Радтаджы къух райсаг у

0
318

Лӕг ӕмӕ, дам, ус фӕрӕтыхъӕдӕй барст сты. Уый зӕгъӕн ис джызӕйлаг Гуымецъаты Хуысинӕ ӕмӕ Ханиффӕйӕ. Уыдон фидар хӕцынц нӕ фыдӕлты хӕххон цардыл, сты бирӕ бинонтӕ. Уымӕй уӕлдай дарынц бирӕ стурвос ӕмӕ хӕдзарон мӕргътӕ.

Хуысинӕ кусын райдыдта ЦИПУ-йы университеты шофырӕй, уыцы-иу рӕстӕг райста уӕлдӕр ахуырад. Фӕлӕ, машинӕйыл кусын уарзгӕйӕ, университеты йӕ шофыры куыст нӕ ныууагъта. Кусгӕйӕ баззад уӕзласӕн машинӕ ӕмӕ автобусыл.

Ханиффӕ у бинонты ӕнгомгӕнӕг, зондамонӕг ӕмӕ бӕркаддӕттӕг. Кӕстӕртыл, къуырттон каркау, йӕ базыртӕ байтыгъта. Лӕппу Валери кусы машинӕйыл, йӕ цардӕмбалимӕ цӕрынц амондджынӕй. Уыдонӕн ис фондз сывӕллоны, ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕхсӕзӕммӕ. Мады-Майрӕм сын ӕххуысгӕнӕг уӕд. Бинонтӕн сывӕллоны фӕзынд сӕ бӕллиц, хуры тын у. Сывӕллӕтты хъомыл кӕнынц сӕ ныййарджытӕ, сӕ нана, дада ӕмӕ дадайы хоимӕ. Ханиффӕйы ходыгъдимӕ.

Рӕзгӕ фӕлтӕрӕн сӕ тырнындзинад, сӕ зонды базыртӕ айтынг кӕнынӕн Джызӕлы уавӕртӕ къуындӕг сты. Хорз уаид, нӕ хицауад куы баххуыс кӕнид бирӕсывӕллонджын ныййарджытӕн горӕты цӕрӕнбынат радтыны тыххӕй.

Гуымецъаты бинонтӕ сты фыдӕлты ирон ӕгъдӕуттыл хӕст. Алы аз дӕр Хуысинӕ ӕмӕ йӕ фырт Валери ӕртыгай кӕрдзынтӕм фӕхонынц хиуӕтты ӕмӕ сыхӕгты. Сӕ куыстӕй цы исбон ӕрбахӕссынц, уымӕй Ханиффӕ скӕны бӕркадджын хӕринӕгтӕ. Акусарт кӕнынц Хуысинӕйы нывонд.

Цӕстуарзонӕй, цӕстырухс ӕмӕ зӕрдӕйы рухсӕй цы бӕркӕдтӕ ӕрӕвӕрай, уыдон та адджын ӕмӕ фарсылхӕцгӕ сты. Уӕлдай ӕхсызгон сын вӕййы, сӕ чызг ӕд лӕг, ӕд сывӕллӕттӕ куы сӕмбӕлынц.

Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц, радтаджы къух, дам, райсаг у. Цы радтай, уый дӕхи у, цы нӕ радтай, уый сӕфт у. Уыцы ӕмбисӕндтӕ, зӕрдыл даргӕйӕ, цӕрынц бинонтӕ, ӕмӕ сӕм адӕмы хорзӕх здӕхы фӕстӕмӕ.

Гъемӕ адӕмы хорзӕхӕй хайджын уӕнт амӕй фӕстӕмӕ дӕр. Хайджын уӕнт зӕххы бӕркӕдтӕ, адӕмы зонд ӕмӕ ӕрдзы лӕвӕрттӕй, намыс ӕмӕ зӕрдӕйы хорзӕхӕй. Царды уылӕнты ӕнцонӕй ленк кӕнын фӕразӕнт.

Тотраты Барис, Джызӕл

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here