Разыдзинады ног бадзырд

0
286

Кусӕг балцы Мӕскуыйы уӕвгӕйӕ, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фембӕлд Уӕрӕсейы спорты министр Олег Матыцинимӕ.

Ныхас рауад Цӕгат Ирыстоны спорты рӕзтыл, сӕйрагдӕр та — нӕ республикӕйы Спорты галуан саразыныл. Ныртӕккӕ нӕм цы бӕстыхӕйттӕ ис, уыдон нӕ стыр мадзӕлттӕ кӕнын нӕ уадзынц, цы адӕм сӕм ӕрбацӕуы, уыдонӕн дзы бынӕттӕ нӕ вӕййы. Хъуамӕ ног  объекты уа 5 мин бынаты бӕрц.

Нырмӕ уал Цӕгат Ирыстоны разамынд  Уӕрӕсейы Президентмӕ барвыста куырдиат, цӕмӕй хъуыддагӕн ӕхца радих кӕна, ахӕм уынаффӕтӕ рахастӕуыд. Дзӕуджыхъӕуы бирӕфадатджын спортивон центр саразыны тыххӕй уал проектон-агурӕн хъуыддӕгты тыххӕй бафыстой Паддзахадон бадзырд. Зӕхх радих кодтой арӕзтадӕн, проектон документацийы уавӕр ӕвзары РЦИ-Аланийы «Арӕзтӕдты проектты паддзахадон экспертизӕ». Арӕзтадӕн рагагъоммӕ нымадӕй бахъӕудзӕн 3,8 миллиард сомы бӕрц.

Республикӕйы разамонӕг ма йе ‘ргом аздӕхта, нырыккон иугонд Гимнастикон центр саразынмӕ. «Не ‘взонг граждӕнты ‘хсӕн гимнастикӕ ӕмӕ акробатикӕмӕ стыр ӕргом здӕхт цӕуы, ныртӕккӕ нӕм Дзӕуджыхъӕуы ис дыууӕ секцийы спортивон гимнастикӕйӕ. Сӕ архайд у коммерцион бындурыл, фӕлӕ сӕ тренировкӕтӕ кӕнӕн зал, иннӕ фадӕттӕ сты къуындӕг, рӕстӕджы домӕнтӕн дзуапп нӕ дӕттынц. Иугонд Гимнастикон центр нӕм куы уаид, уӕд спортсменты ӕппӕтуӕрӕсеон ӕмӕ дунеон ерыстӕм бацӕттӕ кӕныны хъуыддаг фӕахадгӕдӕр уаид», — фӕбӕрӕг кодта Битарты Вячеслав.

Республикӕйы Сӕргълӕууӕг федералон ведомствӕйы разамонӕгӕн куыд загъта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстон дӕр хъуыддӕгтӕ саразыны ахъаззагӕй бацархайдзӕн. Фембӕлды кӕрон йӕ архайджытӕ бафыстой, физкультурӕ ӕмӕ спорты ӕмгуыстад ӕмӕ ӕмархайды тыххӕй  Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы ‘хсӕн разыдзинады ног документ. Бадзырд куыд амоны, афтӕмӕй федералон ведомствӕ ӕмӕ регионы ‘хсӕн проект «Спорт — царды фӕтк»-мӕ гӕсгӕ, цӕрджыты ӕппӕт категоритӕн ӕмӕ къордтӕн фадӕттӕ скӕндзысты, физкультурӕ ӕмӕ спортӕй архайыны тыххӕй. Спортивон объекттӕ баххӕст кӕндзысты спортивон ифтонггӕрзтӕй, Цӕгат Ирыстоны спорты кадджындӕр хуызтӕ парахатдӕр кӕндзысты, курдиатджындӕр спортсменты ӕвзардзысты, спортивон фӕстаурӕцы къордтӕ араздзысты.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here