Царды цы цаутӕ ӕрцӕуы, уыдон тар ахорӕнтӕй ахуырст уой ӕви ирд, уӕлдай нӕу. Се ‘ппӕт дӕр баззайынц историйы, цӕмӕй фидӕны фӕлтӕртӕн уой зондисӕн дӕнцӕг. Афтӕ куы уа, уӕд сын ӕнцондӕр цӕуӕн уыдзӕн размӕ, фидӕнмӕ.
100 азы размӕ, Хуссар Ирыстоны цы фыдгӕнды цаутӕ ӕрцыд, уыдон дӕр баззадысты историйы. Сӕ бындурыл фыст цӕуынц наукон куыстытӕ ӕмӕ аивадон уацмыстӕ. Ӕрӕджы рауагъдад «Ир»-ы рухс федта Бежанты ӕхсары уацау «Хур арты куы басыгъд…» Автор йӕ пролоджы куыд фыссы, афтӕмӕй, ирон адӕм незамантӕй нырмӕ сӕ фӕтӕн уӕхсчытыл хӕссынц ӕнусон бӕрн, банымайӕн ын нӕй азтӕй, фӕлӕ, Хуыцау Нарты куы сфӕлдыста арты цӕхӕры, уӕдӕй нырмӕ хӕссӕм нӕ бӕрн.
Гуымирытӕ, дӕлимонтӕ, уӕйгуытӕ ӕмӕ ӕндӕр фыдгӕнджытӕ цагътой Хуыцауы хъӕбулты. Мах фӕрӕзтам, хастам нӕ Берн, зындзинад ӕмӕ хъизӕмармӕ нӕ кӕсгӕйӕ…
Ӕмӕ та ног, ивгъуыд ӕнусы, 20 азты, ирон адӕм цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, ацы уацау у, уыдонӕн ӕвдисӕн…
Уацмыс райдайы Хуссар Ирыстоны чысыл хъӕу Белоты ӕрдзы нывӕй. Уым нӕудзар сӕрвӕты йӕ фыстӕ хизы чысыл лӕппу Габе. Уацмысӕй мах зонӕм, ацы хъӕуы фос бирӕ кӕй уыд, йӕ адӕм та куыстуарзаг кӕй уыдысты, уый. Иумӕ цӕрынц хӕларӕй, цины уа, хъыджы — кӕрӕдзийӕн сты ӕгъдӕнцой. Кӕстӕр дзы ӕмбары хистӕры, зоны йын кад ӕмӕ аргъ кӕнын. Хъӕубӕсты фидауцджын лӕгтӕн сӕ сӕрӕндӕр у Арон. Уый у кад ӕмӕ ӕгъдаухӕссӕг.
Дыккаг сӕргонды бакӕсдзыстут, гуырдзиаг лӕгмар -салдӕттӕ Белоты хъӕуы цӕрджытӕн цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕнынц, уый тыххӕй цаутӕ. Ам ма базондзыстут, Гуырдзыстоны меньшевикты раздзӕуджытӕй у, Ной Жорданияйӕн ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн Европӕ ӕмӕ Америкӕйы минӕвӕрттӕ се ‘ххуысгӕнджытӕ кӕй уыдысты, уый.
Уацауы ирдӕй ӕвдыст цӕуынц Ирыстоны номдзыд рухстауджыты ӕмӕ революционерты — Гаглойты Рутены, Плиты Ароны, Тӕхъоты Чермены, Дзугаты Къобайы сурӕттӕ.
Хицӕн сӕргӕндты «Рутены фӕндаджы» кӕсӕм, адӕм Хуссар Ирыстонӕй Цӕгатмӕ куыд лыгъдысты, уыцы ӕвирхъау цаутӕ. Хуссар Ирыстонмӕ Гуырдзыстонӕй цы меньшевиктӕ ныббырстой, уыдонӕн сӕ хӕрзгӕнджытӕ гуырдзиаг дингӕнджытӕ кӕй уыдысты, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты бахъахъхъӕнынӕн сын Советон Хицауад цы зӕрдӕвӕрӕн ныхас кодта ӕмӕ Дзауы районы Национ совет ирон адӕмы цӕрайӕн цы уынаффӕтӕ рахаста, суанг ма Цъунары цӕрджытӕ сӕ фӕрныг царды уынаффӕтӕй, фидӕны фӕрныг сомбонмӕ цы фӕндтӕ кодтой, ӕмӕ сӕ автор литературон аивадон ӕвзагӕй куыд ранывӕзта, уый дӕр базондзыстут уацауы.
«Хур арты куы басыгъд…» у ӕнцон кӕсӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ алы сӕргонд дӕр у цыбыр, цымыдисаг факттӕй хъӕздыг, нуарджын ӕвзагӕй фыст. Сӕйрагдӕр та дзы ӕвӕрд ис нӕ адӕмы иудзинады ӕмӕ удварныл дзурӕг хъуыдытӕ.
Гасанты Валери














