Хӕрзхъӕд фӕндӕгтӕ — Ирыстоны нывыл цард ӕмӕ экономикӕйы размӕцыды бындур

0
252

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты цур ӕхсӕнадон советӕн уыд ӕмбырд. Амыдта йӕ РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Кӕсӕбиты Игор.

Советы уӕнгтӕ байхъуыстой, национ проект «Ӕдас ӕмӕ хӕрзхъӕд автомобилон фӕндӕгтӕ» Цӕгат Ирыстон-Аланийы куыд ӕххӕстгонд цӕуы, стӕй, 2021 ӕмӕ 2022 азты комитет цы пълантӕ ӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ размӕ цы нысантӕ ис, уый фӕдыл Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты сӕрдар Солиты Тариэлы докладмӕ.

Куыд раныхас кодта, афтӕмӕй республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав йӕ куысты сӕргъы цы бон ӕрлӕууыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕндӕгты арӕзтады къабазы уавӕр хуыздӕрӕрдӕм цӕхгӕр аивта. Арӕзт ӕрцыд республикӕйы фӕндӕгты хызӕг райрӕзын кӕныны сӕрмагонд программӕ. Инвестортӕ дӕр ӕм се ‘ргом ӕрбаздӕхтой. 2016 азы кӕронмӕ арӕзт ӕрцыд фӕндаг «Цыкола — Мӕцутӕ — Комы-арт», хид Дур-Дуры хъӕуы. 2018 Алагиры районы арӕзт ӕрцыд дыууӕ хиды — Црауы ӕмӕ Бирӕгъзӕнджы. Ацы аз та дзы цалцӕггонд ӕрцыд фӕндӕгты 19 километры. Ног фӕндӕгты арӕзтады ӕмӕ сӕ цалцӕггӕнӕн куыстыты алы ран дӕр пайдагонд цӕуы нырыккондӕр технологитӕй ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй.

2019 азы комитет ӕххӕст кӕнын райдыдта сӕрмагонд программӕ «Ӕдас ӕмӕ хӕрзхъӕд автомобилон фӕндӕгтӕ». Уый аххӕсдзӕн 2024 азмӕ. Программӕмӕ гӕсгӕ, 2019 азӕй 2024 азмӕ республикӕйы фӕндӕгты арӕзтадӕн алы аз дӕр лӕвӕрд цӕудзӕн 496 милуан сомы федералон бюджетӕй ӕмӕ 156 милуан сомы — республикӕйы бюджетӕй. Солийы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, 2020 азы горӕты цалцӕггонд ӕрцыдысты 24 уынджы, регионалон фӕндӕгтӕй та — авд километры. Ацы аз куыстытӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕныны тыххӕй Уӕрӕсейы Федерацийы фӕстауӕрцы фондӕй уӕлӕмхасӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн 150 милуан сомы. Ӕдӕппӕт фӕстаг цыппар азмӕ цалцӕггонд ӕрцыд 47 автомобилон фӕндаджы, кӕнӕ та 234 километры, хидтӕ — 267 метры.

Республикӕйы разамынды ‘рдыгӕй уӕлдай стыр ӕргом здӕхт цӕуы Мӕздӕджы районы фӕндӕгты арӕзтадмӕ. Районы алы хъӕумӕ, алы станицӕмӕ цӕуӕг ног фӕндаг цалынмӕ нӕ фӕзына кӕнӕ зӕронд фӕндаг цалцӕггонд цалынмӕ не ‘рцӕуа, уӕдмӕ Мӕздӕджы районы фӕндӕгтӕ аразыны куыст нӕ фӕмынӕг уыдзӕн — ахӕм у, Битарты Вячеслав комитеты раз цы хӕс сӕвӕрдта, уый, ӕмӕ ӕххӕстгонд цӕуы. Хицӕн ныхасы аккаг у, Мӕздӕджы район республикӕйы иннӕ районтимӕ чи сбӕтдзӕн ӕмӕ йӕ хӕстӕгдӕр чи фӕкӕндзӕн, уыцы фӕндаг «Хурыхъӕу-Мӕлгъӕвӕг-Мӕздӕг»-ы арӕзтад. Ныртӕккӕ йӕ цӕттӕдзинад, комитеты сӕрдары ныхасмӕ гӕсгӕ, у 70 проценты. Ацы азы кӕронмӕ фӕндаг уыдзӕн цӕттӕ. Иннӕ ахӕм, туристон комплекс «Мамысон»-имӕ баст фӕндӕгты арӕзтад. Ныридӕгӕн уал ын федералон бюджетӕй дихгонд ӕрцыд 200 милуан сомы. Фӕндаг хъуамӕ цӕттӕ уа 2021 азы кӕронмӕ.

