрӕг кодта арӕзтӕдтӕ

0
282

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз бабӕрӕг кодта, социалон ахадындзинадимӕ арӕзтӕдтӕ. Уыдон ӕххӕстгонд цӕуынц национ проекттӕ ӕмӕ федералон программӕты руаджы. Йемӕ куыстадон балцы уыдысты Арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министрады разамынд, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ Горӕтгӕрон районы бынӕттон хиуынаффӕйады администрациты сӕргълӕуджытӕ Фӕрниаты Тамерлан ӕмӕ Есиаты Руслан, аразӕг кусӕндӕтты минӕвӕрттӕ.

Фыццагдӕр уал Тускъаты Таймураз бабӕрӕг кодта республикон стадион «Спартак», йӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, хъуыддӕгтӕ хорз ӕххӕстгонд цӕуынц. Спортивон аренӕйы цӕмӕй хъуыддӕгтӕ хуызӕнӕн ӕххӕстгонд цӕуой, уый тыххӕй хъуамӕ сцалцӕг кӕной стадионы бадӕн бынӕттӕ.Ныртӕккӕ уал айстой цӕгатаг ӕмӕ хуссайраг трибунӕтӕ, табло. Ныгуылӕйнаг трибунӕ айсдзысты 2021 азы. Ахадгӕдӕр куыстытӕм ахӕсгӕ сты футболон быдыры ӕмбӕрзӕн баивыны, техникон конструкцитӕ фӕхъомысджындӕр кӕныны, ног табло сӕвӕрыны, мидӕггаг бӕстыхӕйттӕ бацӕттӕ кӕныны хъуыддӕгтӕ.

Ацы аз уал аразджытӕ бавналдзысты ӕддагон коммуникацитӕ ӕвӕрынмӕ. Ахӕм егъау куыстыты фӕстӕ стадионы цӕудзӕн 15 мин адӕймаджы. Объект хъуамӕ сцӕттӕ уа 2021 азы кӕронмӕ.

Бирӕуӕладзыгон цӕрӕн хӕдзары арӕзтад Тельманы уынджы цӕуы йӕ графикӕй раздӕр. Цалдӕр азы размӕ йӕ банымадтой, цӕрынӕн чи нал бӕззы, ахӕмыл. Ног хӕдзары проект уыдзӕн фондзуӕладзыгон, бынат дзы скӕндзысты 50 фатерӕн. Аразын ӕй райдыдтой ацы аз, мартъийы.

Кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц Горӕтгӕрон районы Черменыхъӕуы Культурӕйы артдзӕсты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Нырмӕ дзы баивтой бӕстыхайы сӕр, хъармгӕнӕн, электрон ифтонгады фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Стыр ӕргом здӕхт цӕуы, 450 бынатимӕ кӕсӕн залмӕ. Социалон ахадындзинадимӕ объектты ‘хсӕн сты ахуырады кусӕндӕттӕ.

Йӕ балцы рӕстӕг Тускъаты Таймураз ӕркаст, 19-ӕм микрорайоны кӕй аразынц, уыцы скъола ӕмӕ рӕвдауӕндӕттӕм. Бабӕрӕг кодта иннӕ арӕзтӕдтӕ дӕр, йӕ фиппаинӕгтӕ загъта бӕрнон адӕймӕгтӕн.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here