Йӕ фыццаг уарзт — Ирыстон

0
295

…Мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнады агъуысты нӕм тӕккӕ ‘рбакӕсӕны къулыл ауыгъд сты Абайты Васойы, Дудараты Вероникӕйы, Берозты Темырболат ӕмӕ иннӕ зындгонд адӕймӕгты къамтӕ. Ардыгӕй Мӕскуымӕ ахуырмӕ чи ацӕуы, уыцы фӕсивӕды минӕвӕрттимӕ нын фембӕлдтытӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ бафӕрсынц, адон та чи сты, зӕгъгӕ. Мӕ зӕрдӕ сыл уыйас нӕ худы, фӕлӕ мӕ бахъӕуы, ацы зындгонд адӕймӕгты тыххӕй радзурын. Уый хорз, фӕлӕ Ирыстоны чи куыста, уыдоны та цӕуылнӕ зоныс? Тӕбӕхсӕуты Балойы, Икъаты Серафины ӕмӕ иннӕ номдзыд адӕймӕгты…

Ирыстонмӕ куы ссӕуын, уӕд мӕ Ирон театр дӕр бафӕнды бабӕрӕг кӕнын… Куыд ӕмбӕлы, ахӕм цӕстӕнгас нӕй Ирон театрмӕ. Шубӕты, пъалтоты ӕрбацӕуынц адӕм… Кӕй аххос ӕй ис фӕкӕнӕн? Мӕхи дзы хъуамӕ куыд ӕнкъарон? Аивады, сфӕлдыстады тыххӕй хъуамӕ артисттӕ, сӕ разамынд скӕной бирӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ. Цӕмӕй мах нӕхи куыд аргъуаны, афтӕ ӕнкъарӕм, цӕмӕй Ирон театрмӕ цӕуын нымайӕм диссагыл…

…Бедойты Басилы чызг Тамарӕйы тыххӕй фыссын афтӕ ӕнцон нӕу, хӕрзӕрыгонӕй афтыд Мӕскуымӕ, уым каст фӕцис Культурӕйы институт. Йӕ цард ӕмӕ йӕ архайд баст уыдысты равдыстытӕ аразынимӕ, уыдонимӕ бабӕрӕг кодта 22 фӕсарӕйнаг бӕстӕйы. Ӕнӕмӕнг, уый уыдис, ӕмбал кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм диссаджы архайд, Тамарӕ та уыцы ӕвзарӕнтӕ ӕмӕ цӕуӕнтӕ бӕтты, ирон ӕхсӕнады хуыздӕр минӕвӕртты цардарӕзтыл. Арӕх ӕй ӕрцахсынц мысинӕгтӕ, йӕ цӕстытыл фӕуайы Абойты Зауырбег.

Ирыстоны уӕвгӕйӕ, амбӕлы Зауырбеджы хо Алетӕйыл, уымӕн йӕ зӕрды ис, Абойты Зауырбеджы номыл историон бынат байгом кӕнын. Цӕмӕй дзы фӕзына йӕ бюст, ӕмӕ йӕм цӕмӕй адӕм цӕуой дидинджытӕ сӕвӕрынмӕ. Ныры онг ын ингӕн дӕр нӕма ис, ӕмӕ Тамарӕйӕн уыцы уавӕр йӕ зӕрдӕйы рис нӕ къаддӕр кӕны. Ныртӕккӕ йыл архитектор архайы, Тамарӕйӕн та йӕ хъуыдыйы ис, цӕмӕй дзы фӕзына, сфӕлдыстадӕй хъӕздыг сывӕллӕттӕн, сӕ аивад равдисыны фадат…

Афтӕ кӕсы Тамарӕмӕ ӕмӕ ам, Ирыстоны, ног историон бынаты, сывӕллӕттӕ сӕхи хуыздӕр банкъардзысты, сӕ аивад куыд ахсджиаг у, уыдӕттӕ дӕр суыдзысты хъӕугӕ. Мӕскуыйаг ирӕтты ‘хсӕн Абойты Зауырбег уыдис ӕцӕг ирон ӕгъдау ӕмӕ уӕздандзинады ӕууӕлтӕ хӕссӕг. Бедойты Тамарӕ ма уӕд уыдис Нывгӕнджыты хӕдзары разамонӕг, Абойты Зауырбег та Нывгӕнджыты цӕдисы разамынды уӕнг, Мӕскуыйы советы депутат. Иу бон фӕзынд ӕмӕ фехъусын кодта, Юрий Лужков, дам, Кулешкӕйы цур цы арӕзтӕдтӕ ис, уыдон дӕтты патриархийӕн. Уӕд та ма цы нӕ вӕййы, ныффыссӕм-ма йӕм мах дӕр…