Ӕппӕт ацы куыстытӕ республикӕйы нывыл цардыл, йӕ экономикӕйы размӕцыдыл хуыздӕрӕрдӕм кӕй фӕзындзысты, уый гуырысхойаг нӕу. Солиты Тариэлы ныхасмӕ гӕсгӕ, 2024 азмӕ республикӕйы фӕндӕгтыл цы цӕстдарды камерӕтӕ ис, уыдоны нымӕц дыууӕ хатты фӕфылдӕр уыдзӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕ ахъаз сты, фыццаджыдӕр, адӕмы ӕдасдзинадӕн. Сӕ фӕрцы фӕндагон фыдбылызты чи сӕфы, уыдоны нымӕц дыууӕ хатты фӕкъаддӕр уыдзӕн.

Советы уӕнгтӕ куыд фехъуыстой, афтӕмӕй, Уӕрӕсейы регионты ‘хсӕн Цӕгат Ирыстон ахсы фӕндзӕм бынат, хуыздӕр фӕндагон инфраструктурӕ, хуыздӕр фӕндӕгтӕ кӕм ис, уыцы цӕстӕй акӕсгӕйӕ, ӕмӕ уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у разӕнгарддзинад ӕмӕ сӕрыстыры хос.

Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты цур ӕхсӕнадон советы ӕмбырды ма раныхас кодта Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы амалхъомты бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл ӕххӕстбарджын Медойты Тимур. Уый дзырдта Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты ӕмӕ республикӕйы бизнес-ӕмӕхсӕнады ӕнгом куысты фарстытыл. Куыд загъта, афтӕмӕй, Цӕгат Ирыстоны ахсджиагдӕр фарстытӕм, йӕ уавӕрмӕ, бӕлвырддӕр, фӕндӕгты уавӕрмӕ нӕ бӕстӕйы разамынд ахӕм стыр ӕргом кӕй аздӕхта, уый у комкоммӕ нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ӕнтыстджын архайды ‘руаджы. Медойы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты архайдӕй разы кӕй нӕу, уый фӕдыл фӕстаг цыппар азмӕ иунӕг хъаст дӕр нӕ уыд нӕдӕр амалхъомтӕй, нӕдӕр куыстытӕ ӕххӕстгӕнӕг организацитӕй. Уый дзурӕг у комитеты ӕнӕзӕрдӕхудт архайдыл. Куыстытӕ ӕххӕстгӕнӕг организацитӕй комитетӕн уыд рагон хӕс, миллиард сомӕй фылдӕр. Ныртӕккӕ иунӕг подрядон куыстуатӕй дӕр комитет хӕс нӕ дары.

Уымӕй уӕлдай, Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты цур ӕхсӕнадон советы уӕнгтӕ ӕрныхас кодтой республикӕйы фӕндӕгты арӕзтадимӕ баст ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл. Сӕ хъуыдытӕ загътой республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Кӕсӕбиты Игор, Чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомады ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнадон организаци «Деловая Россия»-йы цӕгатирыстойнаг регионалон хайады сӕрдар Ӕбиты Раман, уыцы организацийы ӕххӕстгӕнӕг директор Хохойты Этери, Базарадон-промышленнон палатӕйы сӕрдар Тугъанаты Хъазыбег, Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы ӕхсӕнадон палатӕйы нымӕрдар Нинӕ Чиплакова ӕмӕ иннӕтӕ.

ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here