Ацы бонты Бетъырбухы Национ ӕфсӕдты маршӕл Жуковы номыл институт бӕрӕг кӕны йӕ сарӕзты 76 азы. Уыцы зӕрдылдарӕн цауы кадӕн институты уыд ӕмбырд.
Уым кад кодтой институты хуыздӕр курсанттӕн. Уыдоны ‘хсӕн — не ‘мзӕххон Хамид Кузаков дӕр. Хамидӕн Кады грамотӕ саккаг кодтой, ахуырад ӕмӕ службӕйы хъӕппӕрисджынӕй кӕй архайы, уый тыххӕй.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Хамид Кузаков у Мӕздӕджы Сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинаг. Иу афон ӕвзонг лӕппу йӕ царды нысанты тыххӕй рахабар кодта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг ауды уыцы кӕстӕрыл. Лӕппу йӕхӕдӕг дӕр куыд зӕгъы, афтӕмӕй йын Битары-фыртимӕ фембӕлд ахъаз фӕци йӕ царды дарддӕры нысантыл бӕстондӕр ахъуыды кӕнынӕн. Уӕд республикӕйы разамонӕг хъомылгӕнджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй лӕппуйӕн уа уӕлӕмхасӕн ахуырад райсыны ӕмӕ дарддӕры фӕлварӕнтӕм хуыздӕр бацӕттӕ кӕныны фылдӕр фадӕттӕ.
Ӕмӕ ныр Хамид сси Национ ӕфсӕдты институты курсант. Не ‘мзӕххон фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ ахуырадмӕ стыр зӕрдӕргъӕвддзинад кӕй ӕвдисы, уый хынцгӕйӕ, Битарты Вячеслав Бетъырбухы ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕн бахӕс кодта, цӕмӕй лӕппумӕ иудадзыг сӕ цӕст дарой.
Нӕ уацхӕссӕг














