Кусӕг фембӕлд Сомихы минӕваримӕ

0
255

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фембӕлд, Уӕрӕсейы Сомихӕн цы Минӕварад ис, уый таможняйы атташе Арам Тананянимӕ.

Фембӕлды ма архайдтой Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Томайты Ирбег, Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Алан, национ фарстыты фӕдыл министр Цуциты Аслан.

Уазӕгӕн ӕгасцуай зӕгъгӕйӕ, Битарты Вячеслав арфӕ ракодта, уыцы бӕрнон бынатмӕ йӕ кӕй снысан кодтой, уый фӕдыл, йӕ зӕрдӕ йын загъта ӕнтыстдзинӕдтӕ йӕ дарддӕры куысты. «Дӕ архайд у тынг ахсджиаг, куыд Сомихӕн, афтӕ — Уӕрӕсейӕн ӕмӕ нӕ республикӕйӕн дӕр. Республикӕйы Хицауады оргӕнтӕ дын стыр ахъаз бакӕндзысты дӕ куысты мидӕг. Нӕ республикӕйыл Сомихӕй Уӕрӕсемӕ бӕлццӕттӕласӕн егъау уылӕн цӕуы, арӕх дзы сӕвзӕры алыхуызон уавӕртӕ, уыдон бахъӕуы аиуварс кӕнын», — загъта нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг.

Арам Тананян бузныг загъта Цӕгат Ирыстоны разамонӕгӕн, ахӕм цӕстӕй йӕм кӕй ракаст, уый тыххӕй, зӕрдӕ йын бавӕрдта, «Уӕллаг Ларс» рацаразыныл кӕй бацархайдзӕн, уымӕй. «Нӕ куысты хӕстӕ сты бӕрӕг, республикӕйы разамынды ‘рдыгӕй нӕ ӕмбарынц, нӕ архайд хъуамӕ уа бирӕвӕрсыг ӕмӕ ӕххӕст. Куыст хъуамӕ конд ӕрцӕуа биноныг ӕмӕ ӕххӕстӕй», — фӕнысан кодта Арам Тананян.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here