«Ацы уӕлӕмхасӕн разыйы документы фӕзынд баст у, бюджет пандемийы рӕстӕг цы ивддзинӕдтӕ бавзӕрста, уыдонимӕ. Уыцы ӕххуыс тынг фӕахъаз ис регионӕн, 2021-2024 азты фӕивдзысты сӕ бафидыны ӕууӕлтӕ, мах хъуамӕ арф ахъуыды кӕнӕм, царды нӕ рӕвдз цавӕр проекттӕ саразын хъӕудзӕн, ууыл. Уыдон хъуамӕ уайтагъд ӕфтиӕгтӕ дӕттын райдайой», — знон РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз йӕ хъуыдытӕ загъта нӕ республикӕйы бюджеты кадавардзинад сӕхгӕныны мадзӕлтты тыххӕй.
Хицауады ӕмбырды архайджытӕ куыстой онлайн-бастдзинады фӕрцы. Финансты министры хӕдивӕг Андиаты Зӕринӕ рӕгъмӕ рахаста, РЦИ-Аланийы бюджеты кадавардзинад сӕхгӕныны тыххӕй уӕлӕмхасӕн разыйы гӕххӕтт. Уый ма фӕбӕрӕг кодта, Дыгуры районы бюджет банывыл кӕныны мадзӕлттӕ. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, районӕн радтын хъӕуы дотацитӕ зымӕгмӕ хуызӕнӕн бацӕттӕ кӕныны тыххӕй. Ис сӕм цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады къабазы тыхстаг фарстытӕ.
Ахӕм уыд Ӕрӕфы районы бюджетӕн баххуыс кӕныны фарст дӕр. Андиаты Зӕринӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, районӕн радих кӕнын хъӕуы 11 милуан сомӕй фылдӕр. Хъуамӕ сӕвӕрой зынгсирвӕзты ныхмӕ сигнализаци, уынгты рухсгӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ. Кировы районы бюджет банывыл кӕнынӕн та хъуамӕ уӕлӕмхасӕн радих кӕной 3 милуан сомӕй фылдӕр. Змейкӕйы станицӕйы цӕрджытӕ фарон фембӕлды рӕстӕг рӕгъмӕ рахастой спортивон зал саразыны куырдиат.
Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ацы аз тынг бирӕ спортивон объекттӕ аразынц федералон ӕмӕ республикон ӕхцаты фӕрцы. «Ныхас кодтон хъӕуыхицауимӕ, хъуамӕ ноябры кӕронмӕ арӕзтад фӕуа, уӕд станицӕйы цӕрджытӕн фӕзындзӕн спортӕй архайыны фадат», — загъта Тускъаты Таймураз.
Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбиаты Барис куыд радзырдта, афтӕмӕй ведомствӕ бацӕттӕ кодта «Фӕцӕрынӕн ӕппынкъаддӕры бӕрцимӕ ӕфтиагджын цӕрджыты хай фӕкъаддӕр кӕныны» республикон программӕ. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, уый у Уӕрӕсейы Президенты уынаффӕ. Программӕмӕ бахастой, ныллӕг ӕфтиагджын цӕрджыты къорды социалон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны нысантӕ.
Тускъаты Таймураз куыд бацамыдта, афтӕмӕй хъуыддаг у тынг ахсджиаг, царды йӕ рауадзын та — уымӕй вазыгджындӕр. «Ахадгӕ хуызы йӕ алыг кӕныныл архайдзысты бирӕ министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕтӕ, бынӕттон хицауад. Алы азӕн дӕр дзы фыст ӕрцыд бӕлвырдгонд хъуыддӕгтӕ. Хъуамӕ ма дзы фӕбӕрӕг кӕнӕм бӕрнон адӕймӕгты дзуапдӕттӕн рӕстӕг. Хъуамӕ сӕм-иу байхъусӕм, афтӕмӕй программӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хӕсдзыстӕм ивддзинӕдтӕ», — фӕбӕрӕг кодта Хицауады Сӕрдар.
Хуыбиаты Барис ма рӕгъмӕ рахаста, 2020 азӕн бюджетон хӕсты гӕрӕнбӕрц сисыны тыххӕй фарст. Куыд бацамыдта, афтӕмӕй, сӕрмагонд уавӕрты архайгӕйӕ, фӕзынд кредитон ӕфстау, уымӕ гӕсгӕ куры, цӕмӕй гӕрӕнбӕрц сисой. Тускъаты Таймуразы хатдзӕгмӕ гӕсгӕ, кредитон ӕфстӕутты бӕрц фӕкъаддӕр кӕныныл тынг архайынц, ныр дӕр уымӕ хъуамӕ уа уӕлдай цӕстдард.
Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина куыд радзырдта, афтӕмӕй сфидар кӕнын хъӕуы сывӕллӕтты информацион ӕдасдзинады, информацион продукци уадзыны ӕмӕ йӕ зилдухады программӕ 2021-2027 азтӕн.
Хицауады Сӕрдары фиппаинагмӕ гӕсгӕ, бирӕ архайӕг тыхты дунейы сывӕллӕтты информацион ӕдасдзинадыл ӕнцон дзурӕн нӕу. Уӕдӕ йӕ зилдухмӕ дӕр хъуамӕ уа цӕстдард.
Ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы ведомствӕйы разамонӕджы хӕдивӕг Моурауты Мӕирбег та фӕбӕрӕг кодта ацы аз октябр-ноябры Цӕгат Ирыстоны хъӕутӕ ӕмӕ горӕттӕ санитарон ӕгъдауӕй ссыгъдӕг кӕныны фарст, уымӕй дарддӕр, ӕрыдоны доны былгӕрӕттӕ сфидар кӕныны тыххӕй бадзырд адарддӕр кӕныны куырдиат.
Йӕхи ӕхцайӕ спайда кӕнгӕйӕ, хӕдзары арӕзтады чи балӕууыд ӕмӕ сайды чи фӕцис, уыцы граждӕнтӕн баххуыс кӕныны нысанимӕ арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министры хӕдивӕг Куыцыкты ӕнзор рӕгъмӕ рахаста пълан-график. Уырдӕм бахастой, сӕ бартӕ кӕмӕн фехӕлдтой, уыцы граждӕнты номхыгъд. Ныртӕккӕ, йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, граждӕнтӕн фидынц компенсацитӕ, Тогъойы-фырты уынджы та аразынц хӕдзар. Инвесторты хардзӕй дӕр цыппар хӕдзары аразынц.
Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕ фидаргонд ӕрцыдысты.
Бутаты Эльзӕ














