Дадайы зарӕг

0
285

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты чидӕриддӕр архайдта,йӕ фыдыбӕстӕ знагӕй бахъахъхъӕныныл чидӕриддӕр тох кодта, уыдон се ‘ппӕт дӕр,кӕмӕн дзы цас бантыст уымӕ нӕ кӕсгӕйӕ,сты кад ӕмӕ намысы аккаг. Сӕ хъӕбатырдзинад, сӕ ныфс ӕмӕ сӕ хъару, сӕ рухс нӕмттӕ зӕрдылдаринаг ӕмӕ сӕ фидӕны фӕлтӕртӕн цӕвиттонӕн хӕссинаг.

Уыдонӕй иу уыди Заманхъулыхъӕуккаг хистӕр лейтенант Хъуысаты Знауыры фырт Ахберд. Хӕст ӕй ӕрӕййӕфта 18-аздзыдӕй. Ӕртӕ мӕйы бастдзинады училищӕйы ахуыры фӕстӕ ӕрвыст ӕрцыд Ростовы бынмӕ карз тохты архайӕг 56-ӕм ӕфсады оперативон къордмӕ.

Ардыгӕй райдыдтой йӕ хӕстон фӕндӕгтӕ Ахбердӕн, Ростов знӕгтӕй суӕгъд кӕныныл карз тохты хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд Сырх Тырысайы орден.

Заманхъулы Дӕппыны хидӕй куы ахизай, уӕд фӕхӕрд кӕндзынӕ Дзиккайы суадонмӕ, уый фале хорз ӕнтӕф бон дӕ дойны басӕттын дӕ бон бауыдзӕн Кочийы уазал суадонӕй.  Дарддӕр дӕ фӕндаг ахондзӕн Мысыкайы рагъмӕ. Уым дӕ ног цагъд цӕвӕгимӕ дӕ хъару ӕмӕ дӕхӕдӕг, кӕрдыс ма нал. Сойджын уыгӕрдӕны алыхуызон кӕрдӕджытӕ сӕ хӕрздӕфӕй фегом кӕнынц улӕфӕнтӕ. Уыцы нывӕфтыд фӕндӕгтыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты бӕхуӕрдоныл не сфардӕг йӕ фыдыфыд Ахбердимӕ  Сослан. Афтӕ йӕм каст, цыма сын фӕндагамонӕг та, йӕ фыдыфыд-иу цы зарӕг базарыд, уый уыд. О, уыцы зарӕджы зӕлтӕ ма абон дӕр хъуысынц йӕ зӕрдӕйы арфы. Уыцы зӕлтӕ уыдысты царды уӕлахизтӕм сидӕг, хъӕлӕсы уадындзтӕй,  зӕрдӕйӕ, уарзт ӕмӕ мастӕй фӕрсыгъд ӕвидигӕ суадӕттӕ. Ивылгӕ хохаг, ӕрра донау,  айнӕг къӕдзӕхтӕй уынгӕг комӕй бырсӕгау, агуырдтой рагуылфӕн зӕрдӕйы арфӕй ӕмӕ ӕмбӕлдысты зӕрдӕйы арфдӕр, рӕбинагдӕр, рухсдӕр къӕсӕртыл.

Уыдон ӕнӕрынцой, ног сыгъдӕг удты фӕндыры ӕлвӕст тӕгтыл агуырдтой фидӕны фӕлтӕртӕм фӕндӕгтӕ. Ссардтой сӕ, чи зоны, бӕхуӕрдоны рӕтӕнагъдыл бадӕг ӕвзонг гуырды, сабийы зӕрдӕйы ӕмӕ йе ‘мцыд цӕрӕнбон кӕндзысты. Царды ӕрвылбоны ницытӕ-мацытӕ уыдон ӕмбӕрздзысты мигъты ӕгъуыз фӕлмау, фӕлӕ-иу схиздзысты хуры зынг тынтӕм. Рӕстӕгӕн басӕттын нӕ комдзысты. Гуырдзысты аивӕй-аивмӕ,  ногдӕрӕй-ногдӕрмӕ, рухсдӕрӕй-рухсдӕрмӕ.

