Арфӕтӕ — хъомылгӕнджытӕн

0
403

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ӕрвылаз 27 сентябры Уӕрӕсейы сбӕрӕг кӕнынц Хъомылгӕнӕг ӕмӕ скъолайы агъоммӕ ахуырады ӕппӕт кусджыты бӕрӕгбон.

Уыцы боны кадӕн ӕмбырд уыд политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы Цӕгат Ирыстоны регионалон хайады. Республикӕйы скъолайы агъоммӕ ахуырады хуыздӕр кусджыты къордӕн сӕ профессион бӕрӕгбоны фӕдыл арфӕтӕ ракодтой «Иугонд Уӕрӕсе»-йы регионалон ӕххӕстгӕнӕг комитеты разамонӕг Едзойты Марат ӕмӕ РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Бокоты Эльбрус. Фембӕлды архайӕг хъомылгӕнджытӕ ӕмӕ иннӕ специалисттӕн саккаг кодтой Арфӕйы фыстӕджытӕ дӕр.

«Рӕзгӕ фӕлтӕримӕ куыст уӕлдай ахсджиаг хъуыддаг у. Хъомылгӕнджытӕ ӕмӕ иннӕ специалистты профессион дӕсныдзинад ӕмӕ уды хуыздӕр миниуджыты фӕрцы сывӕллӕтты зӕрдӕты райгуыры тырнынад ног зонындзинӕдтӕ райсынмӕ, алфамбылай дунейы тыххӕй ногдзинӕдтӕ базонынмӕ, — йӕ арфӕйы ныхасы фӕнысан кодта Бокойы-фырт.

Зӕгъын хъӕуы, Хъомылгӕнӕг ӕмӕ скъолайы агъоммӕ ахуырады кусджыты профессион бӕрӕгбон снысан кӕнын баст у Уӕрӕсейы фыццаг рӕвдауӕндон байгом кӕныны бонимӕ. Уыцы цау ӕрцыд Бетъырбухы 1863 азы.

Санаты Альбинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here