Будайты Милуся
Уарзт
Уарзондзинад… Диссаг у диссаг, ӕнхъӕлмӕ дӕр ӕм нӕ фӕкӕсӕм, афтӕмӕй нын ӕрбахойы нӕ дуар ӕнӕхонгӕ уазӕджы хуызӕн. Стӕй нӕ нӕ бафӕрсы, афтӕмӕй ацӕуы, ауадзы нӕ ӕвиппайды. Уӕлдӕр скъолайы фӕстӕ Нинӕ кусын райдыдта иу куыстуаты, никӕй дзы зыдта. Уыцы агъуысты ӕрыгон нӕлгоймаг бацархайдта, цӕмӕй чызджыты ‘ргом аздаха йӕхимӕ, ууыл. Ӕмӕ йӕ къухы бафтыд. Иннӕты астӕу Нинӕ уый федта. Бӕрзонд, хӕрзконд, хӕдтулгӕйӕ-иу куы рахызт — цӕст ӕм не ‘фсӕсти кӕсынӕй. Цыдысты бонтӕ, ӕмӕ чызг ӕнкъарын райдыдта, йӕ зӕрдӕйы арт судзын кӕй райдыдта. Райсомӕй-иу раздӕр ӕрбацыди куыстмӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст рудзынджы раз, йӕ хӕдтулгӕ-иу ӕрлӕууыд йӕ кусӕнуаты рудзынджы комкоммӕ. Изӕрӕй-иу хӕдзармӕ нӕ цыд Нинӕ, цалынмӕ-иу ӕнӕзонгӕ нӕлгоймаг ацыд, уӕдмӕ. Йӕ ном ӕмӕ йын йӕ мыггаг дӕр нӕ зыдта, уый фӕстӕ сӕ базыдта. Фӕлӕ… Нӕлгоймаг куы банкъардта, чызг ӕм йе ‘ргом аздӕхта, уӕд «лидзӕг фӕци» къудзитӕм, йӕ фӕсонтӕ йӕм равдыста. Куы-иу сӕмбӕлдысты, уӕд ӕй, Нинӕ, цыма нӕ уыны, йӕхи афтӕ скодта.
Йӕ хӕдтулгӕйы ӕндӕр сылгоймӕгты ралас-балас кодта. Цыдысты азтӕ, царди йӕ уарзтимӕ чызг. Нӕлгоймаг та калдта ихдон Нинӕйы зӕрдӕйы артыл, фӕлӕ уый уӕддӕр нӕ куымдта ахуыссын. Ӕхсӕв-бонмӕ нӕ фынӕй кодта чызг, цӕссыг йӕ рустыл уади…
Хъуыддӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, иууылдӕр Хуыцауы къухы сты. Уый куыд зӕгъа, афтӕ уыдзӕн.
Иу аз Нинӕиты куыстад аивтой ӕндӕр агъуыстмӕ. Чызг йӕхицӕн бынат нал ардта. Ныр ма, зӕгъы, куыд цӕрдзынӕн, уыцы хӕрзконд адӕймаджы куы нал уынон, уӕд. Раздӕрау райсомӕй куыстмӕ нал тындзыдта, изӕрӕй та-иу ӕй тагъддӕр фӕндыди сӕхимӕ ацӕуын…
Артмӕ сугтӕ куы нӕ ӕппарай, уӕд ын искуы уӕддӕр ӕнӕахуысгӕ нӕй.
Фыццаг хатт куы федта Нинӕ ӕнӕзонгӕ ӕрыгон нӕлгоймаджы, уӕдӕй рацыди авд азы. Гыццылгай ӕнкъарын райдыдта, йӕ зӕрдӕйы цы пиллон арт сыгъд, уый мынӕг кӕнын кӕй райдыдта.
Нӕлгоймаг уый куы бамбӕрста, уӕд алы ӕфсӕнттӕй бон дыууӕ хатты цыд чызджы куыстмӕ, телефонӕй-иу ӕм ӕрбадзырдта…
Фӕлӕ, ихдон цы артыл ныккалай, уый нал ссудздзӕн…
Дыууӕ цӕстӕнгасы
Сӕмбӕлдысты дыууӕ цӕстӕнгасы. Сӕ бон нал у кӕрӕдзийӕ сӕхи атонын. Цыдӕр тых сӕ ӕлвасы кӕрӕдзимӕ. Иу цӕстӕнгас дзуры: «О, уайых фӕуай, куыд тынг дӕ уарзын. Бамбар мӕ, бамбар. Арӕх дӕ уынын мӕ фыны. Мӕ бон нал у ӕнӕ дӕу. Фӕлӕ дын нӕма уӕндын мӕ зӕрдӕ раргом кӕнын. Тӕрсын, тӕрсын, куы нӕ мӕ бамбарай. О Хуыцау, цы кӕнон?! Уӕд та, уӕд та дын зӕгъин мӕ уарзты тыххӕй?…»
Иннӕ цӕстӕнгас ӕфсӕрмыгӕнгӕ дзуапп дӕтты:
«Ӕз дӕр дӕ уарзын, уарзын. Фӕлӕ дын куыд нӕ зӕгъон мӕ уарзты тыххӕй. Ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн. Ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, кӕд мын раргом кӕнай дӕ зӕрдӕ. Мӕ ныфс!… Мауал мӕ ‘мбӕхс дӕ уарзт…»
Дыууӕ цӕстӕнгасы бамбӕрстой кӕрӕдзи… Дыууӕ цӕстӕнгасы…
(Радзырдты ӕмӕ уацауты чиныг «Зӕриндаг»-ӕй)














