Ирон фарны сатӕг суадон

0
601

Нарты Сатанайау, фӕрнджын ирон сылгоймаг, Дауыраты-Сланты Зойӕйы (Дауырӕ) Ирыстоны чи нӕ зыдта, ахӕм, ӕвӕццӕгӕн, стӕм разындзӕн. Зыдтой йӕ, фыццаджыдӕр йӕ рӕдау, йӕ парахат зӕрдӕйы тыххӕй. Ӕмӕ ахӕм адӕймаг куы нӕ уыдаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, литературӕйы дӕр, ӕрфӕны фӕдау, нӕ баззадаид йӕ фӕд.

Цӕгат Ирыстоны адӕмон фыссӕг, поэт, публицист, Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисы уӕнг, РЦИ-Аланийы Культурӕйы сгуыхт кусӕг Дауыраты-Сланты Зойӕ (Дауырӕ) литературӕмӕ ӕрбацыд культурӕ ӕмӕ аивады куысты стыр фӕлтӕрддзинадимӕ. Чиныгкӕсджытӕ йӕ тынгдӕр зонынц йӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ радзырдтӕй. Уӕлдай зӕрдиагдӕрӕй фыста кӕстӕр фӕлтӕрӕн ӕмӕ сын уыдысты стыр хъомыладон фӕрӕз. Зындгонд сты йе ‘мдзӕвгӕты ӕмбырдгӕндтӕ: «Курдиатгур», «Сӕдӕйы сӕр», «Азӕлд», «Фӕрдыг», «Дуджы улӕфт». Сывӕллӕттӕн фыст ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ радзырдтӕ: «Мӕ къонатӕ, мӕ хуртӕн», «Иуӕй фондзмӕ уал нымайӕм», «Мӕргъты паддзах», «ӕз ӕмӕ ды», «ӕрдхӕрдтӕ».

Ӕмӕ ныр мӕнӕ, йӕ мӕлӕты фӕстӕ, Дауырӕйӕн рацыд цӕхӕркалгӕ чиныг, Дзиуаты Батрадзы ныв «Зымӕг»-ӕй фӕлгонцгондӕй. Радзырдты чиныг «Хуындзау» рухс федта рауагъдад «Ир»-ы кусджыты фӕрцы: сӕйраг редактор Тъехты Тамерлан, директор — Таутиаты Хъазыбег, рауагъды редактор — Дзуццаты Зӕлинӕ.

Куырой, дам, доныл куыд у арӕзт, хӕдзар та, дам, сылгоймаджы фарныл афтӕ лӕууы, ӕмӕ Дауырӕйы чиныджы радзырдты сӕйраг архайджытӕ дӕр сылгоймӕгтӕ сты. Сылгоймаг цавӕрфӕнды рӕстӕджы ма цӕра, уӕддӕр йӕ цард ӕмыдзӕг у бирӕ алыхуызон цаутӕй, йӕ цард та ӕнцон нӕ вӕййы. Зӕгъӕн ис, сӕрмагонд хӕстӕ йын ис царды. Уый тыххӕй фыссы йӕ чиныджы Дауыраты Зойӕ.

Зӕрдӕмӕхъаргӕ сты йӕ радзырдтӕ: «Фӕрдыг къаба», «Хуындзау», «Сӕрбӕттӕн», «Мады цӕсгом», «Горӕтаг чындз»… Радзырдты чиныг «Хуындзау» чи бакӕса, уый фӕсмон нӕ фӕкӕндзӕн, фӕлӕ суадздзӕн йӕ дойны. Ирон фарны сатӕг суадонӕй.

Абайты Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here