Терроризмы ныхмӕ архайды мадзӕлттӕ

0
383

Битарты Вячеслав дзы сӕрдариуӕг кодта, афтӕмӕй уыд РЦИ-Аланийы терроризмы ныхмӕ архайды фарстыты фӕдыл къамисы радон ӕмбырд. Фембӕлды архайджытӕ ӕркастысты цалдӕр ахсджиаг фарстмӕ.

Видеоконференцийы бастдзинады фӕрцы цы ӕмбырд сарӕзтой, уым архайдтой республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг — ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан. Терроризмы ныхмӕ фарстыты фӕдыл къамисы секретар Олег Баранов, министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕ, стӕй ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ.

Ӕмбырды архайджытӕ бӕстон ӕрдзырдтой, транспортон инфраструктурӕйы объекттӕ ӕмӕ транспортон фӕрӕзтӕ террористон фӕзындтытӕй куыд хъахъхъӕд цӕуынц, ууыл. Ацы хъуыддагыл кусгӕйӕ, Цӕгат Ирыстоны Промышленност ӕмӕ транспорты министрад ӕмархайд кӕны контролон-цӕстдарӕн ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтимӕ.

Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министры хӕдивӕг Алыккаты Алан йӕ раныхасы лӕмбынӕг радзырдта, республикӕйы хицауады ӕххӕстгӕнӕг оргӕнты разамонджытӕ ӕмӕ специалисттӕ се ‘ххӕстбарты фӕлгӕты террористон фӕзындтытӕй бахъахъхъӕныны мадзӕлттыл куыд кусынц, уый тыххӕй. Министры хӕдивӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, уӕлдӕр амынд специалистты къордӕн хӕстӕгдӕр рӕстӕг сараздзысты радон ахуырадон курсытӕ. Зӕгъӕм, министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты бӕрнон кусджытӕ ӕмӕ специалистты фыццаг къордӕн ахуыртӕ сараздзысты 19-23 октябры. Уыцы къордӕн сӕрмагонд лекцитӕ бакӕсдзысты ӕмӕ амынддзинӕдтӕ ратдзысты Терроризмы ныхмӕ архайды къамисы аппараты кусджытӕ, Мидхъуыддӕгты министрад ӕмӕ иннӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты специалисттӕ.

Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбиаты Барис куыд радзырдта, афтӕмӕй фӕстаг азты Уӕрӕсемӕ ӕрбаластой, сӕ ныййарджытӕ алыхуызон гӕрзифтонг быцӕуты (ныхас цӕуы Сири ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕстӕтыл) тӕлмыты кӕмӕн фесӕфтысты, уыцы сывӕллӕтты цалдӕр къорды. Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ Ирыстоны ис ӕртӕ ахӕм сывӕллоны. Уыдоны бакодтой сӕ хӕстӕджыты бӕрны. Уыимӕ, сӕ ныййарджытӕ цы баисты, уый абоны онг нӕ рабӕрӕг. Хуыбиаты Барис куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй министрады специалисттӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ бабӕрӕг кӕнынц, сывӕллӕттӕ кӕм цӕрынц, уыцы бинонты, ӕркӕсынц сын сӕ уавӕртӕм. Сӕрмагонд мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй уыцы сывӕллӕтты ахуырад ӕмӕ фӕлладуагъд ӕмбӕлгӕ уагыл уой.

Цӕрӕнуаты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн радзырдта, артаджы-энергетикон комплексы инфраструктурӕйы объекттӕ террористон фӕзындтытӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй федералон закъоны уагӕвӕрдтӕ Цӕгат Ирыстоны куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уый тыххӕй. Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, сӕрмагонд къамис иудадзыг йӕ цӕст дары электростанцӕтӕ, донцъирӕнтӕ, газуадзӕн хызӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм объектты уавӕрмӕ.

Террористон фӕзындтытӕ ма ‘руадзын ӕмӕ экстремизмы идеологи парахат кӕнынӕн гӕрӕнтӕ ӕвӕрыны куыст кӕны Национ ахастдзинӕдты фарстыты фӕдыл министрад дӕр. Министр Цуциты Аслан йӕ раныхасы фӕбӕрӕг кодта, уыцы профилактикон куыст цавӕр фӕткы бындурыл арӕзт цӕуы, уый. Цуцийы-фырты ныхас баххӕст кодтой таджикӕгты ӕхсӕнадон иугонд «Памир»-ы сӕрдар Арсен Худододов ӕмӕ Узбекӕгты ӕппӕтуӕрӕсеон конгрессы цӕгатирыстойнаг хайады сӕрдар Суяркул Ураков.

Раныхасгӕнджытӕ куыд фӕнысан кодтой, афтӕмӕй хицауады оргӕнтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон иугӕндты архайды стыр ӕргом здӕхт цӕуы ахуырдзаутӕ ӕмӕ кусӕг фӕсивӕды раст зондыл ӕфтауынмӕ, терроризм ӕмӕ экстремизмы идеологийӕ ӕрыгон фӕлтӕры бахъахъхъӕнынмӕ. Диаспорӕты минӕвӕрттӕ Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕгӕн бузныг загътой, республикӕйы разамынд йе ‘рвылбоны архайды алы адӕмты ‘хсӕн нывыл ахастдзинӕдтӕ фидардӕр кӕныны хъуыддагмӕ стыр ӕргом кӕй здахы, уый тыххӕй.

Уыимӕ, боны фӕткы фарстытыл дзургӕйӕ, Битарты Вячеслав фӕнысан кодта, хицауады ӕххӕстгӕнӕг оргӕнтӕ, бынӕттон хиуынаффӕйад ӕмӕ национ-культурон ӕхсӕнадты ӕнгом ӕмгуыстад уӕлдай ахсджиаг кӕй у, уый. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ахӕм ӕнгом ӕмархайд хъуамӕ арӕзт цӕуа иудадзыгон бындурыл.

— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хицауады оргӕнтӕ хъуамӕ алкӕддӕр ӕппӕтвӕрсыг ӕххуыс кӕной национ-культурон иугӕндтӕн. Цӕмӕй фӕсивӕд кӕрӕдзийы хуыздӕр зоной, цӕмӕй сын уа фылдӕр иумӕйаг фӕрныг нысантӕ, уый тыххӕй хъӕуы аразын бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ. Уымӕн ӕмӕ бӕлвырд у — ахӕм дзыллон мадзӕлтты рӕстӕг райгуырынц хӕлардзинады тӕгтӕ, фӕхъомысджындӕр вӕййы ӕхсӕнадон фидыд, — кӕронбӕттӕны бафиппайдта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг.

Къамисы уӕнгтӕ ӕркастысты ӕндӕр фарстытӕм дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here