Пушкин ӕмӕ ирон адӕм

0
569

Уӕрӕсейы азфыстмӕ гӕсгӕ Владимир Мономах йӕ фырт Юрий Долгорукийӕн 1107 азы ракуырдта алайнаг кънйазы фырты чызджы. Юрийы фырт Всеволод дӕр бафӕзмыдта йӕ фыды ӕмӕ уый дӕр цардӕмбалӕн равзӕрста алайнаг чызг Марияйы. Уый нӕ, фӕлӕ ма йын йӕ хойы дӕр бацамыдта Киеваг кънйаз Святославы фырт Мстиславӕн.

Всеволод ӕмӕ Марияйӕн рантыст 12 сывӕллоны, уымӕ гӕсгӕ сӕ рахуыдтой Стыр бинонтӕ (Большое гнездо). Сӕ фырттӕй иу, цытджын кънйаз Ярослав уыд Новгородаг кънйаз, стыр уырыссаг ӕфсӕддон разамонӕг, политикон архайӕг ӕмӕ дипломат, адӕмон хъӕбатыр Александр Невскийы фыд.

Невскийы фыды мад алайнаг-ирон Марияйы хорзы кой ныхъхъӕр ӕппӕт Уӕрӕсейыл дӕр. Йӕ бирӕ цот бахъомыл кодта фыдыбӕстӕйӕн патриоттӕй. Марияйы йӕ хӕрзконд ӕмӕ зӕрдӕхӕлардзинады, йӕ мойимӕ кад ӕмӕ радимӕ кӕй фӕцард, уый тыххӕй йӕ йӕ амарды фӕстӕ Уӕрӕсейы чырыстон аргъуан банымадта сыгъдӕг удыл. Уый размӕ ма сыгъдӕг удтыл банымадтой дыууӕ адӕймаджы: Уырысӕн чырыстон дин чи райсын кодта, уый — Владимир Фыццаджы ӕмӕ Киеваг ӕхсин Ольгӕйы (чырыстон дин райста Константинополы). Мария уыд ӕртыккаг, цыппӕрӕм уыд йӕ фырт, фӕндзӕм — йӕ фырты фырт Александр Невский, ӕхсӕзӕм — Невскийы фырт Даниил.

Александр Невскийы байзӕддаджы, йӕ фырт Андрей III-ӕй рацӕугӕ иу къабазы фӕстӕдӕр райгуырд номдзыд поэт, гений А.С. Пушкин. Йӕ иннӕ фырт, сыгъдӕг уд Даниилӕй рацӕугӕ къабазы та райгуырд Пушкины цардӕмбал Н.Н. Гончарова. Афтӕмӕй, лыстӕг ахъуыды кӕнгӕйӕ, А. Пушкины ӕмӕ Н. Гончаровайы уӕнгты хъазыд сӕ фыдӕлты мад — ирон сылгоймаг Марияйы тӕвд туг дӕр. Номдзыд поэт йӕ уацмыс «Путешествие в Арзрум»-ы ирон адӕмы тыххӕй хуымӕтӕджы зӕрдӕрисгӕ нӕ фыста: “Сӕ сылгоймӕгтӕ диссаджы рӕсугъд сты”. Уӕдӕ адӕмон сфӕлдыстады бындурыл цы уацмыстӕ ныффыста, уыдоны дӕр цыдӕр хиондзинады тӕваг банкъары ирон чиныгкӕсӕг. Бӕрӕг у, ирон адӕмон сфӕлдыстадӕн дӕр ӕцӕгӕлон кӕй не сты сӕ архайджытӕ ӕмӕ сӕ хъӕбатырдзинӕдтӕ. Алыхуызон адӕмтӕм кӕрӕдзи цард, фӕлтӕрддзинад, культурӕ ӕмӕ аивад базонынмӕ тырнындзинад сӕ ис. Хорз алкӕмӕн дӕр фӕзминаг у, ӕмӕ-иу сабыр изӕрты Мария йӕ бирӕ цотӕн цы алайнаг-ирон аргъӕуттӕ, таурӕгътӕ, кадджытӕ дзырдта, уыдон фӕлтӕрты сӕрты Пушкинмӕ дӕр ӕрхӕццӕ уыдаиккой.

А. Пушкины цард ӕмӕ сфӕлдыстад иртасджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Ирыстоны куы уыд, уӕд ма Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕй уӕлдай фембӕлд ӕрыдойнӕгтӕ ӕмӕ джызӕйлӕгтимӕ. Джызӕлы иу зианы йӕхи цӕстӕй федта ирон мардӕвӕрыны ӕгъдӕуттӕ. Уый зонгӕйӕ, нывгӕнӕг П. Зарон ӕй сныв кодта ирон Ныхасы лӕгтимӕ. Ныв хуыйны «А. Пушкин ирон хъӕуы».

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here