Кӕд дӕ, зӕгъын, фӕнды, уӕд ды ныффысс. Зауырбег ацыд, ӕмӕ дзы цалдӕр мӕйы ницы райхъуыст, стӕй фӕзынд. Цыдӕриддӕр хъуыдис, уыдон скодта, устав, уагӕвӕрдтӕ. Уыйас змӕлд дзы уыдис ӕмӕ диссаг, фӕлӕ сӕ Зауырбег нӕ тыхстис. Агуырдта амалхъомты, фыццагдӕр базонгӕ Хъайтыхъты Барисимӕ, уымӕн фӕдзырдта аргъуаны хабӕрттӕ. Уый дӕр йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг райста ацы хъуыддӕгтӕ. Абон нын Мӕскуыйы аргъуан кӕй ис, уый дзурӕг у нӕ иудзинадыл. Мах хъуамӕ Абойты Зауырбеджы ном нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ адӕмы хуыздӕртӕй кӕй у, уый хъуамӕ рох ма кӕнӕм. Ирыстонмӕ куы ссӕуын, уӕд бабӕрӕг кӕнын уӕлмӕрдтӕ, уым ныгӕд сты нӕ разагъды лӕгтӕ…

Бедойты Тамарӕ цы ахсджиаг куыст бакодта, уым хицӕн бынат уыдис «ирон уӕвынӕн». Дудараты Вероникӕ йын цы бафӕдзӕхста, ома, кӕмфӕнды куы уай, Тамарӕ, уӕддӕр дын фадат ис, ирон кӕй дӕ, уый тыххӕй дзурынӕн. «Ахӕм диссаджы адӕймаг уыдис Вероникӕ, ӕмӕ йӕ фӕндыдис, цӕмӕй дзыллӕтӕ зыдтаиккой, ирон кӕй у, йӕ зӕрдӕ хъӕздыг кӕй у, йӕхи куыд дары, уыдӕттӕ. Уыцы ӕууӕлтӕ мӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг райстон, никуы ӕфсӕрмы кодтон, ирон адӕмы тыххӕй дзурынӕй. Кӕддӕр Будапешты базыдтон, не ‘мтуг адӕм дзы кӕй ис, уый, уӕд сӕм бацыдтӕн ӕмӕ семӕ базонгӕ дӕн. Уырдыгӕй мӕм Мӕскуымӕ ссыдысты, Мӕскуыйӕ та Ирыстонмӕ рабалц кодтой», — зӕгъы Тамарӕ.

Хорз хъуыды кӕны, 1955 азты Мӕскуымӕ ахуырмӕ чи ныццыд, уыцы фӕсивӕды, ирон чызджытӕ ӕмӕ лӕппуты. Баскатӕ, Бутатӕ, Сечъынатӕ, Тотыккатӕ, Борыхъуатӕ…Куыд тынг сӕ фӕндыд сахуыр кӕнын, ныртӕккӕ дзы бирӕтӕн сӕ дӕргъвӕтин фӕндаг ахицӕн, баззад ма дзы астӕуккаг фӕлтӕр. Уыдонӕн сӕ уды хӕрзтӕн тӕссаг нӕу, фылдӕр ӕргом аздахын хъӕуы ӕрыгӕттӕм.

Йӕ заманы ӕмбӕлдысты стыр бӕрӕгбӕтты рӕстӕг, уыцы бонты-иу ӕмхуызонӕй ӕрбацыдысты ресторанмӕ. Инженертӕ, ахуыргӕндтӕ, медицинон кусджытӕ-иу иумӕ ӕрбамбырд сты. Ӕрыгӕттӕ та-иу лӕггад кодтой. Тамарӕ сӕм кастис, куыд ӕвӕджиауы дзӕбӕх гуырдтӕм, афтӕ, йӕ зӕрдӕ сӕм радис, цин сыл кодта. Уӕдӕй нырмӕ бирӕ ивддзинӕдтӕ ӕрцыд. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕй ма дзы баззад иунӕг, иннӕтӕ се ‘цӕг дунемӕ ацыдысты. Фарӕстӕм майы агъоммӕ сын хистӕртӕ студенттимӕ ӕд дидинджытӕ ӕрзилынц сӕ ингӕнтыл, цӕмӕй сын бузныджы ныхас зӕгъой…

Ныртӕккӕ ацӕргӕ ирӕттӕ бирӕ нал сты Мӕскуыйы. Фӕлӕ уӕддӕр Бедойты Тамарӕ йӕхи стыр амондджыныл нымайы, уыцы диссаджы адӕмимӕ зонгӕ кӕй уыд, уый тыххӕй.

