Къоста Къостайæ баззайдзæн, Нигер – Нигерæй…

0
18

Ахæм хабар нæй, æмæ уайтагъд йæхицæн фæндаг ма акæна, ма сæмбæла дзыллæты хъустыл. Ноджы, хабархæссæг фæрæзты нымæц куы фегæр, уæд та бынтон. Æмæ мæнæ кæсын, цæвиттон, дам, æрыгон лæппуты къорд изæрыгон сæ хæдзæрттæм фистæгæй фæцæйцыдысты. Хъуыддаг уыд Дзæуджыхъæуы, афтæмæй сæ хъустыл ауад гæдыйы уаст.

Уайтагъд лæппутæ фæкъæрцхъус сты, аракæс-бакæс кодтой, гæдыйы лæппыны ссардтой доны арф хæтæлы. Цы диссаджы арæхстдзинад равдыстой, лæппыны хæтæлæй стыр зынтимæ куыд сластой, уыдæттæ тынг лæмбынæг фыст æрцыдыс-ты. Кæйфæнды зæрдæ дæр барухс уыдзæн, ахæм хабæрттæ кæсгæйæ. Æрмæст мын фæстагмæ сæ архайд фæхъыг, ном дæр, дам, ма йыл сæвæрдтой. Нигер! Ахæм парахат дунеæмбарынады хицæуттæн сæ зонд, сæ хъуыдыкæнынад кæуылты у! Нигер! Ома ирон поэт Дзанайты Иваны фæсномыг… Æндæр ном нал разынд…

Æрæджы æрбацæуæг туристтæ Сабырдзинады проспекты Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæны алыварс куыд стыгуыр сты, сæ сывæллоны къамтæ, Къостайы хъæбысы бадгæйæ, куыд истой, уыдæттæ адæмы дисы бафтыдтой. Бæлццæттæй иу – сылгоймаг фæндаггон фистæг цæуджытæй кæйдæр афарста, «а что это за мужик?», зæгъгæ. Ома, æрбацæуæг цæмæй зоны, цыртдзæвæн кæй кадæн конд æрцыд, уыдæттæ. Æрæджы ма нæхæдæг дæр уыцы цыртдзæвæнæй хъазгæ кодтам, нæ фæсивæдæн куыд æнтыст, афтæ дзы сæ къамтæ истой, цыртдзæвæныл бæхбадт кодтой. Адæмы хъæр та кæд кæмæ хъуыст…

Уыдæттæ фæсте аззадысты, мæнæ æвзæр низ куыд уа, раст афтæ. Къоста бирæ тыхстдзинæдтæ бавзæрста йæ царды, йæ амæлæты фæстæ дæр ныббыхсдзæн, æндæр цы загъдæуа… Уыцы æнæхъола фæсивæды бон дæр ын ницы у… Гæдыйы лæппыны Нигер схон, уым уагæры хорздзинадæй цы ис? Цымæ, кæй зæрды ‘рæфтыд уыцы тæхгæ-нæргæ хъуыды, цымæ æппындæр, ахуыргæнгæйæ, ирон литературæйы урокты Нигеры ном никуы фехъуыстой, æви æвзаг афтæ не ‘мбæрстой, æмæ сын уæлдай нæ уыд, Нигер у æви Дзанайты Иван…

Ирон поэт Дзанайты Иван кæд революцийы агъоммæ райгуырд, Нары приходы скъола каст фæцис, уый  фæстæ та – Æрыдоны удварны семинар, фæстæдæр – Саратовы университеты историон-филологион факультет, уæддæр йæ зонд уыд æгæрон. Йæ курдиат – бирæвæрсыг, журнал «Фидиуæг»-ы цы критикон, цыргъ æрмæджытæ мыхуыр кодта, уыдоны бын-иу бафыста йæ фæсномыг Нигер. Уæды æмæ ныры ахуыргæндты, поэтты, фысджыты арæхстдзинæдтæ, зондахаст кæрæдзиимæ нæ  бардзыстæм…

Кæд æмæ скъолайы Нигеры сфæлдыстад нæ базыдтат, уæд уæ ныр дæр ницæмæн хъæуы, фæлæ цæрæгойты лæппынты нæмттæ фендæрхуызон кæнут. Уæхицæн уыцы зын скæнут, æвæццæгæн, мæнæ цы мадæлон æвзаг нæ уарзут, уыцы урокты кæмдæр айхъуыстат, Нигер, зæгъгæ, ном, кæмдæр уæ зонды ныссагъд, афон ралæууыд, æмæ зонд скуыста. Ралæвæрдта йæ ‘хсæнадмæ. Æгайтма уæ бон у баххуыс кæнын, фæлæ ма-иу уыцы рæстæг уæ цыбыр зонындзинæдтæ дæр скусын кæнут. Мыййаг, цы нæ вæййы…

Къоста Къостайæ баззайдзæн, Нигер – Нигерæй… Уæ бон сын ницы у.

Бутаты Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here