Ивгъуыд азы бӕрӕггӕнӕнтӕ

0
191

Цӕгат Ирыстоны районты ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды 2019 азы архайды ахъаззаджы бӕрӕггӕнӕнтӕм ӕркастысты Хицауады ӕмбырды. Экономикон рӕзты министры хӕдивӕг Кочиты Сослан йӕ раныхасы куыд бацамыдта, афтӕмӕй бӕрӕггӕнӕнты бындуры сты, фараст хайыл чи ӕххӕссы, уыцы 41 ӕвдисӕндары.

Ахӕм ахаст ӕвдисы бынӕттон хицауады ӕцӕг ӕнтыстдзинӕдтӕ экономикӕйы, иумӕйаг, уӕлӕмхасӕн, скъолайы агъоммӕ ахуырады, культурӕ, спорт, цӕрӕн хӕдзӕрттӕ аразыны ӕмӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады.

Кочийы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ уал республикӕйы ӕхсӕз муниципалон сконды фӕфылдӕр сты, иунӕг адӕймагмӕ хауӕг ӕнӕбюджетон инвестицитӕ. Стырдӕр рӕзт рабӕрӕг ӕрӕфы районы, егъау инвестицион проект «Диг-Агро» царды рауагътой. Фӕзынд дзы машинӕты-технологон станцӕ «ӕрӕфаг», уый 2019 азы схардз кодта 264 милуан сомы. Ӕхсӕз муниципалон сконды фӕфылдӕр 1 азӕй 6 азмӕ скъолайы агъоммӕ сывӕллӕтты бӕрц, уыдонмӕ хауынц ахуырадон лӕггӕдтӕ. Рӕвдауӕндӕттимӕ ивддзинӕдтӕ фӕбӕрӕг сты Дзӕуджыхъӕуы, Алагиры, ӕрыдоны, Рахизфарсы, Кировы ӕмӕ Мӕздӕджы районты.

Скъолатӕм фӕссихор чи цӕуы, уыцы ахуырдзауты нымӕц зынгӕ фӕкъаддӕр Дзӕуджыхъӕуы, Алагиры, Рахизфарсы, Горӕтгӕрон районты. Кировы районы та уавӕрыл фӕзынд, ног, 360 бынатимӕ скъола Елхоты. Ӕхсӕрысӕры ӕмӕ Заманхъулы Культурӕйы артдзӕстытӕ саразынӕн фарон радих кодтой 80,4 милуан сомы. Мызуры, Фарныхъӕуы, Нартыхъӕуы, Ног Урух ӕмӕ Цӕлыччы та сӕ райдыдтой цалцӕг кӕнын. Федералон программӕ «Физкультурӕ ӕмӕ спорты рӕзт»-ы руаджы физкультурон-дзӕбӕхгӕнӕн комплекс байгом ис Елхоты, Алагиры, ӕрыдоны, ӕрӕфы, Мӕздӕджы, Рахизфарсы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты сарӕзтой фараст бирӕфадатджын хъазӕн фӕзы.

Ӕмбырды ма ныхас цыдис цӕрӕнуӕттӕ аразыны ӕмӕ коммуналон къабазы куысты тыххӕй. Фарон цӕрӕн хӕдзӕрттӕ сарӕзтой 7,3 проценты фылдӕр 2018 азимӕ абаргӕйӕ. Цӕгат Кавказы статистикон управленийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Цӕгат Ирыстоны иу цӕрӕгмӕ хауы 29,2 квадратон метры цӕрӕн уат. Уый Уӕрӕсейы Федерацийы у хуыздӕр бӕрӕггӕнӕн. Министры хӕдивӕг ма ракодта, районты цӕрджытӕ сӕ разамынды архайдӕй разы кӕй сты, уый кой дӕр. Уый рабӕрӕг ӕрфарсты фӕрцы.

Ӕмбырд амонӕг, Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз министрадтӕ ӕмӕ экспертон ӕмӕхсӕнадӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй алы бӕрӕггӕнӕныл дӕр муниципалитетты рауайа бӕстон ныхас, уыдон тынг ахадынц хъӕуты ӕмӕ горӕтты цӕрджытӕ уавӕртыл.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here