Уыцы зарӕджы  зӕлтӕ Ахберды байзӕддаг Сосланӕн ног ӕмӕ ног хуызы рафӕлдахынц йӕ дадайы хӕрзиуджыты мидис. Удӕгас ӕвдисӕнтау слӕууынц йӕ разы. Ракӕнынц ын дард, фӕлӕ ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты хабӕрттӕ, ногӕй йӕм разынынц йӕ дадайы судзгӕ хъӕдгӕмттӕ.

Сослан йӕ хистӕртӕй куыд хъуыста, афтӕмӕй Ахберд йӕ уарзон Заманхъулмӕ ӕрыздӕхт 1947 азы дыккаг къорды инвалидӕй. Кусын райдыдта колхоз «Ирыстон»-ы. Йӕ хӕрзиуджытӕм ма бафтыд «Фӕллойы ветеран»-ы майдан. Скодта хорз бинонтӕ, схъомыл кодта иу лӕппу ӕмӕ ӕхсӕз чызджы. Хъуысаты Ахберд кодта стыр ӕфсӕддон-патриотон куыст йӕ хъӕубӕсты, зӕрдиагӕй архайдта колхозы, ӕхсӕнадон царды. Хӕсты ветеран уыд хъӕусоветы депутат. Хъӕуы чындзӕхсӕв, лӕппуйы куывд, кӕнӕ ӕрыгон фӕсивӕды Советон ӕфсадмӕ фӕндараст хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд-иу Ахберд хуынд уыди кадджын уазджыты фыццагдӕртимӕ. Ӕмӕ-иу уыцы циндзинӕдтӕ, ӕнӕмӕнг, сфидауын кодта йӕ диссаджы хъуытазхъӕлӕсӕй, йӕ рӕсугъд зардӕй. Ахберды байзӕддӕгтӕ абон дӕр, цӕстыгагуыйау, хъахъхъӕнынц, Курскы къӕлӕты карз тохты фӕстӕ иу чысыл сабыр рӕстӕг взводы командир йӕ мадмӕ цы фыстӕг ӕрӕрвыста, уый: «Уӕ бон хорз мӕ зынаргъ ныййарӕг, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ сыхӕгтӕ! ӕрвитын уӕм хӕстон арфӕтӕ ӕмӕ салӕмттӕ. Ныр салдат нал дӕн, фӕлӕ артиллерийы афицер, артиллери та ам хонынц хӕсты Хуыцау. Архайдтон Ростов суӕгъд кӕныны тохты, Сталинград ӕмӕ Курскы къӕлӕты тугкалӕн хӕстыты. ӕвӕццӕгӕн мын Заманхъулы кувӕндон ӕххуыс кӕны ӕмӕ уал дӕн сӕрӕгас, ӕнӕниз. Фашистты дӕрӕн кӕнӕм ӕнауӕрдонӕй. Салӕмттӕ нӕхиуӕттӕн се ‘ппӕтӕн дӕр. Уӕхи Ахберд».

Ахберд ма архайдта Украинӕ, Польшӕ ӕмӕ Чехословаки суӕгъд кӕныны тугкалӕн хӕстыты. Прагӕйы бацӕуӕны хӕстыты фӕцис уӕззау цӕф. Ӕфсӕддон дохтыртӕ фараст мӕйы дӕргъы тох кодтой афицеры цард бахъахъхъӕныныл ӕмӕ мӕлӕтыл фӕуӕлахиз сты.