«Семӕ зонгӕ кӕй уыдтӕн, бирӕ диссӕгтӕ мын кӕй балӕвар кодтой, уый тыххӕй тынг арӕх фӕдзурын мӕ кӕстӕртӕн. Стыр бузныг сын фӕуӕд, ахӕмӕй сӕ кӕй базыдтон, уый тыххӕй. Ирыстоны нывгӕнджытимӕ куыд нӕ уыдтӕн зонгӕ. Тынг арӕх-иу мӕм ӕрцыдысты сӕ равдыстыты рӕстӕг. Фӕлӕ се ‘хсӕн Бутаты Ефим дӕр кӕй ис, уый нӕ зыдтон. Нырма хъуамӕ рӕстӕг дӕр рацӕуа, цӕмӕй мах йӕ цуры нӕ сӕртӕй ныллӕг ӕркувӕм…

Иу афон мӕм ӕрбацыд Бутаты Иринӕ, ӕрбахаста йе ‘фсымӕры цалдӕр репродукцийы фен-ма сӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ цыбырӕй фӕбӕрӕг кодта йе ‘фсымӕры цардвӕндаг. Фылдӕр истытӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, йын куы бакодтон, уӕд та мӕм ногӕй ӕрбахаста репродукцитӕ. Лӕмбынӕг сӕм куы ‘ркастӕн, уӕд мын мӕ зӕрдӕ цыдӕр сӕлвӕста, ӕмӕ агурын райдыдтон. Интернеты уыйас ныцы уыдис. Сӕйрагдӕр цы рабӕрӕг? Бамбӕрстон, уый уыдис ӕцӕг стыр нывгӕнӕг, интеллигент, йӕ хъуыдытӕ, йӕ нуарджын ӕрмдзӕфыл фидар хӕцын чи зыдта, ахӕм адӕймаг…

Скодтон равдыст, цы хъуамӕ загътаин, уый зыдтон. Уырдӕм чи ӕрбацыд, уыдон мын мӕ хъуыдытӕ фехъуыстой. Нывгӕнӕг, хицӕн адӕймаг — уыдис уӕлдай ахасты хицау. Афтӕ мӕ бон у зӕгъын, кӕддӕр змӕлгӕ нывтӕ чи хаста адӕммӕ, йӕ бон фаг къӕбӕр бахӕрын кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы хуызӕн мӕм фӕкаст Бутаты Ефим. Йӕ цард цыма бынтон ӕндӕр рӕстӕгмӕ аргъӕвта, афтӕ мӕм сдзырдта мӕ зӕрдӕ. Уый ӕхцайы тыххӕй нӕ куыста, баззад удсыгъдӕггӕнӕн заманы. Цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кодтаид, фӕлӕ йӕ хъуыдыты та уыдис йӕ сӕйраг архайд, уыимӕ ӕххӕст кодта йӕ тох…

Ӕнкъард куыстытӕ йын сты, уый дзы бӕрӕг дары…Цавӕрдӕр тохӕн дзы ис бынат, уый банкъардтон…Рӕстӕг рацӕудзӕн ӕмӕ Бутаты Ефимы ном суыдзӕн табуйаг, ныртӕккӕ та ӕндӕрты рӕстӕг у. Уыцы рӕстӕг куыстон Бутаты Константинимӕ, цыдӕриддӕр хъуыдис ӕрмӕджытӕ, уыдӕттӕ мын ӕрвыста. Уыдтӕн мӕхӕдӕг дӕр Бирӕгъзӕнджы, федтон ын йӕ фӕлгонц… Мӕ зӕрдӕ йыл тынг риссы, цӕмӕн ахӕм рауад йӕ фӕндаг…Мӕ цӕстӕй акӕсгӕйӕ дзы хъуамӕ музейӕн уа бынат…Уый ӕндӕр цардӕй фӕцард, уыдис мидӕггаг интеллигенцийы стыр хицау…Дуне ӕгӕр ӕгъатыр у…

…Бедойты Тамарӕ кӕддӕр йӕ цард сбаста армайнаг нӕлгоймагимӕ, Людвиг Ванянимӕ. Рантыст сын дыууӕ лӕппуйы, уыдон дӕр бакодтой бинонты хъуыддаг. Рантыст сын фондз кӕстӕры: цыппар лӕппуйы ӕмӕ чызг. Кӕд ныртӕккӕ Тамарӕ нал кусы, уӕддӕр, йӕ бӕрны цы кӕстӕртӕ ис, уыдоныл тынг ауды. Арӕх бабӕрӕг кӕны Ирыстон, ӕрзилы, йӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон ӕмӕ ӕнцон ӕмбарӕн бынӕттыл. Цард ын йе уӕхсчытыл ӕрӕвӕрдта стыр уӕз, цы Ирыстон уарзы, уый хорздзинад хъахъхъӕнын, дарддӕр ӕй иннӕтӕм адӕттын…

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here