Йӕ хӕстон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй Ахберд хорзӕхджын ӕрцыд Сырх Стъалыйы дыууӕ орденӕй, Фыдыбӕстӕйы хӕсты фыццаг ӕмӕ дыккаг къӕпхӕнты ордентӕй, Чехословаки фашисттӕй суӕгъд кӕныны тыххӕй Сырх Стъалыйы орденӕй уӕлдай республикӕйы Президенты зӕрдылдарӕн майданӕй. Уыдонӕй уӕлдай ма йӕ риуыл сӕрттывтой «ӕхсардзинады тыххӕй», «Хӕстон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй», «Германыл фӕуӕлахизы тыххӕй», «Кавказ бахъахъхъӕныны тыххӕй», «Сталинград бахъахъхъӕныны тыххӕй», ӕдӕппӕт ӕртындӕс майданы. Уыцы ӕппӕт хӕрзиуджытӕ Ахберд райста 21 азӕй 27 азы онг ӕмӕ сӕм абон йӕ хъӕбулы хъӕбул Сослан кӕсы дзуары нывтӕм кӕсӕгау. Ныр зоны, алы хӕрзиуӕг дӕр дзы царды аргъ кӕй кодта ӕмӕ сӕ куы райсы, уӕд та йӕ цӕстыты раз слӕууынц йӕ дадайы сгуыхтдзинӕдтӕ, йӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ йӕ ныфсхаст, йӕ уды фарн. Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ йӕ алы хӕрзиуӕгмӕ кӕсгӕйӕ дӕр, ӕнӕмӕнг, йӕ хъусты фӕзӕлы, бӕхуӕрдоны бадгӕйӕ йын йӕ дада цы зарӕг кодта, уый. Нӕ йын бахъуыды кодта йӕ ныхӕстӕ, фӕлӕ уый уыд ныфсхаст ӕмӕ хъӕбатырӕй тохмӕ сидӕг, амонд ӕмӕ фарныл, рухс фидӕныл. Уый уыд, ӕвӕццӕгӕн, рухс царды зарӕг. ӕндӕр цӕмӕн афтӕ ахъардтаид йӕ туджы, йӕ зӕрдӕйы арфы цӕмӕн зӕлыд иудадзыг?! Кӕд уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр цард у ӕмӕ йын ӕнӕ уыцы зарӕг нӕй уӕвӕн?! Уый ӕрмӕст цард нӕу. Уый фарн у. Фыдӕй-фыртмӕ цӕугӕ фарн ӕмӕ йӕ ӕрдӕгыл нӕй ныууадзӕн. Ахӕццӕ йӕ кӕнын хъӕуы фӕстагӕттӕм. Ахӕм хъуыды фидарӕй-фидардӕр кӕны Ахберды фырты фырт Сосланы зӕрдӕйы. ӕмӕ Цӕгат Кавказы технологон университеты экологон факультет хорз ӕмӕ иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ ахуыр фӕуыны фӕстӕ кусыны бӕсты хуымӕтӕджы нӕ бацыд ахуыр кӕнынмӕ Дзӕуджыхъӕуы Гергиты Валерийы  номыл аивӕдты колледжы вокалон хайадмӕ. Ам иу афӕдзы ахуыры фӕстӕ йӕ ахуыргӕнджыты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йӕ зарыны гӕнӕнтӕ тынгдӕр раргом кӕныны фӕдыл ахуыр кӕнынмӕ бацыд Мӕскуыйы Театралон аивады паддзахадон институты вокалон хайадмӕ, йӕ бабайы зарӕджы уаз зӕлтӕ дарддӕр агурынмӕ. Мӕскуыйы дӕр ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы дӕр ӕрвылаз Уӕлахизы бон Сослан ӕнӕмӕлгӕ полкъимӕ сӕрыстырӕй бӕрзонд сисы йӕ фыдыфыд Хъуысаты Ахберды къам. Сӕрыстырдзинады уылӕнтӕ йӕ сӕ уӕлныхты ахӕссынц ӕмӕ зӕрдӕйы райгуырынц ахӕм ныхӕстӕ:

— Заманхъулы рагъӕй

цы уари стахти

йӕ фидар базыртӕй,

Уый арвы тыгъдады

дымгӕтӕн нӕ састи

Рӕстдзинадыл тохӕй.

 

Йӕ дадайы зарӕг

цы кӕстӕр ныззара,

Ныфсы цӕхӕр феста,

Йӕ хурӕмдых уӕнгты

зынг хъару ыссара,

ӕрвон нӕргӕ ехсау.

Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here